Хъæууонхæдзарадон фадыджы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Хъæууон хæдзарады æнтыстджын рæзт, куыд экономикæйы сæйраг къабæзтæй сæ иу, у эффективон паддзахдзинады ахсджиаг уавæр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны национ æдасдзинады элемент.

Абоны бон хъæууонхæдзарадон фадыджы рæзт у иууыл ахсджиагдæр здæхтытæй сæ иу: реализаци цæуы экономикон рæзты ног программæ, цыран уæлдай хъусдард здæхт цæуы аграрон сектормæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс æмæ рæзын кæныны программæ реализаци кæныны фæлгæтты æххæст цæуы, амалиуæгады субъекттæн æхцайы фæрæзтæ хицæн кæнын льготон кредитты хуызы, паддзахадон бюджеты фæрæзтæй.

Хъæууонхæдзарадон продукцийы сæйраг аразджытæ сты фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарадтæ. Æмæ абон мах кад кæнæм æрмæст профессионалонæй хъæууон хæдзарады фадыджы чи кусы уыдонæн нæ, фæлæ ма хъæуты фæллойгæнджытæн, кæцытæ арха-йынц фосдард æмæ йæ райтынг кæныныл, зайæгойкуысты, сæхи æмæ æндæрты ифтонг кæнынц халсæрттæй, дыргътæй, æхсыры æмæ фыдызгъæлы продукттæй.

Бузныджы ныхæстæ уын зæгъын уæ удуæлдай куысты тыххæй.

Ныфс мæ ис, уæ куыстуарзондзинад, бæрндзинад æмæ хъуыддагыл æнувыддзинад, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад кæй ахъаз кæндзысты æппæт зындзинæдтæ аиуварс кæнын æмæ снысангонд нысæнттæ æнтстджынæй къухты бафтын кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, ног æнтыстытæ, сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

 

 

****

Цытджын хъæууон фæллойгæнджытæ, Агросæудæджерадон фады-джы цытджын ветерантæ!

Хицауады æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын профессио-налон бæрæгбон – Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн.

Ацы боны мах кад кæнæм уыцы адæмæн, кæцытæ сæхицæн равзæрстой аграрийы зын куыст, кæцы домы удуæлдайдзинад, хъæддыхдзинад, перспективæйыл кусыны арæхстдзинад. Цыфæнды хорз ма уа техникон прогресс, æнæ хъæууон хæдзарадæй адæймаг нæ фæцæрдзæн.

Уæ куыст у адæймаджы царды бындур, здæхт у хæлцадон æдасдзинад æмæ бæстæйы экономикæ сфидар кæнынмæ.

Уымæ гæсгæ æххæсткæнынады æмæ закъондæттæн хицауады сæйраг хæс у хъæууон фæллойгæнæгæн баххуыс кæнын. 2022-2025 азты республикæйы рæзты ног программæйы уæрæх сты хъæуæн æххуыс бакæныны хуызтæ, уыцы нымæцы товаруадзджытæн дæр. Æввахс рæстæджыты сæйраг хæсты ‘хсæн ис хъæууонхæдзарадон машинæты парчы теникон æгъдауæй бахæс кæнын, фадыджы кадрон модернизаци.

Цытджын хæлæрттæ!

Бузныг уын, уæ зын куысты, хъæуы традицтæ хъахъхъæныны тыххæй!

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, дидинæфтыд, бинонты фæрныгад æмæ хорз зæрдæйы уаг!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар Бекъойты Геннади

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.