Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Хицауады рабадты рæстæджы æрдомдта министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæй, цæмæй хыгъд радтой, азы райдианæй фæстæмæ цы куыст бакодтой, уый тыххæй.

«Алы министрады æмæ ведомствойы къухдариуæггæнæг дæр хъуамæ хыгъд æрбавдиса 2019 азы фыццаг æмбисы архайды фæдыл, цæмæй махæн нæ бон суа бакæнгæ куыстæн лæмбынæгдæр анализ скæнын, хæстæ æххæст кæныны хъуыддагмæ нæ хъус æрдарын æмæ дарддæры къахдзæфтæ банысан кæнын», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хицауад хъуамæ куса эффективон режимы, æнгом координацийы æххæсткæнынады хицауиуæгады алыгъуызон æмвæзадты органтимæ æмæ æппæт хицауадон структурæтимæ.

Къуырисæры Хицауады Сæрдарæн фыццаг фембæлд уыдзæн  Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталиимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.