Луганскы Адӕмон республикӕйы Сӕргълӕууӕг Леонид Пасечникӕн

Цытджын Леонид Иваны фырт!

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын дæ гуырæн боны цытæн.

Фæлтæрд къухдариуæггæнæг, цæсгомджын адæймаг, дæ бæстæйы æцæг патриот уæвгæйæ, ды ныфсджынæй æмæ рæстагæй лæггад кæныс Луганскы Адæмон Республикæйæн. Дæ политикон куырыхондзинад, профессионализм æмæ нысанмæ тырнындзинад скодтой дæуæн ном, кад, дæ коллегæты, дæ хæлæртты æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы æппæт адæмы ‘хсæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц дæ архайдæн, кæцы здæхт у не ‘фсымæрон адæмты ‘хсæн хæларадон ахастыты дарддæры рæзт æмæ фидар кæнынмæ.

Ныфс мæ ис, дæ бæрзонд профессионализм æмæ хъуыддагыл æнувыддзинад дын дарддæр дæр æххуыс кæй уыдзысты дæ бæрнджын æмæ вазыгджын архайды.

Ацы нысаниуæгджын бон дын, цытджын Леонид Иваны фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ дæ куысты Луганскы Адæмон Республикæйы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Хъæрæсе-Черкесийы Республикæйы сæргълæууæг Рашид Темрезовæн

Цытджын Рашид Бориспийы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

Абон ды æнтыстджынæй кæныс паддзахадон архайд, зынгæ бавæрд хæссыс Хъæрæсе-Черкесийы адæмы социалон фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынмæ æмæ рæзтмæ.

Ныфс мæ ис, дæ архайд Хъæрæсе-Черкесийы сæргълæууæджы бынаты дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзæн не ‘фсымæрон рес-публикæты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмцæдисдзинады ахастыты дарддæры рæзт æмæ æмцæдисадæн.

Дæ гуырæн боны дын, цытджын Рашид Бориспийы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ дæ бæрнон архайды Хъæрæсе-Черкесийы æмæ Уæрæсейы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ  Анатоли

***

Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы телеканалы кусджытæн

ПТРК телеканал «Ир»-ы цытджын кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын паддзахадон телеканалы куысты райдианы 25 азы сæххæсты цытæн.

ПТРК «Ир» ссис фыдыбæстæйон медиатыгъдады иууыл нымаддæр лидер. Уæ куысты бындуры сты оперативондзинад, бæлвырддзинад æмæ æцæгæйдæр профессионалон ахаст информацийыл бакусын æмæ йæ радæттынмæ.

Нæ бæстæйы хорз имидж аразынæн ахъазгæнгæйæ æмæ ирон адæмы хъæздыг культурон æмæ удварны бынтæ парахат кæнгæйæ, æппæт уыцы азты сымах æнтыстджынæй хъусын кæнут, ахсджиагæй чи хъæуынц, ахæм ног хабæрттæ, царды æххæст кæнут аналитикон, ахуырадон æмæ æндæр цымыдисон проекттæ. Æмæ тынг ахсджиаг у, сымах æдзух сфæлдыстадон агурæнты кæй стут, сымах стыр аргъ кæнут уæ аудиторийæн, тырнут уыдоны интерестæ хынцынмæ.

Ныфс мæ ис, уе ‘мзонд командæйы хъæздыг фæлтæрддзинад æмæ профессионализм кæй ахъаз кæндзысты сымахæн уæ дарддæры æнтыстджын куыстæн Райгуырæн бæстæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн æмæ уæ разылæууæг хæстæ аккагæй скъуыддзаг кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы уæлтæмæнад, уе снысангонд плæнттæ æххæст кæнæт æмæ æппæт хæрзиуджытæй хайджын ут.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

****

Цæрджытæн цæрæнуатон-цардуагон лæггæдтæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Цæрджытæн цардуагон лæггæдты фадыджы æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æппæт рæстæджыты дæр хицæн кодтой егъау бæрндзинад, хъуыддагмæ æмбаргæ ахаст æмæ бæрзонд дæсныдзинадæй. Уæ куысты фæрцы бæстæйы æнæкъуылымпыйæ кусынц паддзахадон уагдæттæ æмæ социалон-ахсджиаг объекттæ, ифтонг цæуы нæ уынгты сыгъдæгдзинад.

Уæ куыстыл æнувыд уæвын æмæ равзаргæ профессийыл иузæрдиондзинады руаджы уын æмбæстæгты ‘хсæн ис аккаг кад. Æмæ мæ ныфс ис, сымах дарддæр дæр оперативонæй æмæ æн-тыстджынæй кæй скъуыддзаг кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ, адæмæн уæ лæггæдты гъæд хуыздæр кæнгæйæ æмæ РХИ-йы экономикæмæ хайбавæрд хæсгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын бон уæлдай бузныджы ныхæсты аккаг сты ацы фадыджы ветерантæ. Бузныг уын бирæ азты дæргъы уæ цæсгомджын куысты тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, уды хъæлдзæгдзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ, сабырад, амонд уæхицæн æмæ уæ бинонтæн дæр!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.