Цæгатирыстойнаг рэп-зарæггæнджытæ Кудзаты Азæмæт (MiyaGi) æмæ Бырнацты Сослан (Andy Panda) 7 118 € арвыстой стæм генетикон низæй рынчын Персаты Арнеллæйы хыгъдмæ. Ацы хабар Арнеллæйы Instagramы   ныффыстой чызджы ныййарджытæ. Æхца æрæмбырд кодтой   сабийы номыл рэперты европæйаг туры фæлгæтты Берлины æмæ Прагæйы концертты рæстæджы.

Ныридæгæн алыхуызон акцитæ æмæ зæрдæхæлар адæмы æххуысæй Арнеллæйæн æмбырд  æрцыд 40 млн сомы бæрц, хъæугæ та кæны 2 400 000 $. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, Персаты Арнеллæ райгуырд фæсонты-нуæртты атрофиимæ, уый у стæм генетикон низ, ис ын зынаргъ хос – препарат Zolgensma, амынд препаратæй баххæстгæнæн ис хъыгдард ген. Хосæй спайда кæнын хъæуы, цалынмæ чызгыл 2 азы нæ  сæххæст уа, уæдмæ. 2-æм июлы Арнеллæйæн йæ Гуырæн бон у… Ныртæккæ ацы æхцайы фæрæзтæ фаг не сты.

Уымæй дарддæр ма Куыдзаты Азӕмӕт ӕмӕ Бырнацты Сослан Персаты Арнеллӕйӕн снывонд кодтой сӕ ног зарӕг “Utopia”.

“Ацы трек мах ныффыстам, цалынмӕ Арнеллæйы тыххӕй базыдтам, уӕдмӕ. Уый фӕдыл абон ацы зарӕджы ныхӕстӕн ис ноджы фылдӕр мидис, ноджы тынгдӕр баззайынц хъуыдыйы”, – ныффыста Instagram-ы   Бырнацты Сослан. Зарӕджы дзырд цӕуы идеалон ӕхсӕнадыл, цы ран сывӕллӕтты цӕрдтӕн аргъ нæй.

“Мах нывонд кӕнӕм ацы зарӕг Персаты Арнеллæйӕн ӕмӕ ӕндӕр сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц уӕззау низтимӕ”, – ныффыста уый.

«Нæ фарсмæ æрбаллæуыдысты артисттæ æмæ блогертæ. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ æххуыс кæны. Чи сæдæ сомы, чи – цас. Суанг ма нын 5 сомы чи æрбарвыста, ахæм дæр разынд. Алкæмæн дæр стыр бузныг зæгъæм. Адæмы æххуысæн стыр тых ис», – зæгъы Арнеллæйы мад Баситы Дианæ.

Чызджы мад куыд зæгъы, афтæмæй йæ низ генетикон у. Рагацау ын æй кæй не сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ алы минут дæр ахсджиаг у.

Арнеллæ йæ æмбаргæ дæр нæма кæны, йæ цардыл ын иууылдæр кæй тох кæнынц, уый. Иннæ сывæллæттау, уый дæр хъазы хæдзарон цæрæгойтимæ. Худы, архайы йæ кæстæр æфсымæрæн хорз хо уæвыныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.