27-æм июны – Фæсивæды дунеон боны цытæн куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр цалдæр боны дæргъы уагъд цыдысты спортивон æмæ культурон мадзæлттæ. Ацы рухс бæрæгбоны паддзахадон драмон театры цытджын уавæрты хистæр фæлтæр схорзæхджын кодтой фæсивæды минæвæртты, афтæ ма сæ райстой бирæ хъарм æмæ арфæйы ныхæстæ. Ацы бон ма у нæ республикæйы Фæсивæды политикæ æмæ спорты комитеты сырæзты бон дæр, сæххæст ыл ис 27 азы. Зал йемыдзаг уыд æрыгон рæсугъд æмæ хъæлдзæг фæсивæдæй. Уыдон сты, цард дарддæр чи кæндзæн, æмæ нын нæ паддзахад чи размæ кæндзæн, ахæм фæлтæр.

Цытджын мадзалы хайад райстой нæ республикæйы Хицауады сæрдары хæдивæг, РХИ-йы Экономикæйы райрæзты министр Тадтаты Дзамболат, РХИ-йы Культурæйы министры хæ-дивæг Мамиты Григори, университеты ректор Тедеты Вадим, афтæ ма нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты бындурæвæрджытæ æмæ йæ раздæры сæргълæуджытæ, бирæ азты дæргъы рæзгæ фæлтæры хъомылады активон хайад чи иста, уыдоны иу хай: Плиты Серго, Тыбылты Инал, Джиоты Руфин, Зассеты Серго æмæ æндæртæ.

Райдианы æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, Ирыстоны хъæбултæй Украинæйы зæххыл чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ æмæ уый фæстæ сценæмæ рахуыдтой Тыбылты Иналы. Уый йæ арфæйы ныхæсты фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фæсивæд куыд спорт, культурæ, афтæ æндæр къабæзты дæр кæй сты фыццаг рæнхъыты, уый. «Абон нæ бæстæйæн уæззау рæстæджы нæ хъæбатыр æмæ æрыгон фæсивæд æрбалæууыдысты сæ уырыссаг æфсымæрты фарсмæ æмæ æххæст кæнынц рæстаг æмæ ахсджиаг хъуыддаг. Украинæйы зæххыл йæ мæлæт чи ссардта, уыцы хæстонты рухс нæмттæ махæй никуы уыдзысты рох. Сæрмагонд æфсæддон операци чи æххæст кæны, уыдон та нæм рæхджы уæлахизимæ цы æрыздæхой, уыцы арфæ сæ уæд Хуыцауæй», – загъта уый.

Плиты Серго та банысан кодта, царды сæйраг нысан фæсивæд кæй сты æмæ паддзахады размæцыд дæр уыдонæй аразгæ кæй у, уый. «Алкæцы ныййарæг дæр фæтырны, цæмæй йæ хъæбултæ адæмы рæгъы рацæуой æмæ æхсæнады æрцахсой аккаг бынат. Фæсивæдон комитетæн кæд алыгъуызон нæмттæ-иу уыдис, уæддæр йæ нысан иу – æрыгон фæлтæримæ кусын. Уыдонæн хъæуы хъомыладон беседæтæ æмæ дискусситæ уадзын. Дыккаг рады та сты хиирхæфсæн мадзæлттæ уадзын.

Æвзонгады нысаниуæгджын бон

Ирон адæм, ирон фæсивæд æндæр нацитæй хъуамæ хицæн кæной се ‘гъдау æмæ сæ уæздандзинадæй. Ууыл та сæ хъуамæ ахуыр кæнæм мах – хистæртæ», – банысан кодта Плиты Серго.

Нæ республикæйы къухдариуæгады номæй фæсивæдæн арфæйы ныхæстæ загъта Тадтаты Дзамболат. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æппæт дæр арæзт цæудзæнис нæ фидæны фæлтæрты хæрзиуæгæн, уымæн æмæ паддзахады стыр ныфс кæддæриддæр сты фæсивæд. «Фæнды мæ раарфæ кæнын Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдарæн йе нтыстджын куысты тыххæй. Уый архайы, цæмæй нæ фæсивæд размæдзыд уа æмæ нæ лæппутæ æмæ чызджытæ иннæты æхсæн уой аккагдæртæ. Мах арæх æвдисæн вæййæм рæзгæ фæлтæрты стыр æнтыстытæн æмæ сæ сæрыстыр у Ирыстон», – загъта министр.

Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæргълæууæг Хубежты Руслан бæрæгбоны цытæн хорзæхтæ радта, нæ республикæйы ацы азы рауагъдонтæй сыгъзæрин æмæ æвзист майдантыл ахуыр чи фæцис, уыдонæн. Афтæ ма комитеты грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны ном дунейæн чи базонын кæны, уыцы спортсментæ. Университеты студентон фæсивæд æмæ республикон мадзæлтты активистты дæр схорзæхджын кодта Кады грамотæтæй.

Æвзонгады нысаниуæгджын бон

Фæсивæды боны цытæн уыдис концерт. Уым хайад райстой нæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ æмæ популярон зарæггæнджытæ. Ирон æмæ уырыссаг зарджытæй сценæмæкæсджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой Бекъойты Вано, Гатыгкоты Нинæ, Лалыты Альберт, Икъаты Миленæ, Дзуццаты Тимур æмæ æндæртæ. Концертон программæ уæлдай цымыдисондæр рауад хореографион скъола-студийы ансамбль «Кафт»-ы хайадистæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.