Йæ хæстæ æххæст кæнынмæ чи нæ зивæг кæны, йæхи цæвиттонæй æндæрты дæр чи разæнгард кæны, уыцы кусджытæй иу у Тедеты Маирбег. Ахæм хъуыдытæ мын æрæджы паддзахадон автоинспекцийы бæрæгбоны хæдразмæ загътой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы  разамынд. Æмæ, æцæгдæр, Маирбегы куыстæй æрмæст уагдоны разамонджытæ не сты райгонд, фæлæ æрвылбон дæр кæй фарсмæ балæууы, автоинспекцийы хæстæ кæимæ феххæст кæны уыдон, се ‘ппæт дæр. Алы æвзонг инспектор дæр фæтырны уымæ цæмæй йæ разы цы хæстæ ис, уыдон феххæст кæна Маирбегимæ. Уымæн æмæ Маирбег нæу быцæугæнаг, алы фарстыл дæр ахъуыды кæны бæстон æмæ æрмæстдæр уый фæстæ фæдомы йæ сæххæст кæнын дæр. Цы фарст фескъуыддзаг кæны, уым никуы фæрæдийы.

Маирбег цалынмæ Паддзахадон автоинспекцимæ  кусынмæ нæ бацыд, уæдмæ йæхи иттæг хорз равдыста фыццаг хæдæфсæддон къордтимæ фæстæдæр та Хуссар Ирыстоны æфсæддон тыхты. Цæвиттойнаг ахаст æмæ æнтыстыты тыххæй хорзæхджын æрцыдис Хуссар Ирыстоны Кады грамотæ æмæ майдантæй.

Фæстаг цалдæр азы нæ горæты машинæты нымæц дзæвгар кæй фæфылдæр, уый, кæй зæгъынæй хъæуы, хорз царды æмвæзадыл дзурæг у, фæлæ автоинспекцийы кусджыты раз, уæдмæ чи нæ уыдис, ахæм къорд зындзинæдтæ кæй фæзынд, сæ бакæнинаг куыстыты нымæц дзæвгар кæй фæфылдæр, уый дæр нæу дызæрдыггаг. Кæд машинæты хицæуттæ арæх сæ фæткхалæн цауты тыххæй иухуызон ахаст нæ равдисынц, иуæй иутæ дзы кæд сæхи фæткхалæн цауты фæстæ дæр фæнымайынц растыл, уæддæр уый Маирбегы нæ батыхсын кæны. Æнæ уæлдай тыхстдзинæдтæй сæ алкæмæн дæр ссары, цы йын хъуамæ зæгъа, уый æмæ сæ уæд  алчи дæр бамбары йæ рæдыд.

Маирбег уæлдай карздæрæй йæхи равдисы, машинæты хицæуттæй  нозтджын чи разыны, уыдонмæ. Йæ машинæ ист кæмæн æрцæуы, йæхи та бынатмæ кæмæн фæхæццæ кæны, уыдонæй ма бирæтæ фæстæдæр Маирбегæн бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ дæр фæзæгъынц, зæгъгæ, хорз у æмæ фарст ахæм хуызы скъуыддзаг æрцыдис, æндæра гæнæн уыдис æмæ æрцыдаид мæгуырау, рараст кæнæн кæмæн нал уыдаид, ахæм цау.

Маирбег тызмæг ахаст дары, ныййарджытæй машинæ кæстæрмæ, уæлдайдæр та машинæ скъæрыны бар кæмæн нæма ис, ахæмтæм чи радты, уыдонмæ. Ахæм ныййарджытимæ дæр Маирбег ссары иумæйаг æвзаг. Бацæуы сæм, бафæдзæхсы сæ æмæ сæ фылдæр йæ домæнтæй саразынц хатдзæгтæ, нал æруадзынц, уæдмæ цы рæдыд сарæзтой, ахæм. Чи йæм нæ байхъусы æмæ ма ахæм рæдыдтытæ чи саразы, уыцы хъомылгæнджытæ та фæдзæхст æрцæуынц ноджы карздæрæй.

Маирбег цы коллективы кусы, уыдонæй сæрыстыр, буц æмæ райгонд кæй у, уый йемæ ныхас кæнгæйæ æнæрахатгæ нæ фæдæн. Фылдæр æй  йæхи тыххæй нæ, фæлæ фæндыд уыдон тыххæй дзурын. Сæ бæрæгбоны тыххæй ма сын арфæ дæр ракодта. Бафæндыд æй, цæмæй сæ алчи дæр бæрæгбоныл сæмбæла хорз зæрдæйыуаг, стыр æмæ раппæлинаг æнтыстытимæ.

                                                                                            Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.