Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья» æдзух организаци кæны хæрзаудæн акцитæ, йæ æнæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм æххуысхъуаг æмбæстæгты фарсмæ балæууыны нысанæн. Фонд æрæджы дæр иу ахæм хæрзаудæн згъорд сорганизаци кодта не ‘мбæстаг 36-аздзыд Бестауты Дживерсæн баххуыс кæнын æмæ фæрæзтæ æрæмбырд кæныны тыххæй. Уымæн хъæуы йæ цæстытыл зынаргъ операци скæнын. Сывæллæтты хæрзаудæн фонды фарс балæууыдысты Хуссар Ирыстоны рог атлетикæйы скъола æмæ информацион хъуыддаджы та агентад «Спутник – Хуссар Ирыстон».

Згъорды рæстæджы йæ хайадисджытæн боныгъæд кæд сæ къух нæ арæзта, уæддæр Ногдзауты парчы хистæрæй кæстæрæй слæууыдысты æмæ хайад райстой згъорды. Ногдзауты паркæй Джиоты Аланы проспектыл – дарддæр Мæскуыйы уынгæй Сталины уынгмæ, Харебаты Исахъы уынгыл фæстæмæ Ногдзауты паркмæ – ахæм уыд згъорды дистанци.

Сывæллæтты хæрзаудæн фонды президент Цхуырбаты Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ ацы мадзалы рæстæджы цы фæрæзтæ æрæмбырд уа, уыдон лæвæрд æрцæудзысты Дживерсæн операцийы тыххæй. Операци хъуамæ саразой, кæцы арæзт цæуы фæсарæнты – Израилы.

Ацы æрвылазон згъорды ацы аз хайад райста Джыгкайты Гоша, кæцыйæн уымæй размæ баххуыс кодта фонд. Уымæн уыд лимфома Ходжкинайы диагноз. Бирæ фæхос кодта Израилы æмæ фæуæлахиз йæ низыл. Цхуырбаты Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ ныр Гоша хайад исы фонды алы мадзалы дæр.

Згъорды хайадисæг уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæй æмæ «Спутник-Хуссар Ирыстоны»-ы зæрдылдарæн призтæй.

Фонды президенты ныхæстæм гæсгæ ма Дживерсæн æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæныны нысанæн уагъд æрцæудзæн иу хæрзаудæн мадзал. Кино-концертон зал «Чермен»-ы 3 июлы уагъд æрцæудзæн концерт Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты аивады стъалыты хайадистæй. Уыцы мадзалмæ хуынд цæуынц, не ‘мбæстæгтæй чидæриддæр уæлæхох нæу ацы æххуысхъуаг лæппуйы хъысмæтыл æмæ йæ аккаг хайбавæрд бахæсдзæн ацы хæрзиуæгон хъуыддагмæ. «Чермен»-мæ бахизæны ма æвæрд уыдзæн сæрмагонд урнæ фæрæзтæ æмбырд кæныны нысанæн.

Хæрзаудæн згъорды фæстиуджытыл дзургæйæ

Æрмæст згъорды хайадисджытæ нæ, фæлæ æндæр æмбæстæгтæ дæр сæ хайбавæрд хастой æмæ урнæты æппæрстой æхца, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ. Уым уыд лыстæг æхцатæ дæр.

«Уыдон, æвæццæгæн, ныппæрстой сывæллæттæ, уыдон дæр архайдтой сæ чысыл хайбавæрд бахæссыныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нын нæ зæрдæтæ кæмдæр бакъуырдта…», – дзырдта Татьянæ Спутникы пресс-центры брифингы рæстæджы. Уый бузныг загъта згъорды хайадисджытæн се ‘ппæтæн дæр æмæ тыхон структурæты минæвæрттæн дæр. Згъорды организатортæн ма чысыл фуршет сарæзта адджинæгтæ цæттæгæнæн цех «Анечка».

Фонды архайды фæстиуджытæ

Иумиагæй сисгæйæ, фонд цы дыууæ азы кусы, уымæй баххуыс кодта 50 сывæллонæй фылдæрæн, уыдонæй 30 сты уæззау рынчынтæ. Уыцы æм-гъуыды фæивта адæмы ахаст дæр хæрзаудæн архайдмæ. Байгом коррекцион кълас, цыран ис 20 сывæллоны. Фæлæ ууыл не ‘рлæудзысты, фæнды сæ рауæрæх кæнын сæ архайд æмæ центр саразын.

Фонды президенты ныхæстæм гæсгæ йæ райдианы адæм бынтон не ‘ууæндыдысты фонды архайдыл, фæлæ ныр афтæ нал у. Уымæн æмæ йын ис фæстиуджытæ æмæ йæ адæм уынынц, фæрæзтæ нысанмæздæхтæй кæй цæуынц хардз. Уыцы æууæнкдзинадæн стыр нысаниуæг ис, Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ, уымæн æмæ æхсæнады зондахаст ивы хуыздæрæрдæм.

Агентад «Спутник-Хусссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Витали Раднаев æрсидт æнæниз цардуаг кæнын æмæ рынчын æмбæстæгты фарсмæ балæууынмæ. Акцийы сæйраг нысан дæр уыдон сты. Йæ ныхæстæм гæсгæ згъорд дæр уыд хорз организацигонд.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, агентад хæрзаудæн фондæн бакодта организацион æгъдауæй стыр æххуыс, йæ хайадисджытæн бацæттæ кодта сувенирон продукци дæр. Æмæ нырæй фæстæмæ дæр æнгом æмæ æнтыстджын æмгуыстад кæнынмæ у цæттæ.

Нæ республикæйы æмбæстæгтæн ма смс-ы руаджы фадат ис баххуыс кæнын тыхст æмбæстагæн. Фонды æдзухон номырыл 000757 арвитын хъæуы ныхас «хорз». Уыцы æрвитæггаджы аргъ у 33 сомы, уымæйдæр æй арвитæн  ис цалдæр хатты.

                                           Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.