Хъæууон хæдзарады фадыджы цытджын кусджытæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын уæ бæрæгбоны – Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады кусæджы боны сæраппонд.

Фæнды мæ сымахæн зæгъын арфæйы ныхæстæ уый тыххæй, æмæ æгæрыстæмæй республикæйæн иууыл уæззаудæр рæстæджыты дæр сымах уарзтат уæ зæхх æмæ йæ куыстат. Гуырдзиаг агрессийы азты уæ куыст уыд хуыздæр æвдисæн уымæн, æмæ нæ паддзахадæн кæй ис фидæн, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн æнæмæнгæй сæ къухты кæй бафтдзæн сæ нысан – сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Хъæууон хæдзарад у хуссарирыстойнаг экономикæйы ахсджиагдæр фадгуытæй иу. Уæ разы лæууы паддзахады хæлцадон æдасдзинад сифтонг кæныны ахсджиагдæр хæс. Республикæйæн æнæмæнгхъæуæг у йæхи агросæудæджерадон комплекс рæзын кæнын, гъæдджын æмæ экологион æгъдауæй сыгъдæг продукци уадзынмæ æрæвналын æмæ æддагон, иууыл фыццаг та – уæрæсейаг базармæ рахизын.

Паддзахад ахъаззаг æххуыс кæны фадыгæн æмæ фидæны кæны ноджы йын йæ гуырахст фæфылдæр кæныны фæнд. Уæлдай хъусдард здæхт цæудзæн хъæуты царды гъæд фæбæрзонддæр кæнынмæ. Уырны мæ, уæ куыстуарзондзинад æмæ курдиат фадат кæй ратдзысты Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады раз лæууæг хæстæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнынæн.

Ноджы дæр уын иу хатт арфæ кæнын уæ бæрæгбоны сæраппонд. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

 

 

* * *

Хъæууон фæллойгæнджытæ, хъæууон хæдзарады фадыджы цытджын ветерантæ æмæ кусджытæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Хъæууон хæдзарады кусæджы боны сæраппонд!

Ацы бæрæгбон баст у æппæт уыдонимæ, зæххыл чи цæры æмæ фæллой чи кæны хæлцадон сæудæджерады куыстуæтты чи кусы, кæд бирæнымæц зындзинæдтæ æвзарынц, уæддæр фосдарды æмæ зæххы куыст чи кæны.

Хуссар Ирыстоны фидæны тыххæй агросæудæджерадон комплексæн егъау нысаниуæг кæй ис, уымæ гæсгæ йæм республикæйы къухдариуæгад здахы стыр хъусдард. Æххæст цæуынц хъæууон хæдзарады инвестицион проекттæ, Хицауады хъусдарды бын сты хуымзæххытæ сæндидзын кæнын, фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты рæзты фарстытæ.

Махмæ фаг ис хъæуы цæрын кæй фæнды, ахæм амалиуæгджын æмæ хъæппæрисджын адæймæгтæ. Ахсджиаг у, уыдонæн уавæртæ саразын, цæмæй хуыздæр цардагур ма цæуой райгуырæн зæххытæй. Уымæ гæсгæ хицауады органты раз лæууæг ахсджиагдæр хæслæвæрдтæй иу у районты царды гъæд æмæ æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уæ профессионализм æмæ равзаргæ хъуыддагыл æнувыддзинад сты кады аккаг. Нæ сæртæй уын ныллæг кувæм, хъæууонхæдзарады фадыджы кусджытæ уæ удуæлдай æмæ цæсгомджын куысты тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ æнтыстытæ уæ куысты.

РХИ-йы Хицауады

Сæрдар Пухаты Эрик

 

 

* * *

Хъæууон хæзарады цытджын кусджытæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Хъæууонхæдзарады кусæджы боны сæраппонд.

Хъæууон хæдзарад у Хуссар Ирыстоны экономикæ-йы ахсджиаг хай. Хъæууонхæдзарад сæндидзын кæныны фарст ис нæ республикæйы къухдариуæгады лæмбынæг хъусдарды бын æмæ æппæт тыхтæй дæр архайынц ацы ахсджиаг хæс аскъуыддзаг кæныныл. Æнæ-мæнгæй кусын хъæуы фадыг сæндидзын æмæ рæзын кæныныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уæ куыст æнцон нæу, фæлæ у æнтыстджын æмæ хъæуæг. Æрмæстдæр зæхх æцæг уарзтæй чи уарзы, йæ хъуыддагыл æнувыдæй чи баззайы, уыдонæн бантысы хъæздыг тыллæг райсын.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, иууыл хуыздæр æнтыстытæ æмæ дидинæфтыд.

РХИ-йы Парламенты

Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.