Ирыстойнаг дохтыр сарæзта уырыссаг-ирон æмæ туркаг-ирон дзырдуæттæ сывæллæттæн рæсугъд нывтимæ. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ офтальмолог Дзанайты Маринæ сывæллæттæн сарæзта йæ фыццаг дзырдуат, цæмæй баххуыс кæна йæ хъæбулы хъæбултæн ирон æвзаг сахуыр кæнынæн. Дзырдуат стыр нæ рауад, фæлæ у рæсугъд æмæ бирæты зæрдæмæ фæцыд. Уæд аскъуыддзаг кодта чысыл тиражæй йæ рауадзын, кæцы йæ рауагъды фæстæ Ирыстоны ссис популярон. Ныртæккæ дзы пайда кæнынц райдиан кълæсты æмæ сабидæтты уроктыл.

«Хъæбулы хъæбултæ мын куы фæзынд, уæд аскъуыддзаг кодтон уыдонæн дзырдуат саразын, кæцы фæцыд алкæйы зæрдæмæ дæр. Уæд мæм фæзынд тираж рауадзыны идея дæр. Уый уайтагъд дæр балхæдтой Ирыстоны æмæ Мæскуыйы. Ивгъуыд аз тираж сфæлхатт кодтон. Уый фæстæ мæм фæзынд туркаг-ирон æвзагыл дзырдуат саразыны идея», – радзырдта Дзанайты Маринæ

Фæстæдæр чысыл тиражæй рацыд сывæллæттæн туркаг-ирон дзырдуат дæр. Дзанайты чызг дзы иу парти балæвар кодта Турчы ирон диаспорæйæн. Дзырдуаты автор æмæ Турчы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттинæн фембæлд уыд Стамбулы. 15-æм июны фембæлд  сорганизаци кодтой Албегаты Лейлæ æмæ Сухейла.

Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Дзанайты Маринæйæн йæ лæвары тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «абон ирæттæн иууыл сæйрагдæр проблемæ хъуамæ уа ирон æвзаг бахъахъхъæнын».

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.