Ныртæккæ æхсæнады æмæ къухдариуæгады хъусдард здæхт у бæстæйы ко-ронавирусон инфекци активонæй кæй парахат кæны, уыцы уавæрмæ. Уый фæдыл уавæр бæстонæй базоныны нысанæн республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæ информацион фæрæзтæн радзырдта рынчынты нымæц æмæ уавæртыл – инфекцион хайад æмæ сывæллæтты рынчындоны уыдон сты дыууæсæдæйы бæрц, уыдон нымæцы ис уæззау рынчынтæ дæр. 30 фылдæр рынчын та сты уæрæсейаг æфсæддон госпиталы. Æрвылбон рынчындонмæ цы рынчынтæ бахауы вирусы фæстиуæгæн, уыдон нымæц у алыгъуызон, кæй рафыссынц, уыдон нымæц дæр – афтæ. Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ уæззау чи у, уыдон аласынц республикæйæн æддæмæ. Хъыгагæн, ис дзы амæлыны цаутæ дæр.

Уый бахатыд цæрджытæм, цæмæй сæвзæргæ уавæрæн æмбæлон аргъ скæной. Хъахъхъæнынады министрад цы бæрæг фæтк сфидар кодта, уый хынцыд цæуа æмæ æнæниз æмæ рынчын æмбæстæгтæ кæрæдзийыл ма æмбæлой медицинон центры территорийыл. Уымæй максималон æгъдауæй къаддæр уыдзæн республикон бирæпрофилон медицинон центры территорийыл низ парахат кæныны хъуыддаг.

Джиоты Элеонорæ сиды, карз респираторон вирусон инфекцийæ рынчын æмбæстæгтæм, цæмæй сæхи лæмæгъ куы фæхатой, уæд зæронд гуырæн хæдзары цы исæн хайад кусы, уырдæм бацæуой райсомы фараст сахатæй изæры цыппар сахатмæ. Уым басгарынц пациентты, бæрæг цæуы сæ уавæр цас уæззау у, æмæ йæ кæд госпитализаци хъæуы, науæд ын амбулаторон хос кæныны рекомендацитæ раттынц. Уымæй дарддæр ма сын бынаты бахъуаджы рæстæджы арæзт цæуы коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны фæдыл тесттæ.

Сæйраг инфекционисты ныхæстæм гæсгæ рынчын æрвыст цæуы бæрæг басгæрстмæ – риуы гуыдыры органтæн арæзт цæуы рентгенографи кæнæ компьтерон томографи. Уыцы басгæрст уагъд цæуы, æрмæстдæр, дохтыры амындмæ гæсгæ.

Нæ Республикæйы медицинон персонал ныртæккæ сты нæ дуджы хъайтартæ. Уыдоныл уæлдай уæз æрцыд ацы æнæуынгæ мæлæтхæссæг знаджы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы. Сæйраг   инфекционисты ныхæстæм гæсгæ нæ фаг кæны персонал, уымæн  æмæ бирæ кусджытæ фæрынчын сты ацы вирусæй.

Уый æрсидт нæ бæстæйы цæрджытæм, кæд æмæ искæмæ уыцы фæндондзинад ис, уæд баххуыс кæна нæ медицинæйы кусджытæн. Уымæн  æмæ нæ фаг кæны алыгъуызон кусджытæ æмæ æхсызгонæй райсдзысты алкæй дæр. Ныридæгæн ахæм æвзыгъддзинад равдыстой дыууæ лæппуйы, кæцытæн æххуыс кæны скъоладзау дæр æмæ æххуыс кæнынц рынчындоны кусджытæн, туаггуыры балæттæ рахæсс-бахæсс кæнынæй. 

Коронавирусон инфекцийы рапарахат кæнын ма бауадзыны нысанæн нæ республикæмæ цы уæрæсейаг Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон-быдырон бирæфункционалон госпиталь æрцыд, уыимæ цæуы æнгом куыст. Уый кусджытæ хайад исынц пациенттæ исын æмæ сæ сæ уавæрмæ гæсгæ дих кæныны хъуыддаджы, æххуыс кæнынц реанимацийы дæр.  

Джиоты Элеонорæйы ныхæстæм гæcгæ, инфек-цион хайад æмæ сывæллæтты рынчындоны рынчынтæн сынтæджытæ фæфылдæр кæныны фæдыл ист  цæуынц мадзæлттæ. Медикаменттæй ифтонг кæныны фæдыл дохтыр банысан кодта, кæй æмбæлынц зындзинæдтыл, фæлæ уый æмрæнхъ иууыл æнæмæнгхъæуæг медикаменттæй ис фæсауæрцтæ æмæ æдзух фылдæр цæуынц.

Нæ бæстæйы медперсонал ноджыдæр æмæ ноджыдæр сидынц адæммæ, цæмæй сæхи хизой ацы æнæхайыры вирусæй. Хæдзары бинонтæй кæд исчи рынчын у, уæд иннæтæ дæр æхсæнадон бынæттæм ма хъуамæ цæуой. Афтæмæй бахъахъхъæндзыстæм нæхи дæр æмæ, цы адæмимæ æмбæлæм, уыдон дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.