Президент Бибылты Анатоли фембæлд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытимæ. Цыппæрдæс хуыздæр студенты систы Президенты стипендийы хицæуттæ.

Фемæблды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта студенттæн, йæ цæст сын бауарзта дарддæры æнтыстытæ сæ ахуыры æмæ сæ разылæууæг нысæнттæ реализаци кæныны.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта цыфæнды хъуыддажы дæр фæд-фæдылондзинады ахсджиагдзинад. Æнæ уымæй æхсæнад нæ рæздзæн.

«Зынаргъ студенттæ!

Фыццаджыдæр мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын уæ ныййарджытæн, афтæ ма ахуыр кæнынæн нæ университет кæй равзæрстат. Банысан кæнын мæ фæнды университеты профессорон-ахуыргæнджыты сконды куысты бæрзонд æмвæзад. Ахсджиаг у разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнын, уæ фæндагыл цы ныхдуртæ æмæ зындзинæдтæ фæзынынц, уыдонмæ нæ кæсгæйæ. Ныфс мæ ис, сымахæй алчидæр кæй суыдзæн нæ республикæйы арæзтады дарддæргæнæг. Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ ахуыры», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма рахицæн кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты студентты, кæцытæ райстой президентон сти-пендитæ. Уый банысан кодта мадæлон æвзаджы ахджиагдзинад æмæ æрсидт студенттæм, цæ-мæй пайда кæной университет цы ресуртæ дæтты, уыдонæй.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта стипендианттæн ахуыры сæ æнтыстыты æмæ университеты æхсæнадон царды активон архайды тыххæй.

«Цытджын студенттæ, стипендианттæ, мах сæрæстыр стæм сымахæй æмæ уе ‘нтыстытæй æппæт къабæзтæ дæр. Абоны бон ХИПУ-йы студенттæн ахуыр кæнынæн ис иууыл хуыздæр æмæ нырыккон уавæртæ. Мах дарддæр дæр алцыдæр араздзыстæм уæ рæзт æмæ уæ нысæнттæ реализаци кæнынæн», – загъта уый.

Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн æххуысы æмæ Президенты номыл стипендитæ фæфылдæр кæныны тыххæй, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, кусджытæ æмæ студенттæн, бакæнгæ æххуысы тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.