Ног 2020 азыл сæ хæдзæртты сæмбæлгæйæ, Цхинвалы цæрджытæ традицимæ гæсгæ хъæлдзæг зæрдæйыравгимæ æрбамбырд сты Театралон фæзуатмæ. Ногазон æхсæв уым уагъд æрцыд стыр бæрæгбонон концерт Ирыстоны цæгат æмæ хуссары артистты æмæ сæйраг ногазон персонажтæ Митын Дада æмæ Митын чызджы хайадистæй. Хуссар Ирыстоны адæмæн Ног азы цытæн арфæ ракæнынмæ Театралон фæзуатмæ æрбацыд Президент Бибылты Анатоли. «Цытджын æмфыдыбæстæйонтæ! Зынаргъ хæлæрттæ! Æрбалæууыд иууыл хъармдæр бæрæгбон. Акъахдзæф кодтам ног 2020 азмæ. Аивгъуыйгæ аз æрцыд бирæнымæц позитивон ивындзинæдтæ.  Разæй нæм æнхъæлмæ кæсынц ноджы стырдæр æнтыстытæ. Махæн бар нæй, цæмæй ферох кæнæм ирон адæмы геноциды бирæнымæц амæттæгты æмæ хъуамæ саразæм афтæ, цæмæй фидæны фæлтæр цæрой сабыр арвы бын.  Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй алы Ног азыл дæр æмбæлæм ноджы стырдæр æнтыстытимæ. Ног азы хорзæх уæ уæд!», – загъта Президент. 

Зарæггæнджытæ Тасойты Игорь, Бететы Алим, Хъуылымбегты Роберт, Харебаты Вадим æмæ æндæртæ Ног  азы æхсæвы горæты цæрджытæ æмæ уазджытæн рæдауæй лæвар кодтой сæ хуыздæр æмæ уарзондæр зарджытæ. Бибылты Анатоли æмæ йæ бинонтæ дæр цымыдисимæ бакастысты ногазон концертмæ. Традицимæ гæсгæ бæрæгбонон концерты фæстæ уыд ногазон салют. Ногазон æхсæв республикæ арвыста хорз тæлмæнтимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.