Йæ 80 азы сæрты ахызт уарзæгой мад, уарзæгой нана, хорз æмгар æмæ сыхаг,  уæздан, æгъдауджын сылгоймаг  Абайты Энгрес. Уый райгуырд Елтъурайы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Цæмæй бинонты цард фæхуыздæр уыдаид, уый тыххæй йæ фыд æвзонгæй ацыд Бакомæ æмæ уым кусын райдыдта нефтгуырæнты. Азербайджаны революцион змæлд куы райтынг, уæд уый дæр баиу Бакойы революционертимæ. Стæй та æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ тох кодта гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ. 

Кæй зæгъын æй хъæуы, революцион архайд æмæ тохтæ сæ фæд ныууагътой  фыды æнæниздзинадыл æмæ чысыл Энгресы фыд йæ цардæй ахицæн. Энгресæн йæ мад та инвалид уыд. Йæ цонг фелвæст æмæ уæды æвæрæз  рæстæджы зæфцы фыдæй къух æлвæстæй байгас. Мад, иудзонгон уæвгæйæ, хъомыл кодта йæ сывæллæтты, йæ бон куыд уыд, афтæ, цайдагъ сæ кодта куыстыл, хæрзæгъдаудзинадыл, амыдта сын царды хорздзинæдтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы кæд Энгресы хистæр æфсымæрæн нæ уыд æфсадмæ ацæуыны афон, фæлæ уæддæр бархионæй ацыд хæсты быдырмæ æмæ хъæбатырæй тох кодта немыцаг фашистты ныхмæ æмæ иу тохы рæстæджы фæмард.

Энгрес зæнæджы кæстæр, зæрдæргъæвд сывæллон уыд. Каст фæцис  Белоты астæуккаг скъола хæрзтыл. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, сывæллон æппæтмæ дæр цымыдис кодта. Диссаг уый у, æмæ ахуырдзау уæвгæйæ-иу пьесæтæ сæвæрдта, сывæллæтты-иу афтæ хорз  бацæттæ кодта, æмæ-иу дзы райгондæй баззадысты скъолайы коллектив дæр æмæ хъæуы цæрджытæ дæр. Иу бæрæгбонмæ та Энгрес пьесæ бацæттæ кодта æмæ йæ куы æвдыстой, уæд сæм æнæнхъæлæджы бахауд областы культурæйы хайады сæргълæууæг. Уымæн йæ зæрдæмæ тынг фæцыд сывæллæтты хъазт. Кæй зæгъын æй хъæуы, бацымыдис æй кодта, пьесæ чи сæвæрдта æмæ сывæллæтты афтæ хорз чи бацæттæ кодта, уый. Куы йын загътой пьесæ  æвæрæг йæхæдæг дæр скъоладзау у, уæд бадис кодта, ома, йæм кæд сæрмагонд дæсныйад нæй, уæд афтæ хорз куыд  сарæхст. Ацы цау йæ зæрдыл бадардта чиновник æмæ Энгрес астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд æм областы культурæйы хайады гæс йæхæдæг бахатыд, цæмæй ацыдаит Мæскуымæ театралон ахуыргæнæндонмæ, фæлæ, куыд фæзæгъынц «дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн», зæгъгæ, Энгресы йæ уавæртæ кæй нæ амыдтой, уый тыххæй ахуырмæ нæ ацыд Мæскуымæ, фæлæ бацыд Цхинвалы педагогон институтмæ, каст æй фæцис æнтыстджынæй  æмæ  ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Белоты астæуккаг скъолайы. Скъолайы кадртæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй лæвæрдта цалдæр предметы. О, фæлæ дзы бирæ нæ акуыста, æвзонг чызджы йæ амонды базыртæ ахастой Боржомы районы Сырххъæумæ. Энгрес йæ цард баиу кодта йæхиау куыстуарзаг лæппу Плиты Хъазбегимæ. Кæд Энгресы фыд гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ тох кодта, уæд Хъазбеджы фыд Къоцъиа та Стыр Фыдыбæстæйон хæсты немыцаг фашистты ныхмæ хъæбатырæй тох кодта, уыд бирæ хорзæхты кавалер,  хæсты быдырæй æрыздæхт инвалидæй.

Æвзонг бинонтыл царды æфсондз куы æруæз кодта, уæд æмцæд, æмвæндæй, зындзинæдтæн быхсгæйæ, цыдысты размæ, царды гуылфæнтæм.

Хъазбег уæд ахуыр кодта  Тбилисы  машинæарæзтадон техникумы изæры хайады, бонæй та куыста авиацион заводы. Энгрес та кусын райдыдта Гудзареты астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Кæд уым дæр бирæ нæ фæкуыста, уæддæр йæ куыстуарзондзинад, хиуылхæцындзинад, æфсарм, уæздандзинад æмæ йæ хæрзæгъдауæй хорз ном скодта йæхицæн Абиан, бауарзтой йæ куыд йæ коллектив, афтæ хъæубæстæ дæр.

Энгрес декреты куы уыд, уæд уый дæр йæ цардæмбалмæ ацыд Тбилисмæ æмæ цалынмæ Хъазбег йæ ахуыр фæуд кодта, уæдмæ ацардысты уым. Хъазбег йæ ахуыр куы фæцис, уый фæстæ æвзонг бинонтæ Цхинвалмæ æрбацыдысты æмæ Хъазбег бацыд пединститутмæ фæсаууоны хайадмæ, уыцы-иу рæстæджы куыста Вибромашинæйы технологæй. Энгрес та кусын райдыдта нырма сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæ-нæгæй, фæстæдæр та – Цхинвалы 10-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй.

Энгресæн йæ мидзæрдæйы нæ нымæг кодта аивады цæхæр æмæ ахуыргæнæгæй дæр куыста æмæ аивадон кружоктæн дæр къухдариуæг кодта. Хуссар Ирыстоны зынгæ актрисæ Тадтаты Фатимæ уыцы рæстæджы 10-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг уæвгæйæ, сценæйыл йæ фыццаг къах-дзæфтæ сарæзта Энгресы къухдариуæгадæй. Абианы руаджы фыццаг хатт сценæмæ рахызт уæды скъоладзау, уый фæстæ та зынгæ кафæг Æрсойты Владимир дæр.

Хорз ахуыргæнæг йæ предмет афтæ хъуамæ амона, цæмæй йæ сывæллон æмбара. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæлæттæ иууыл иугъуызон нæ вæййынц, кæцыдæр сывæллон æнцонтæй бамбары урок, кæцыдæрмæ та зынтæй бахъары. Ахуыргæнæджы сæйраг миниуджытæн сæ сæйрагдæр уый у, æмæ иу бакастæй хъуамæ фæхата, урок кæцы сывæллон нæ бамбæрста, æмæ йын æй афтæ бамбарын кæна, цæмæй йæ сывæллон макуыуал ферох кæна. Ахæм ахуыргæнæгыл нымад уыд Энгрес. Уый, йæ удыл æмæ йе ‘нæниздзинадыл нæ ауæрдгæйæ, йæ зонын-дзинæдтæ рæдауæй амыдта йæ ахуыргæнинæгтæн.

Цалдæр азы 10-æм скъолайы акусыны фæстæ Энгрес кусын райдыдта 2-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй æмæ дзы фæкуыста 25 азы, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Скъолайы кусгæйæ, Энгрес активон хайад иста скъолайон мадзæлтты, йæ ахуыргæнинæгтæ-иу  хайад истой алыгъуызон конкурсты æмæ-иу бацахстой призон бынæттæ.

Абиан хорз ахуыргæнæгыл нымад кæй уыд, ууыл дзурæг сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ – Кады грамотæтæ. Лæвæрд ын æрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном дæр.

Энгрес æрмæст хорз ахуыргæнæг нæ уыд, фæлæ ма у хорз ныййарæг, æмæ хъомылгæнæг дæр. Хорз ныййарæг та ахæм у, кæцы йæ хъæбултæн радты хорз хъомылад, раст рахаты йæ сывæллоны æвзыгъддзинæдтæ, цæмæ у æмхиц,  царды фæндæгтæй йын йæ зæрдæмæ æввахсдæр кæцы у,  кæцыйы йын уыдзæн æнтыстытæ, æмæ йæ уыцы фæндагыл æрлæууын кæны. Энгрес æмæ Хъазбег дæр ахæм ныййарджытæ кæй уыдысты, уымæн сын ис цæвиттойнаджы зæнæг æмæ зæнæджы зæнæг. Сæ лæппу æмæ чызг райстой уæлдæр ахуырад. Сæ фырт  Плиты Мурат (хистæр) зынгæ музыкант, уый ныртæккæ цæры æмæ кусы Цæгат Ирыстоны. Сæ чызг Мæдинæ та  Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады кусы. Уыдоны зæнæг дæр сты цæвиттойнаджы кæстæртæ: Плиты Мурат (кæстæр) дæр у музыкант, кæд ыл нырма 25 азы йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр ын бирæ æнтыстытæ ис музыкæйы фадыджы, йе ‘фсымæр Вова дæр музыкæмæ æвзыгъд у, фæлæ равзæрста дохтыры дæсныйад, Питеры хæрзтыл каст фæцис мединститут æмæ ныртæккæ дохтырæй кусы Санкт-Петербурджы рынчындæттæй сæ иуы. Хъæбулы хъæбултæй дыууæ чызджы дæр уæлдæр ахуырад æнтыстджынæй каст фесты æмæ цæрынц æмæ кусынц Дзæуджыхъæуы.

Дыууæ æмкъайæ кæцыдæр куы фæхъæуы, уæд иннæ йæхи фæхаты саст базыр цъиуы хуызæн.  Энгресæн йæ кæстæртæй йæ зæрдæ бæргæ рухс кæны, фæлæ йæ  цардæмбал Хъазбег цалдæр азы размæ йæ цардæй кæй ахицæн, уый йын йæ зæрдæйы уæззау дур ныууагъта. Ахæм бон нæ вæййы, сусæгæй куынæ фæкæуы.

Энгрес, цалынмæ Хъазбег йе ‘нусон бæстæйæ здæха, уæдмæ æнæниз æмæ æнæ-мастæй фæцæр, дæ кæстæрты хорздзинæдтæй дæ зæрдæ рухс кæнæт.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.