Нæ республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ паддзахадон драмон театр æмæ «Симд»-ы артисттæ гастролон балцы уыдысты горæт Ульяновскы. Уыдон уырыссаг сценæмæкæсджыты дыууæ боны дæргъы зонгæ кодтой ирон культурæ æмæ традицитимæ. Ивгъуыд дыццæджы изæрæй сфæлдыстадон галуан «Губернаторский»-ы нæ паддзахадон ансамбль равдыста солон концерт. Концерты программæйы сты фылдæр кæфтытæ. И. Гончаровы номыл драмон театры сценæйыл та ульяновскаг сценæмæкæсджытæ аргъ кодтой Роман Габриайы æвæрд спектакль «Къоста»-йæн.

Хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон коллективтимæ  ацыдис Культурæйы министр Зæгъойты Рада дæр. Уымæн дыццæджы официалон фембæлд уыдис Ульяновскы областы хицауады сæрдар Владимир Разумковимæ  æмæ æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы æмгуыстады тыххæй культурæйы фадыджы. Фембæлды хайад райста Ульяновскы областы аивад æмæ культурон политикæйы министр Евгения Сидорова дæр.

Фембæлды рæстæджы Владимир Разумков, фыццаджыдæр, арфæ ракодта Зæгъойты Радайæн, кæй сæм фæуазæг, уый сæраппонд æмæ банысан кодта, Ульяновскы область æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн культурон æмгуыстад активонæй кæй рæзы æмæ кæй фидар кæны, уый. «Ацы аз фæззæгмæ план кæнæм, цæмæй Хуссар Ирыстонимæ бафыссæм æхсæнхицауадон сразыдзинад дыууæ бæстæйы æмгуыстады фæдыл канд культурæйы нæ, фæлæ ма æндæр фадгуыты дæр. Махæн тынг æхсызгон у, ирон культурæимæ æввахс дæр кæй базонгæ стæм, уыцы хъуыддаг æмæ уын зæгъын бузныг», – банысан кодта Владимир Разумков.

Йæ рады Зæгъойты Рада дæр арфæ ракодта хицауады сæрдарæн, тынг хорз сæ кæй суазæг кодтой, уый сæраппонд æмæ банысан кодта, зæгъгæ, стыр æхсызгонæй Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр регионтимæ Хуссар Ирыстон бастдзинæдтæ аразы æмæ сæ фидар кæны æмгуыстады фæлгæтты. «Мæ коллегæ Евгения Сидороваимæ культурæйы фадыджы бындур æрæвæрдтам æмгуыстады райрæзтæн, уымæн æвдисæн нæ абоны гастролтæ дæр», – загъта министр.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.