Бирæ ис не ‘хсæн, æрмæст сæхицæн нæ, фæлæ адæмæн, æхсæнадæн дæр хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразынмæ сæ архайд здæхт кæмæн у. Уыдонæй сæ иу у Тадтаты Юзӕ Уасилы чызг. Ацы адӕймагимӕ фембӕлгӕйӕ, кӕд нӕ ныхас йӕ куыст, йӕ архайды фӕдыл уыд, уӕддӕр бамбӕрстон ахӕм адӕймӕгты удыхъаруйы фæрцы нӕ цард кæй кæны рӕсугъддæр.

Цы куыст кӕны ацы фонд, цы сты йӕ хӕстӕ ӕмӕ куыд райгуырд йӕ бакӕныны хъуыды, ӕппӕт ацы фарстаты фӕдыл мах ныхас кодтам Тадтаты чызгимæ.

Юзӕйы кусӕн хатӕнмӕ бахизгӕйӕ, ӕнӕмӕнгдӕр бафиппайӕн ис ам кӕй райгуыры алыхуызон ног ӕмӕ ног  сфæлдыстадон фӕндтӕ ӕмӕ куыст кæй цæуы сæ сæххæст кæныныл. Уыдон та се ‘ппӕт дӕр кӕй вӕййынц Ирыстоны хӕрзӕбонӕн.

Хетӕгкаты Къостайы фонды истори абонӕй нӕ райдыдта.

1978 азы Тадтаты Юзӕ кусын райдыдта Цхинвалы районы культурӕйы хайады сӕргълӕууӕгӕй. Культурӕйы фадыджы кусгӕйӕ, Юзӕ ӕппӕтæй дӕр архайдта цӕмӕй Цхинвалы районы культурӕ размӕ цӕуа.

Юзӕйы хъӕппӕрисон архайды фӕрцы уыцы дуджы фӕсарӕнтӕм гастролты ацыд кафты фольклорон ансамбль «Амонд»-ы конкурсанттæ. Уый ӕрмӕст иу цӕвиттон, фӕлӕ культурӕйы хайады кусгӕйӕ бирӕ сты йӕ лӕггӕдтӕ Юзӕйӕн.

«Цхинвалы районы культурӕйы хайады куы куыстон, уӕд мӕ хъуыдыйы райгуырд Хетӕгкаты Къостайы æхсæнад саразын дæр», – æрымысы ныр Юзӕ. Афтӕ 1982 азы февралы сырӕзт Хетӕгкаты Къостайы æхсæнад. Къостайы æхсæнад саразынæн Тадтаты чызгæн зæрдиаг æххуыс бакодтой районы уæды разамонджытæ.  Цхинвалы районы культурӕйы хайады цур, стӕй бирӕ фӕстӕдӕр, 2005 азы декабры, ӕхсӕнад ивд ӕрцыд фондмӕ ӕмӕ абоны онг дӕр хуыйны Хетӕгкаты Къостайы фонд, йӕ сӕрдар Тадтаты Юзӕ, афтӕмӕй. Фонд фыццаджыдӕр йӕ разы ӕвӕрдта хӕс, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, ирон аивад размӕ кӕнын, ирон традицитӕ бахъахъхъӕнын, йӕ бирӕвӕрсыг сфӕлдыстадон бынтимӕ ӕвзонг фӕлтӕры зонгӕ кӕнын, «Ирон адӕмӕн иууыл ахсджиагдӕр сты се’ взаг, се’ гъдӕуттӕ, сӕ культурӕ, уыдон зонын та æмбæлы  алы ирон адӕймагыл дӕр», – зæгъы фонды сӕрдар. Йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ фонды уæнгтæ уыдысты культурӕ, ахуырад, фысджыты цӕдисы минæвæрттæ: уыдон фӕрцы фонд цӕттӕ кодта ӕмӕ уагъта алыхуызон мадзӕлттӕ. Зæгъæм. уыдон, дард 1982 азы фыццаг хатт Цхинвалы районы уагъд ӕрцыд адӕмон бӕрӕгбон ахӕм номимӕ: «Къостайы бонтӕ Цхинвалы районы». Фонды кадджын президент уӕдӕй йӕ амӕлӕты онг уыд Ирыстон, ирон адӕм сӕрыстыр кӕмӕй сты, дзӕнӕттаг Джусойты Нафи. Ацы фонды сырӕзт ирон ӕвзаджы рӕзтӕн хорз ахъаз фӕцис куыд Цхинвалы районы, афтӕ ӕмткӕй Ирыстоны дæр. Йӕ сырӕзтӕй абоны онг кӕд дзӕвгар азтӕ рацыд, фӕивта дуг, ирон адӕмы царды ӕрцыд алы-хуызон ивындзинӕдтӕ, уӕддӕр фонд йӕ сӕйраг хӕс-ирон ӕвзагыл кусын, размӕ   йæ зæрдæ не сивта. Абон дӕр йӕ куыст кӕны, йӕ сӕрдар Тадтаты Юзӕйы разамындӕй, йӕ разы ӕвӕры ног хӕстӕ ӕмӕ сӕ ирон ӕвзаджы, ирон адӕмы хӕрзиуӕгӕн ӕххӕст кӕны.

Уымӕй уӕлдай фонды цур архайы ӕвзонг фысджыты цӕдис. Фонд ӕххуыс кӕны аив фыссыны хъуыддаджы фыццаг къахдзӕфтӕ чи аразы, уыцы ӕвзонг адӕймӕгтæн, сӕ фыст уацмыстӕ сын мыхуыры уадзгæйæ. Уый та тынг вазыгджын ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъуыддаг у фидӕны фысджытӕн. Райдианы фонд мыхуыры рауагъта чиныг дыууӕ томӕй «Зарӕг ныллӕг хъӕлӕсӕй» ӕмӕ «Хӕдзаргӕ дуг». Ардӕм бацыдысты ӕвзонг фысджыты алыхуызон уацмыстӕ. Ныр та фонд мыхуырмӕ балӕвӕрдта ног чиныг «Аивад – сӕ табуйаг» ӕмӕ тагъд рӕстӕджы ирон чиныгкӕсӕджы зӕрдӕ барухс уыдзӕн ӕвзонг фысджыты ног уацмыстӕй.

Банысан кӕнын хъӕуы уый ӕмӕ кӕд фондӕн йӕхи сӕрмагонд кусӕн бӕстыхай нӕй, уӕддӕр йӕ куыст кӕны, уӕвынад кӕны, йӕ уавӕртӕ йӕ куыд амонынц афтӕ. Афтӕ та вӕййы куыстуарзаг, йӕ цардыбонтӕ уарзон хъуыддагӕн чи снывонд кӕны, ахӕм адӕмы фӕрцы, ӕмӕ уыдонӕй иу у Тадтаты Юзӕ. Ахӕм адӕймӕгтӕ та зын замантæ æмæ уавæрты, зынвадат рӕстӕджыты дӕр сӕ уд, сӕ тыхтӕ раттынц сӕ куыстмӕ, нӕ фӕтӕрсынц зындзинӕдтӕй.

Къостайы фонд бацӕттӕ кӕны фысджыты юбилейтӕ, фысджытимӕ, артисттимӕ фембӕлдтытӕ, ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлттӕ.  Афтæ æрæджы сфæлдыстадон изæртæ ауагътой æрыгон поэт Хуыгаты Ацæмæз æмæ курдиатджын поэтессæ Къæбулты Зояйæн.

Абон фонды сконды сты фысджытӕ, ахуыргӕнджытӕ, артисттӕ, нывгӕн-джытӕ.  Наниты Асиат, Гугкаты Евелинæ, Джиоты Валери æмæ æндæртæ. Ацы фондмӕ йӕ бон ӕрбацӕуын у ирон ӕвзаг чи уарзы, ирон ӕвзагыл чи тыхсы, Къостайӕн чи кад кӕны, ӕппӕт уыдонӕн се ‘ппæтæн дæр.

Уымӕй дарддӕр, фонды цур ис 60 аз ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм адӕймæгты клуб. Клубы къухӕй чи цӕмӕ рӕхсы, зӕгъӕм, бийынмӕ, хуыйынмӕ, ныв кӕнынмӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтæм, уымæй архайынц.  Клубы куысты йӕ бон хайад райсын у алы ас адæймагæн дæр. Ацӕргӕ адӕм дӕр сӕ  рӕстӕг хъуамӕ ӕрвитой пайдаимӕ, уымӕй хорз цӕвиттойнаг уыдзысты ӕвзонг фӕл-тӕрӕн дӕр. Ахӕм фадат та дӕтты Къостайы фонды цур ацы клуб.

Фонды куыст у алыварсон. Цы мадзӕлттӕ бацӕттӕ кӕнынц, уыр-дӕм ӕрбахонынц интернаты уæвæг сидзæр, æвæгæсæг сывæллæтты. Уыдон хайад райсынц ахӕм мадзӕлтты ӕмӕ сын бакӕнынц лӕвӕрттӕ дӕр.

Ахӕм сты, 36 азы чи кусы, уыцы фонды æнтыстытæ.

Къæбысты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.