РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта Хицауады æмбырд, кæцыйы æркастæуыд «2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проекты фæдыл фарстмæ.

Рабадты райдианы паддзахады сæргълæууæг Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади æмæ финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæйæн бахæс кодта, цæмæй бюджетон организациты кусджыты æмæ паддзахадон службæгæнджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй бацæттæ кæной сразыдзинады проект.

«Æппæт процедурæтæ дæр æххæст æрцыдысты. Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ куыстмыздтæ ногæй нымад æрцæудзысты 2021 азы 1 ян-варæй», – фехъусын кодта Прези-дент.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ рахызтысты боны фæтк-мæ хаст фарстатыл æруынаффæ кæнынмæ. Хæбæлаты Азæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарстаты фæдыл хыгъдимæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ «2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Закъоны проект бакуыст æрцыд «2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 8-æм статьямæ гæсгæ. Ацы статьяйы нысан куыд цæуы, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы уынаффæмæ гæсгæ рахицæнгонд фæрæзты баззайæццæгтæ 2021 азы хардз цæудзысты уыцы нысæнттæн.

Афтæ ма хынцыд цæуынц «Бюджетон арæзтад æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 108-æм статьяйы уагæвæрдтæ. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй» 2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон азы райдианы ист кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ бюджетæн разамынд кæныны фæтк уыдис рæстæгмæ. Афтæ кæй уыди, уымæ гæсгæ ведомствотæн финансон фæрæзтæ хицæн цыдысты ивгъуыд азы бюджеты 1/12 хаймæ гæсгæ. Фæлæ ма уыимæ ис ахæм ситуацитæ æмæ ног бюджеты ахæм бæрæггæнæнтæ кæй нæй, афтæмæй та бахардз ис фæрæзтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ барасткæнинæгтæ фæхуымæтæгдæр сты, цæмæй уæлдай фарстытæ ма æвзæра Хицауадмæ æмæ Парламенты депутаттæм дæр. Банысан кодта, зæгъгæ, 2020 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæнынæн рахицæнгонд фæрæзтæй цы 201 929, 68 мин сомы баззад, уыдон хаст æрцыдысты 2021  азы бюджетмæ.

«Мах фыццаджыдæр цы аразæм, уый у ивгъуыд азы Инвестицион программæйы финансон фæрæзты баззайæццæгты ацы азмæ рахæссын. Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты 2020 азы 16 декабры уынаффæ хынцгæйæ, Инвестицион программæйы фæрæзтæй ацы суммæ здæхт æрцыд «Энергоресурсы» субсиди кæнынмæ, цæмæй  резервон электроадæттæн хахх техникон æгъдауæй иу æрцæуа. Фæлæ Парламенты сесситæ уагъд кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ барасткæнинæгтæ ист не ‘рцыдысты», – загъта уый.

Уыимæ ма финансты министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæйы бындурыл Уæрæсейы финансон æххуысæй 49200 мин сомы здæхт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны территорийыл ног коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы фæрæзтæй хардз не ‘рцыдис 8 милуан сомы.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Хицауад ивгъуыд аз ноябры мæйы райста уынаффæ Хуссар Ирыстонæн 79 милуан сомæй баххуыс кæныны тыххæй, фæлæ уыцы финансон фæрæзтæ дæр бюджеты æвдыст не ‘рцыдысты.

«Ацы æхцайы фæрæзты мах ныртæккæ дих кæнæм ахæм здæхтытыл, кæцытыл хъуамæ раздæр дих æрцыдаиккой. Мах нырмæ цы логикæмæ гæсгæ куыстам, уымæ гæсгæ уыцы фæрæзтæ хъуамæ хаст æрцыдаиккой Хицауады Резервон фондмæ. Фæлæ махмæ кусы закъоны нормæ, кæцымæ гæсгæ Президент æмæ Хицауады резервон фондты хæрдзтæ ма хъуамæ уой бюджеты æппæт хæрдзтæй 1 процентæй фылдæр. Ацы процент фæфылдæр кæныны хъуыды ист не ‘рцыд. Æмæ ацы фарстмæ мах никуыуал раздæхтыстæм. Уавæрæй мах рахызтыстæм Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады хах-хыл 63 милуан сомы аргъ ифтонггæрзтæ самал кæнынæй. Уый æвдыст æрцыд хицæн статьяйы. Иннæ хай хаст цæуы Хицауады резервон фондмæ», – радзырдта Хæбæлаты Азæ.

Боны фæткы ацы фарстыл Министрты кабинет схъæлæс кодтой æмхъæлæсæй.  Дарддæр закъоны проект æрвыст æрцæудзæн Парламентмæ.

Бибылты Анатоли радзырдта социалон хызæгты цы роликтæ æвдыстой, уыдоны тыххæй, цыран уый, Парламенты Сæрдар уæвгæйæ, хъусын кодта, зæгъгæ, пенситæ æмæ куыстмыздты фæдыл бюджеты статьятæ сты хъахъхъæдгонд.

«Мæн фæнды адæмæн зæгъын, æцæгæйдæр куыстмыздты 1\12 хай хъахъхъæдгонд кæй у æмæ лæвæрд кæй хъуамæ цæуа. Фæлæ афтæ зæгъæн нæй пенситы тыххæй. Уый бæлвырдæй нысан у Закъоны», – загъта Президент.

Уыимæ ма уый бамбарын кодта, зæгъгæ, хъæды хæдзарады управленийы æмæ архивон управленийы кусджытæн сæ бон нæ бацис куыстмызд бафидын. Уымæн æмæ реорганизаци кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ ногæй арæзт æрцыдысты 2020 азы августы мæйы æмæ фонды 1\12 хайы фæрæзтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фаг кодтой.

Рабадты ма уынаффæ цыдис Рукъы тъунелыл резервон электроадæттæн хаххы арæзтады фарстыл дæр. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта уый иттæг ахсджиаг æмæ уыцыиу рæстæджы зынаргъ чи лæууы, ахæм проект кæй у.

«Мах бирæ рæстæджы куыстам ацы фарстыл. Уыдис зындзинæдтæ, уыцы нымæцы финансон зындзинæдтæ дæр. Фæлæ нын уæрæсейаг специалисттæ баххуыс кодтой», – загъта Бибылты Анатоли. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æрвылаз дæр æртæ азы дæргъы Инвестицион программæйæ ацы проектæн хицæн цæудзæнис 191 милуан сомы, техникон æгъдауæй та йæ баиу кæндзысты ацы азы кæрон.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.