Æрвылаз дæр 3-æм декабры дунейы бирæ бæстæты банысан кæнынц инвалидты дунеон бон. Стыр хъыгагæн, статистикæмæ гæсгæ зæххы къорийы цæрджыты 10-15 проценты, ома, иу миллиардмæ æввахс адæймаджы хъизæмар кæнынц алыгъуызон низтæй, кæцы сæ æркæны сахъатдзинадмæ. Чи та гуырцæй рахæссы сахъатдзинад.  Инвалидты дунеон боны нысан у, дунейы цы проблемæ уæвынад кæны, уымæ æхсæнады хъусдард аздахын.

Инвалидты дунеон бон уагъд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Ахæм мадзæлтты фæрцы кæстæр фæлтæр ахуыр кæнынц инвалидтæм кады ахаст дарыныл, транспорты сын бынат радтыныл, сæ хызынтæ ахæссынæн сын баххуыс кæнын æмæ афтæ дарддæр. Æнæмæнгæй сæм хъæуы хъарм ахаст дарын. Алы адæймагæн дæр йæ бон у иумæйаг хуыддагмæ йæ хайбавæрд бахæссын æмæ инвалидтæн баххуыс кæнын. Уадз, уыцы хайбавæрд уæд бынтон чысыл, фæлæ алчи дæр иу чысыл йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæна сахъатджын адæймæгтæм, уæд уыдонæн æцондæр уыдзæн цæрын æхсæнады. Хъуамæ алы адæймаг дæр æмбара, нæ фарсмæ кæй ис ахæм адæймæгтæ, кæцыты хъæуы не ‘ххуыс.

Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидты проблемæтыл архайы 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд, кæцыйы сæргъ лæууы Плиты Мадинæ. Ацы уæздан, фæлæ хъаруджын сылгоймаг йæхæдæг дæр активон хайад иста гуырдзиаг агрессийы ныхмæ æмæ уымæ гæсгæ тынг хорз зоны инвалидты проблемæты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон фонды хыгъды лæууы 210 адæймаджы, уыдонæй 25 сты уæззау цæфтимæ, æмæ 9 адæймаджы та – алыгъуызон протезтимæ. Плиты Мадинæ куыд банысан кодта, афтæмæй Президент Бибылты Анатоли алы хатт дæр æххуыс кæны инвалидты проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн. «Алы хатт дæр нæ фарсмæ æрбалæууы нæ президент æмæ нын нæ фарстатæ аскъуыддзаг кæны æвæрццагæй. Протезтæн ис эксплуатацийы æмгъуыд æмæ сæ уымæ гæсгæ периодикон æгъдауæй фæхъæуы раивын. Лæппутæй сæ иуæй-иутæн хъуамæ раивтаиккам сæ протезтæ, фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй арæнгонд мадзæлттæ баконд кæй æрцыдысты, уый нын фæивта нæ плæнттæ æмæ сæ бон не ссис сæ протезтæ раивынмæ ацæуын», – банысан кодта Плиты Мадинæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз фондæн уыд бирæ плæнттæ, сплангонд мадзæлтты программæ уыд хъæздыг, фæлæ, хъыгагæн, коронавирусы пандеми, кæцы апарахат æнæхъæн дунейы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр, бахаста йæхи ивындзинæдтæ фонды куыстмæ дæр æмæ практиконæй сæ плæнттæ сæххæст кæнын сæ бон не ссис. Фонды сæргълæууæг куыд дзуры, уымæ гæсгæ мадзæлтты фылдæр хай уыдысты лæппуты курортон-санаторон хос кæнынмæ арвитын, республикæйы æмæ æндæр горæтты мадзæлтты хайад райсын. Коронавирусы пандеми ссис ацы хæстæ æмæ плæнттæ сæххæст кæныны ныхдур.

«Фæлæ Хуссар Ирыстоны зæрдылдарæн календары ис ахæм бонтæ, кæцыты хайад райсын лæппутæ нымайынц сæ хæсыл. Уыцы бонтæй иу у хæстонтæ-интернационалистты мысæн бон. Уымæн æмæ афгайнаг хæсты хайад истой не ‘мбæстæгтæ дæр æмæ, хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ фæстæмæ нал æрыздæхтысты сæрæгасæй… Фонды лæппутæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон у сæхи сæрмагонд бæрæгбон. Уымæй дарддæр ма, 23-æм февраль та у РХИ-йы Гарзджын тыхты сырæзты бон æмæ уымæ гæсгæ, уыдон  стыр разæнгардæй хайад райсынц мадзæлтты. Ацы аз РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы территорийыл уыд, мемориалон комплекс «Воинская слава»-йы æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы ныхмæ тох кæныны рæстæджы цы хæцæнгæрзты æмæ æфсæддон техникæйы хуызæгтæй пайда кодтой, уыдоны æвдисæн фæзуат байгом кæныны цытджын церемони. Уый у тынг ахсджиаг цау нæ республикæйы цар-ды. Ацы Мемориалон комплексæй хъахъхъæнынады министрад сæнусон кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад хъахъхъæнджыты мысынад, кæцыты нæмттæ фыст æрцыдысты мысæн фæйнæджы. Иу ныхасæй, мах хайад райсæм æппæт пад-дзахадон мадзæлтты дæр», – радзырдта Фонды сæргълæууæг.

Фонд активонæй æмгуыстад кæны æндæр республикæты коллегæтимæ. Лæппутæ периодиконæй хайад фæисынц Абхаз, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты уагъдцæуæг цытджын мадзæлтты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз Донецкы æвæрд æрцыд цырт Донецкы Адæмон Республикæйы фæмардуæвæг хъайтартæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадыл хæсты инвалидты номæй. Ацы проект среализаци кæнынæн сын баххуыс кодта Президент Бибылты Анатоли. «Афтæ ма Президенты æххуысы фæрцы махæн нæ бон ссис хайад райсын ацы цырт байгом кæныны официалон цере-монийы нæ республикæйы къухдариуæгадимæ иумæ. Ноджы ма иу цырт фæнд кодтам Луганскы Адæмон Республикæйы хъайтарты номыл сæвæрын, фæлæ нæ пандеми бахъыгдардта æмæ мадзал ахастам фæстдæр æмгъуыдмæ. Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад фыццаг банымадта Хуссар Ирыстон, нæ адæмтæ хорз зонынц, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад къухты цы аргъæй бафтынц, уый. Æмгуыстады къабазы мах кусæм онлайн-режимы, уымæн æмæ сæр-магонд фембæлдтытæ æмæ кæрæдзимæ ацæуынæн пандемийы аххосæй нырма гæнæн нæй. Фæлæ нæ коллегæтимæ æппæт фарстатæ дæр скъуыддзаг кæнæм телефоны ныхас кæнгæйæ æмæ видео-бастдзинады фæрцы», – загъта Плиты Мадинæ.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уыдон никуы ферох кæнынц æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы æрцæугæ трагикон цауты тыххæй. «Беслæны рыст алы хатт дæр нæ зæрдæты ис. Мах алы хатт дæр хъуыды кæнæм нæ хъайтарты, нæ зæрдыл дарæм Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы цауты тыххæй, æмæ уымæ гæсгæ фонды лæппутæ бæрнон ахаст равдисынц мысæн æмæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны фæдыл. Йæхи йæ Райгуырæн бæстæйы патриот чи хоны, уый хæсджын у, цæмæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй алкæйы номæн дæр кад кæна, нæ зæрдыл хъуамæ дарæм нæ лæппуты хъайтардзинады тыххæй. Уый махæн ис сæрмагонд бынаты», – банысан кодта Плиты Мадинæ.

Коронавирусы пандемийы аххосæй инвалидтæн сæ бон не ссис улæфынмæ æмæ реабилитацион мадзæлттæ рацæуынмæ санаторитæм ацæуын, фæлæ уæддæр лæппутæ баулæфыдысты Нагутнийы хосгæнæндон «Ныфс»-ы æмæ Тамискы. «Иумиагæй сисгæйæ, Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад Наниты Сосланы сæргълæудæй æххуыс кæны нæ лæппутæн æппæт фарстыты дæр, кæцытæ баст сты хос кæнынимæ, реабилитациимæ, хосты ифтонгадимæ æмæ æндæр фарстытимæ. Стыр æххуыс нын кæны республикæйы къухдариуæгад æмæ сæрмагондæй Президент Анатоли Ильяйы фырт йæхæдæг дæр. Уый  алы хатт дæр нæ фарсмæ æрбалæууы æмæ нын баххуыс кæны нæ фæндтæ сæххæст кæнынæн. Ныр дæр Ног азмæ фонды лæппутæ райсдзысты æххуыс паддзахады сæргълæууæгæй хæлцадон продуктты хуызы», – загъта Плиты чызг.

Фонд æппынæдзух дæр хъусдард æнкъары Хъахъхъæнынады министрады ‘рдыгæй дæр. Ацы аз сентябры кæрон, номхуын-дæй – хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон ведомство æмæ йæ министр Гассеты Ибрагимы хисæрмагонд хъæппæрисмæ гæсгæ, хъуамæ лæппутæн ауагътаиккой диспансеризаци. «Диспансеризацийы фæстæ план кодтам уыдоны дарддæры реабилитаци æмæ хос кæнынмæ арвитын, фæлæ та  ам дæр коронавирусы аххосæй Ибрагим Алымбеджы фырты плæнттæ реализаци не ‘рцыдысты», – загъта фонды сæргълæууæг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ хæдбардзинады сæрыл æмæ коронавирусы ныхмæ тохы медицинон кусджыты нысаниуæг стыр у. «Мах алы хатт дæр аргъ кæнæм æмæ нæ зæрдыл дарæм сæ хъайтардзинады тыххæй адæмы цард аирвæзын кæныны хъуыддаджы. Лæппутæ зонынц царды аргъ, уыдонмæ стыр фæлтæрддзинад ис знагимæ хæцыны. Абон та не знаг у КОВИД-19, уый та домы тохы æндæр формæ. Номхуындæй, уымæ гæсгæ лæппутæ цæттæ сты вакцинаци рацæуынмæ. Æз мæхæдæг дæр сарæзтон вакцинæ æмæ нымайын афтæ, æмæ лæппутæ дæр бæрнон ахаст кæй равдисдзысты ацы фарстмæ æмæ кæй райсдзысты раст уынаффæ», – банысан кодта Плиты Мадинæ.

Фонд æнæ хъусдардæй никуы баззайы горæт Цхинвалы администрацимæ хауæг фарстыты дæр. Фонды хистæры ныхæстæм гæсгæ, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан алы хатт дæр æмбаргæ ахаст равдисы лæппуты проблемæтæм æмæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн уыдысты, уыдонæй иуæй-иутæ райстой ног фатертæ. Уый ма сын баххуыс кæны куыстæй сæ сифтонг кæнынæй дæр. Мадинæ ма куыд загъта, афтæмæй лæппутæ сæхи инвалидтыл нæ нымайынц æмæ кæдфæндыдæр цæттæ сты республикæйы рæзт æмæ дидинæфтыдæн баххуыс кæнынмæ. Периодикон æгъдауæй уыдон республикæты скъолаты ауадзынц патриотикон уроктæ, скъоладзаутæн радзурынц хæдбардзинады сæрыл сæрибаргæнæн тохы, геноциды фактты тыххæй. Уыимæ Гуырдзыстон хуссарирыстойнаг адæмæн цалдæр хатты сарæзта геноцид æмæ афтæ дарддæр.

«Пандеми нын серьезонæй фæивта нæ куыст, план кодтам Сирийаг Арабаг Республикæйæ фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл тохты фæцæфуæвæг хъахъхъæнджыты фæхонын, фæлæ пандемийы аххосæй урæд æрцыд авиабастдзинад æмæ сæ бон не ссис  æрцæуын. Бузныг зæгъын, лæппутæ-инвалидтæн чи æххуыс кæны, сæ фарсмæ чи æрбалæууы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр», –  загъта Плиты Мадинæ.

Джиоты Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.