Республикæ Хуссар Ирыстоны Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ цардуагон лæггæдты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Хицауады номæй уын арфæ кæнын профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадыджы специалисттыл ис егъау бæрндзинад æмбæстæгты комфортон уавæртæ аразыны фæдыл. Уæ æрвылбонон архайдтытæй скъуыддзаг цæуынц  цæрджыты цардуагон лæггæдты, цæрæнуатон фонд дарын æмæ цалцæг кæнын, донифтонгады, хъармдзинад ифтонг кæнын, брæттæ ласын, æппæт фадыджы стабилон куысты фарстытæ.

Фæстаг азты бирæ арæзт æрцыд, цæмæй республикæйы цæрæнуатон-коммуналон комплексы куыст фæхуыздæр уа. Комфортон горæтон алфæмблай аразыны программæйы фæлгæтты хуыздæр цæуынц хæдзæртты раз кæртытæ, æхсæнадон тыгъдад, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр кæнынц республикæйы цæрджыты царды уавæртæ, фадат дæтты позитивон ивындзинæдтæ фæхатынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ацы нысаниуæгджын боны уын бузныджы ныхæстæ зæгъын уæ цæсгомджын куысты тыххæй!

Мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæ бинонтæн  фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.