Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли официалон балцы ацыд Республикæ Арцахмæ. Президентимæ ацыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маилянимæ  Хуссар Ирыстоны делегаци бацыдысты Дадиванкы рагон моладзандонмæ.

Моладзандоны фæткæвæрæг радзырдта Дадиванкы вазыгджын историйы тыххæй, афтæ ма реставрацион куыстыты тыххæй дæр, кæцыты ам ауагътой, моладзандон Хæххон Хъарабахы Республикæйы дæлбармæ куы рахызт, уый фæстæ.

Дадиванк ныртæккæ у аргъуыд æмæ у Сомихстоны Апостолон Аргъуаны Арцахы епархийы моладзандон.

Бибылты Анатоли моладзандонæн балæвар кодта Хуссар Ирыстоны аргъуанты нывтимæ монетæтæ æмæ бахатыд, цæмæй скувой æфсымæрон республикæты дидинæфтыды тыххæй.

РХИ-йы Президенты балц аххæсдзæн æртæ боны.

Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн футболæй Европæйы Чемпионат ConIFA-2019 байгом кæныны цытджын церемонийы æмæ уыдзæн хуссарирыстойнаг командæйы хайадистæй матчы.

СÆВÆРДТОЙ ВЕНОК ÆМÆ ДИДИНДЖЫТÆ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Республикæ Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маилянимæ  венок сæвæрдта Степанакерты мемориалон комплексыл æмæ дидинджытæ та – Арцах хъахъхъæнджыты ингæнтыл.

Мемориалон комплексмæ хауынц сомихаг адæмы  геноциды  æмæ  зæххæнкъуысты амæттæгты номыл кувæндон.

Хуссарирыстойнаг делегациимæ иумæ дидинджытæ æвæрыны церемонийы хайад райста Республикæ Абхазы делегаци, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Ковейы сæргълæудæй.

ФЕМБÆЛД РЕСПУБЛИКÆ АРЦАХЫ ПРЕЗИДЕНТ БАКО СААКЯНИМÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Арцахы Президент Бако Саакянæн уыд официалон фембæлд.

Хуссарирыстойнаг фарсæй фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, арцахаг фарсæрдыгæй та – паддзахадон министр Григори Мартиросян æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маилян.

Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Арцахы президенттæ уынаффæ кодтой республикæты ‘хсæн ахастытæ фидар æмæ рæзын кæныны фарстатыл æмæ банысан кодтой, футболæй Европæйы чемпионат ConIFA –  2019 Арцахы кæй уагъдæуы, уый ахсджиагдзинад.

Бибылты Анатоли бузныг загъта йæ коллегæйæн, Арцахмæ йæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй.

«Мæнæн æхсызгон у ахæм стыр спортивон мадзалы кæй уыдзынæн, кæцы цæуы ам æмæ кæцыйы хайад исы Хуссар Ирыстоны футболон командæ. Мæн уырны, ахæм бындуртыл – спорт, культурæ æмæ зонады хъуыддæгтæ кæрæдзийæн амонын æмæ сæ хайад исын – махæн нæ бон кæй уыдзæн æнгом ахастытæ аразын. Уый тыххæй нын ис бындур. Мах кæддæриддæр уыдыстæм æфсымæрон адæмтæ æмæ уыцы æфсымæрдзинад мах дарддæр дæр рæзын кæндзыстæм», – загъта уый. 

Бибылты Анатолийæн «æгас цу» зæгъгæйæ, Бако Саакян банысан кодта, зæгъгæ, мын тынг æхсызгон у Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты рангы уæвгæйæ, фыццаг хатт Республикæ Арцахмæ æрцæуын кæй аскъуыддзаг кодтай, уый. Æхсызгон мын у демæ фембæлын æмæ иумæ грандиозон æмæ нысаниуæгджын спортивон мадзалы хайад райсын.

 РХИ-йы Президент æмæ Хицауады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.