Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста æвзæнгты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпион Бестауты Андрей æмæ йæ тренер Хъоцыты Тамерланы.

Фембæлды ма хайад райстой Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Паддзахады сæргълæууæг æвзонг спортсменæн бузныджы ныхæстæ загъта фидар уæлахизы тыххæй.

«Æппæт дæ арæхстдзинад равдисгæйæ, фенын кодтай, Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæст кæй ис бæрзонд æмвæзадыл. Дæ фыццаг къахдзæф уыд æнтыстджын, мæ цæст дын уарзы фылдæр æнтыстытæ æмæ олимпиаг чемпион суæвын. Ды дæ Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы сæрыстырдзинад», – загъта Бибылты Анатоли.

Зассеты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, Хъоцыты Тамерлан стыр хайбавæрд бахаста спортсмены хъомыладмæ.

«Чемпион хъомыл кæныны       хъуыддаджы тренерон сгуыхтдзинад у стыр. Зæгъæн ис, Хъоцыты Тамерлан æрмæст зондамонæг нæу, фæлæ у æввахс хæлар йæ хъомылгæнинæгтæн»,  –   загъта  Зассеты Сергей.

Йæ рады, Хъоцыты Тамерлан бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм хъарм райсты фæдыл æмæ радзырдта йæ дарддæры плæнтты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.