4 февралы йыл сæххæст 67 азы

Ацы дохтыры ном фехъуыстон, мæ мады мын Мæскуыйы Тагъд æххуысы хæдтулгæ 59-æм рынчындонмæ инфарктон уавæры куы аласта, уыцы тыхст рæстæджы. Катай кодтон, зæгъын, кæй къухы бафтдзæн ныййарæг, куыд уыдзæн æмæ кæдæм уайон, кæмæ дзурон. Нæхи поликлиникæйы дохтырæй райдайгæйæ, мæ зонгæтæ иууылдæр мын зæрдæтæ æвæрдтой – ма тæрс, уыцы рынчындонæн хорз репутаци ис. Уалынмæ мын зонгæ ирæттæй чидæр афтæ: «Нæхи Елдзарты Петр уым хайады сæргълæууæг куы у, нæ йæ зыдтай? Ау, уый та куыд?  59-æм рынчындонæн кадгæнæг сæ травматологон хайад куы у? Йæ разамонæг та у Елдзарты Елиозы фырт Петр». 

Уый уыди хъысмæты лæвар-сюрприз: зонгæ адæймаг, Мæскуыйы нæ ирон æхсæнады советы уæнг, нæ мадзæлтты æнæмæнг аразæг æмæ архайæг. Фæлæ ма, фыццаджыдæр, диссаджы дæсны дохтыр кæй у, хирург-ортопед, медицинон зонæдты кандидат (ныртæккæ доктор сси!!!), уый, сæттын, нæ зыдтон. Хæдæфсарм æмæ хуымæтæг уаг æвдыста кæдфæнды, никуы никæмæ ракаст сæрбæрзонд-æнæввæрсонæй, ирон дохтыртæ та Мæскуыйы уыйбæрц сты æмæ æрмæст сæ банымайын дæр æнцон нæу – цы фæнды клиникæмæ, цы фæнды рынчындонмæ бацу æмæ сæ кусджыты номхыгъды æнæмæнг ссардзынæ дыууæ-æртæ кæнæ фылдæр ирон мыггаджы.

Елдзары фыртæн йæ профессионалон хъуыддæгтæм  куы бацымыдис кодтон, уæд базыдтон:

Нырма æвзонг дохтырæй æнæркаст æмæ æнæифтонг травматологон хайады сæргъы слæууыд æмæ дзы цыбыр рæстæгмæ сарæзта алæмæты цыдæр – нырыккон аппаратурæйæ зæгъай, медикаменттæ, протезон æрмæджытæ – алцæмæй æххæст хосгæнæн уагдон. Сæйрагдæр та йын бантыст профессионалон коллектив æртымбыл  кæнын. 2007 азы дзы фыццаг хатт куы уыдтæн, уæд мæ Петр базонгæ кодта ирыстойнаг клиникон ординатортимæ: Джиоты Сослан  Барисы фырт æмæ Темысаты Сæрмæт Алымбеджы фырт.

Ацы хайады сæ къæхтыл-иу слæууын кодтой карджын па-циентты агъды къубалы састы фæстæ. Ахæм травмæйы фæстæ зæронд адæймаг уатмæ бахауы æмæ цæмæй цæуын райдайа, уый тыххæй  хъæуы саст æрхæг эндопротезæй баивын.

Нырыккон уæрæсейаг медицинæйы ахæм протезыл фидын нал хъæуы. Уыцы рæстæджы та паддзахадон клиникæты операци йæхæдæг æнæаргъæй уыдис, протезтыл та-иу пациенттæн кæнæ сæхи фидын хъуыдис, кæннод та-иу  квотæйы фæрцы ифтонггонд уыдысты. Квотæ райсынæн-иу бахъуыдис алыхуызон инстанцитыл зилын æмæ уæд карджын адæмы хæстæджытæ, æввахс адæймагыл аудгæйæ, (йæ бон кæмæн уыд) сæхæдæг æлхæдтой протез.  Ам ма бафиппайдзыстæм, æвзонг адæймагæн протез сæвæрын зынаргъдæр   кæй лæууы, уымæн æмæ, сусæггаг нæу, йæ эксплуатацийы æмгъуыд дзæвгар фылдæр хъуамæ уа.

Сæ уды бæрц уарзынц дохтыры

Æвдисæн кæмæн уыдтæн, ахæм эпизод.

– Дохтыр, æмбæлы уæм? – æмæ къæсæрыл фæзынд ацæргæ лæг æнцойгæнæн лæдзгуытыл. «Хуымæтæг кусæг» кæй фæхонынц, ахæм.

– О, æлдар Гусев, мидæмæ, мидæмæ, табуафси, – Елдзары фырт пациенты размæ ратагъд кодта, – æхсызгон мын у дæ фенд.

– Дохтыр, кæс-ма, – рынчын цалдæр рог къахдзæфы акодта, – уыныс,  сарæхстæн! Уыныс æй, куыд цæуын, уый? Цалынмæ къуырийон балцы уыдтæ, уæдмæ… Дзырдтой, зæгъгæ, Швейцаримæ ацыдтæ, æз та мæнæ мæхæдæг, кæс-ма!

– О, уынын æй, цæуын райдыдтай, æз æй зыдтон, афтæ кæй уыдзæн, дызæрдыгкаг мын нæ уыди, Николай Петрович. Арфæ дын кæнын!

– Дохтыр, бузныг! Æз… Бузныг! Нæ йæ зонын, куыд дын раарфæ кæнон. Нал мæ уырныдта, æз афтæ æнхъæлдтон – хана мын ралæууыд, æмæ ныр та… Дохтыр, бузныг дын!

Рынчын лæг фырцинæй йæ цæссыг тыххæй уромы. Æмбары йæ, дохтырæн рæстæг нæй, ацæуынмæ дæр хъавы, фæлæ Петр Елиозы фырт æм хъусы,  стæй йæ ныфсджын кæны:

–  Мæйы фæстæ дæ æнцойгæнæн лæдзгуытæ нал бахъæудзысты.

Къæсæрыл та æрбахызт ног пациент – æвзонг сылгоймаг æрбацыд дохтырæн бузныг зæгъынмæ, уымæн æмæ райсом тæхы йæ райгуырæн Хабаровскмæ..

Ахæм уыдысты дохтыр Елдзарты Петры кусæн бонтæ. Алы ахæм боны мидæг дохтыры сызгъæрин къухтæ, курдиат æмæ зонындзинæдтæ балæвар кæнынц кæмæн адзæбæх уæвыны ныфс, кæмæн та низыл уæлахиздзинад. Алы ахæм бон ма у хирургы уæззау куыст: операцитæ, процедурæтæ, реабилитацион мадзæлттæ, æрвылбонон æркастытæ. Æмæ кусæгон æмбырдтæ – уыдон дæр хосгæнæн хайады сæргълæууæгæн йæ профессионалон архайды хай сты.

Дохтыры истори та райдыдта сабибонты бæллицæй Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Громы хъæуы. Уым райгуырди æмæ скъола каст фæцис Петр. Уым цардысты йæ хуымæтæг ирон бинонтæ – ныййарджытæ, хистæр æфсымæр æмæ хо. Иухатт лæппу асаста йæ къух, бæлвырддæрæй зæгъгæйæ та, йæ уæхск – скъолайы турникæй æрхауд. Æнахъом лæппуйы аластой областон рынчындонмæ. Уым операцион стъолыл федта… столярон инструменттæ: дзæбуг, лыстæг хырх, фæйнæджы лыгтæ, æмæ æнæнхъæлæджы ахъуыды кодта – ацы куыст мæ аккаг у.

Уыцы бонæй фæстæмæ 14-аздзыд лæппуйы нал фæндыд футболы карьерæ кæнын æмæ сфæнд кодта медицинон институтмæ бацæуын. Сусæггаг нæу, медик студенттæ сæ дохтырон специализацийыл 3-аг курсы фæстæ райдайынц хъуыды кæнын. Хатгай та, фæстæдæр. Елдзары фырты райдианæй фæндыдис хирург-травматолог суæвын. Æндæр специализацийыл та хъуыды дæр никуы акодта. Уымæ гæсгæ, Цæгат-Ирыстоны паддзахадон медицинон институты 4-æм курсæй райдыдта медицинон æфсымæрæй кусын Дзæуджыхъæуы Централон клиникон рынчындоны травматологийы хайады.

Арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, æппæты æнтыстджындæр профессионалтæн ис иумæйаг миниуæг – алчидæр сæ иузæрдионæй  фæцæуы равзæрст фæндагыл æмæ нæ очеркы хъайтар дæр, æнæмæнг, уыдонæй  иу у.

Кандидатон диссертацийы темæ дæр равзæрста йæ уарзон специализаци æмæ йæ практикон куыстæй: «Лечение диафизарных переломов предплечья по методу Илизарова». Елдзарты Петр клиникон ординаторæй ма куы куыста, уæд йæ педагог æмæ амонæг уыдис травматологийы корифей, зындгонд Илизаровы методæй Ирыстоны фыццаг чи спайда кодта – профессор Дзæхаты Сослан Дауыты фырт.

– Алцыдæр адæймаг истæимæ абаргæйæ базоны, – загъта мын иухатт кæддæр Елдзары-фырт. – Мæскуыйы куы райдыдтон кусын, уæд æххæстæй бамбæрстон Ирыстоны травматологон специалистты хъомысдзинад. Мæ ахуыргæнджытæй мæ алкæй дæр фæнды æрымысын: Борыхъуаты Еламурза Елзарыхъойы фырт, Баллаты Аслан Уасилы фырт, Хъарадзауты Хъазыбег Шамилы фырт æмæ ма сывæллæтты травматолог Дойаты Лидийа Знауыры чызг. Цалынмæ цæрон, уæдмæ æмæ ма кæд æцæг дунейы исты ис, уæд уым дæр уыдонæй уыдзынæн арфæйаг.

Цыппор æртæ азы размæ æвзонг хирург-травматолог Ирыстонæй æрцыд Мæскуымæ. Фондз азы фæстæ йын бинонтæ дæр уыд, чызг дæр ын райгуырд (фæстæдæр та лæппу дæр) æмæ ма хайады сæргълæууæг дæр сси. Раст куы зæгъæм, уæд йæ ног куысты тыххæй иуæй-иу зонгæтæ йын дзырдтой –  æрра исты дæ, кæдæм бацыдтæ, зæгъгæ, уымæн æмæ 59-æм рынчындоны травматологийы хайад уыцы рæстæджы тынг раууат уавæры уыдис: ихсыд къултæ, дзедзыройгæнæг пъолтæ, куысты æмæ хоскæныны уавæртæ – æдзæллаг.

Дыууын азы фæстæ дзы мæхæдæг федтон бынтон æндæр ныв: сыгъдæг æмæ рæсугъд уаттæ,  ифтонг кабинеттæ, цæхæркалгæ операцион агъуыстытæ, профессионалон дохтыртæ æмæ медицинон хотæ – алцыдæр нывыл сарæзтой рынчындоны разамынад æмæ Петр, цæмæй адæмæн уа фадæттæ се ‘нæниздзинад, хатгай та сæ цард, бахъахъхъæнынæн.

Дохтыр Елдзарты Петры уыцы азты-иу Швейцарийы имплантанттæ, инструменттæ, астæуыстæджы хирургийæйæн фиксатортæ æмæ æрхæджыты тоталон æгъдауæй ивынæн эндопротезтæуадзæг компанитæ арæх хуыдтой сæхимæ. Дунейы зындгонд фирмæтимæ æмгуыстад советон дуджы райдыдта, фæлæ сæ продукци æрмæст фæстаг азты уыйбæрц рапарахат æмæ алы пациентмæ дæр хæццæ кæнын райдыдта. Ныртæккæ  уæрæсейаг хуымæтæг клиникæты дæр тынг зын операцитæ кæнын райдыдтой. 15 азы размæ та Елдзарты Петрæн уый уыд йæ бæллиц.

Раззагдæр фæсарæйнаг компанитæ разæнгардæй уымæн куыстой  уæрæсейаг специалисттимæ, цæмæй сæ товар уæй кæной егъау Уæрæсейæн. Елдзарты Петр та бæллыд, тæхуды æмæ бæрзондтехнологон продукци Уæрæсе йæхæдæг куы райдайид уадзын. Æмæ цин кодта, Хуыцау хорз æмæ нын фæсарæйнаг медицинæйы æнтыстытæй пайда кæныны фадат уæддæр фæзындис, зæгъгæ. Уæлдай æхсызгонæй та йæ æз уæд базыдтон, канд Мæскуыйы нæ, фæлæ иннæ регионты дæр кæй ис бæрзондкъласон  хирургтæ-ортопедтæ.

Царды æнæнхъæлæджы фæзилæнтæ

Цалдæр азы размæ 59-æм мæскуыйаг горæттаг рынчындон медицинæйы оптимизацийы паддзахадон программæйы амæттаг сси – сæхгæдтой йæ. Æнæхъæн клиникæйы персонал æгуыстæй аззад.  Елдзары-фырт дæр афтæ. Нал ис абон физикон æгъдауæй йæ уарзон хайад дæр.

Азтæ æмæ тыхтæ цы хъуыддагыл радтæм, уый фесафын, æнæмæнг, уæлдай зын у. Фæлæ ахæм кризисон уавæры ног гæнæнты рудзынг фегом вæййы. Сæрæн адæймаг кæддæриддæр ссардзæн йæхицæн ноджы хуыздæр бынат. Сæрибар рæстæг фæзындис нæ дохтырæн æмæ дзы æнтыстджынæй спайда кодта. Уал азы дæргъы цы практикон фæлтæрддзинад райста, уый бындурыл ныффыста æмæ бахъахъхъæдта медицинон зонæдты докторы диссертаци: «Лечение больных с осложнениями и последствиями переломов длинных костей конечностей».

Бæрзонд, лæппуйау цæрдæг æмæ сагамад, Елдзарты Петр абон  у ортопед-травматолог, мануалон æмæ судзинрефлексотерапион дохтыр, травматологи æмæ ортопедийы кафедрæйы профессор  федералон Фæспрофессионалон Ахуырады академийы.

 

Пациенттæ фыссынц интернеты

2014 азы январы мын мæ сины сæвæрдтой тоталон протез. 4 мæйы фæстæ æз, 51-аздзыд нæлгоймаг, куыстмæ рацыдтæн. Бузныг зæгъын Петр Елиозы фыртæн йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ сызгъæрин къухты тыххæй. 

2004 азы лыстæг сæстытæ уыдис мæ къах. Тæрсын мæ кодтой, зæгъгæ, къуылыхæй баззайдзынæ. Петр Елиозы фырт мын мæ къах ногæй «æрæмбырд кодта». Рисгæ дæр мын нæ кæны, бæрзондзæвæтджын туфлиты цæуын дæр мæ бон у. Диссаджы дохтыр!

ДАМБЕГТИ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.