Персаты Арнеллæйыл абон, 2-æм июны сæххæст 2 азы. Уымæн æртæ мæйы размæ дохтыртæ сбæрæг кодтой карз низ. Сывæллонæн хус кæнын райдыдтой йæ астæумагъзы нуæрттæ. Уыцы низ у гене-тикон  æмæ йын хос нæй Уæрæсейы Федерацийы. Дохтыртæ куыд бамбарын кодтой, афтæмæй, дыууæ азмæ сабийæн хос куы нæ æрцæуа, уæд нуæрттæ хус кæнын райдайдзысты, астæу ныззылын уыдзæн æмæ йæ хуылфыдзаума хъыгдард цæудзысты. Хъæудзæнис æй медицинон вентиляци кæнын, кæннод йæ бон нал уыдзæнис ныхъуырын.

Куыд рабæрæг, афтæмæй фæсарæнты хос ис ацы карз низæн, фæлæ йæ аргъ у 160  милуан сомы. Сабийы ныййарджытæ сты хуымæтæг бинонтæ Персаты Зауыр æмæ Баситы Дианæ, уыдон ахæм æхцатæ уынгæ дæр никуы фæкодтой. Сæ чысыл хуры ирвæзын кæныны тыххæй бангы хыгъд бакодтой канд Цæгат Ирыстон нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны дæр. Сæ тыхстдзинад æгас дунейыл фехъусыны нысанæн лæгъстæ кодтой, цæмæй сын баххуыс кæной, йæ бон кæмæн куыд суа, афтæ. Ныййарджыты фарсмæ балæууыдысты блогертæ, волонтертæ, æхсæнадон архайджытæ, фæсивæдон организацитæ. Чысыл Арнеллæйæн баххуыс кæныны нысанæн Хуссар Ирыстоны дæр уагъд æрцыд хæрзаудæн концерт киноконцертон зал «Чер-мен»-ы. Магазинтæ æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты сæвæрдтой æхцаæмбырдгæнæн асыч-чытæ æмæ афтæмæй æрæмбырд бæрæг æхцайы фæрæзтæ. Арнеллæйы мад Баситы Дианæ у Хуссар Ирыстонæй ацæугæ æмæ тынг йæ зæрдæ дардта, кæй разындзæн ахæм адæймæгтæ дæр, Ирыстоны хуссар фарс, кæцыты бафæнддзæн баххуыс кæнын сæ чысыл хæрæфыртæн. Персаты бинонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй Хуссар Ирыстоны дæр гыццыл чызджы ирвæзыны тыххæй æмбырд æрцыд 2 милуан сомы бæрц.

Персаты бинонтæн алы сæдæ сомы дæр уыд стыр æххуыс æмæ уый æмбаргæйæ, нæ горæты 2-æм иумæйаг ахуыргæнæн скъолайы хистæркъла-сонтæй æртæйæ Дзанайты Азæмæт, Фæрниаты Алан æмæ Кокойты Денис скъолайы мидæг ауагътой акци. Ам цы чысыл æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд, уыдон дæр ахынцыдтой, Арнел-лæйы мадæн банджы цы хыгъд баконд æрцыд, уырдæм.

Персаты мыггаг иууыл тынгдæр фæтыхстысты, бæстæйы цы пандемия ахæлиу, уый аххосæй. Америкæйаг доллар хæрдмæ хизын куы райдыдта, уæд бынтон сæ ныфс ацъæл, загъдгонд суммæ сæмбырд кæныны ныфс сæ нал уыд.

Фæлæ хуыцауысконд адæм бирæ ис, Арнеллæйæн баххуыс кæныны нысанæн спортивон бло-гер Евгений Савин рахицæн кодта 500 мин сомы. Æмæ та чызджы мад социалон хызæгты ракодта арфæйы ныхæстæ: «Стыр бузныг æцæг адæймаг Евгений Сави-нæн! Цæгат Ирыстон-Аланийы суанг гыццыл лæппутæн дæр зындгонд æмæ уарзон дæ! Ирон чысыл чызджы рыст дæ зæрдæмæ хæстæг кæй айстай, уый тыххæй дын мæ сæрæй ныллæг кувын».

Цæгатирыстойнаг зынгæ зарæггæнджытæ Куыдзаты Азæ-мæт æмæ Бурнацты Сослан, кæцыты музыкалон псевдонимтæ сты Andy Panda Персаты Арнеллæйы тыххæй ныффыстой зарæг «Utopia». Зарæджы мидис афтæ арф у æмæ музыкæ æмбарджытыл бандæвта иттæг.

Музыкантты фанаттæ-рэпертæ дæр бæрæг æххуыс бакодтой рынчын чызгæн.

Хæрзаудæн хъуыддагмæ сæ хайбавæрд ноджыдæр бахастой УФ-йы журналисттæ, артисттæ, спортсментæ æмæ ма бынтон хуымæтæг ацæргæ адæм дæр, кæцытæ сæ пенсийы иу хай радтой гыццыл чызджы фервæзын кæныны нысанæн. Фæлæ уæддæр æмæ та уæддæр уыцы æхцатæ нæ фаг кодтой препарат балхæнынæн.

Персаты Арнеллæйы фервæзын кæнынæн ма цы  æхцайы фæрæзтæ хъуыд, уыдон баххæст сты Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Дзæуджыхъæуы футболон клуб «Алани»-йы  меценаттæ Гуыриаты Владимир æмæ Тамерланмæ фæсидт æххуысмæ. Ныр уыдон фæрцы суммæ баххæст. Арнеллæйы  цы суммæ хъуыд, уый, дыууæ милуан доллары аргъ препарат Zolgensma ныридæгæн æлхæд æрцыд Америкæйы Иугонд Штатты. Уый ныртæккæ ис Мæскуыйы. Ацы препарат ын арæзт куы æрцæуа, уæд ныфсбавæрæн ис, йе ‘нæниздзинад йæ гаччы кæй сбаддзæнис, уымæй.

       Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.