Дыууæ боны дæргъы Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынты нымæц у 137 бæрц. Бæстæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ нæй зæгъæн, æмæ къаддæр кæнынц рынчынтæ.

Дыууæ боны дæргъы нæ рынчын æмбæстæгтæй сæнæниз æмæ хæдзæрттæм рафыстой 63 адæймаджы, медицинон уагдæтты хыгъдтæй ист æрцыдысты 185 адæймаджы, кæцытæ контакт кодтой рынчын адæймæгтимæ.

 Ацы инфекцион хæцгæ низы фæстиуæгæн  Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй фæхъуыд 11 адæймаджы.

Иумиагæй сисгæйæ, Югосетпотребнадзоры ПЦР лабораторийы ацы азы дæргъы ацы низ рабæрæг кæныны фæдыл арæзт æрцыд 7 мин тесты.

Дезинфекци цæуынц уынгтæ æмæ уагдæттæ

Хуссар Ирыстонмæ æххуысмæ цы уæрæсейаг Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ æрцыдысты, уыдон специалисттæ радиацион, химион æмæ биологон хъахъхъæнынады дæлхæйттæ коронавирусон инфекци апарахат кæнын ма ‘руадзыны фæдыл дезинфекци кæнынц уынгтæ æмæ уагдæттæ.

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады Хуссар æфсæддон зылды иугонд отряды æфсæддон службæгæнджытæ сдезинфекци кодтой нæ горæты хуыйæн фабрикæ БТК-4 бæстыхай æмæ  уымæ æввахс территори æмæ фæндæгтæ. Уымæй дарддæр дезинфекци æрцыдысты æндæр уагдæттæ æмæ бæстыхæйттæ, горæты къорд уынгтæ.

Радиацион, химион æмæ биологон хъахъхъæнынады батальоны командир, дæлбулкъон Евгений Андреев куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы мадзæлтты хайад исынц 15 службæгæнæджы æмæ æртæ æфсæддон машинæйы. Уыдон сты мобилон комплекстæ – аэрозолон дезинфекци æмæ автоуадзæн станц.

 Æмткæй сисгæйæ, ацы æфсæддон службæгæнджытæ сдезинфекци кодтой 128 мин квадратон метры алыгъуызон уæлцъар, адæм кæм æмбырд кæнынц æмæ иумиаг пайдайы фæндæгтæ. 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.