РАМБЫЛДТОЙ ДЫУУÆ СЫГЪЗÆРИН МАЙДАНЫ

РХИ-йы спортивон историйы фыццаг хатт хуссарирыстойнаг богалтæ дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майданы рамбылдтой, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты, кæцы уагъд цыд Иркутскы. Хуссарирыстойнаг богалтæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд иууыл уæззаудæр уæзты категориты.

125 кг уæзы категорийы финалы фембæлдысты цхинвайлæгтæ Бестауты Андрей æмæ Зассеты Арсæмæг. Афтæмæй уыдон сфæлхатт кодтой дыууæ азы размæ Иркутскы финал. Уæд хæцыдысты 18 онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Уыцы тохы хуыздæр цæттæ разынд Зассеты Арсæмæг. Фæлæ ныр та хуыздæр йæхи равдыста Бестауты Андрей æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Арсæмæг та бацахста дыккаг бынат.

Ирон богалтæй ноджы иу сыгъзæрин майдан та рамбылдта Дзæгъиаты Сослан. Уый  97 кг уæзы категорийы акодта 5 тохы æмæ иу балл дæр нæ радта йæ ныхмæлæуджытæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ нæ республикæйы богалтæн иууыл уæззаудæр тохтæ кæй рауадысты дагъыстайнаг спортсментимæ. Уыдоны ‘хсæн разынд ахæмтæ дæр, кæцытæ сæхи æвдыстой æнæспортивон æгъдауæй. Фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ уыдоныл фæуæлахиз сты, афтæ ма уыимæ иумæ равдыстой фидар удыхъæд æмæ хиуылхæцындзинад.

 

АРМСПОРТ

Спорт

Расгуыхтысты хуссарирыстойнаг армхæцджытæ дæр. Горæт Омскы уагъд цыд æппæтуæрæсейон гом турнир «Сибирский медведь». 110 кг уæзы категорийы ерысты уæлахиздзау ссис Гасситы Сослан. Уый йæ ныхмæлæуджытæй тыхджындæр уыд рахис къухæй дæр æмæ галиуæй дæр. Финалы фæуæлахиз зындгонд армхæцæг, спорты сгуыхт дæсны Артем Гришиныл.

Нæ республикæйы армрестлингы скъолайы хъомылгæнинæгтæ ма архайдтой уæлдæр ахуырадон уагдæтты ‘хсæн Белгороды уагъдцæуæг ерысты. Йæ уæлахиздзаутæ систы Хæбæлаты Арсен (80 кг) Сиукъаты Родион (70 кг) æмæ Дыгъуызты Миленæ (80 кг). Хæбæлаты Арсен æмæ Дыгъуызты Миленæйы тренер у Джиоты Валери. Сиукъаты Родионы та цæттæ кæны Коцты Дмитри.

 

ШАШКÆТÆ

Космосмæ Юрий Гагарины атахтыл 60 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шашкæтæй.

Ерысты ныр æртыккаг аз уадзынц Уæлдæр спортивон дæсныйады скъола æмæ шашкæты федераци. Турнир уагъд цыд дыууæ боны. Хайад сæ райстой республикæйы столицæ æмæ районты минæвæрттæ, афтæ ма Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ. Фыццаг бон сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 11 чызджы. Уыдон иууылдæр уыдысты иу къорды. Партитæ иууылдæр акæнгæйæ, иууыл хуыздæр йæхи равдыста Цъинагары минæвар Хуыбылты Оксанæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста дменисаг Лолоты Линæ æмæ æртыккаг та ссис Дменисы иннæ минæвар Къæбулты Кристинæ. Ноджы цымыдисондæр рауадысты нæлгоймæгты ‘хсæн ерыстæ. Турнир байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой Гуыззыдтаты Аристоры рухс ном, кæцы йæ цардæй ахицæн æрæджы. Уый æрвылхатт дæр активон хайад иста шашкæтæй ерысты.

Турниры призтыл тох кодтой 14 хъазæджы. Уыдон дих уыдысты дыууæ къордыл. «Нæ ерысты хайад исынц шашкæтæй республикæйы иууыл тыхджындæр хъазджытæ. Уыдонæн сæ районты уагъд æрцыдысты æвзарæн хъæзтытæ æмæ сæ чи фæуæлахиз, уыдон ныр хайад райстой нæ ерысты», – банысан кодта РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Лолоты Барис.

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ финалмæ ахызтысты, сæ дæлкъордты фыццаг бынæттæ чи бацахстой, уыдон. Иууыл хуыздæр сæхи равдыстой Знауыры районы минæвар Плиты Вячеслав æмæ цхинвайлаг Лалыты Павел æмæ фембæлдысты турниры финалы. Ам спортивон амонд бахудт Плиты Вячеславмæ æмæ ссис турниры уæлахиздзау, Лалыты Павел та ацыд дыккаг бынатыл. Ерысты бронзæ майдан та рамбылдта Цхинвалы районы спортивон кад хъахъхъæенæг Джиоты Руслан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.