Ныртæккæ нæ бæстæйы сæйраг хъусдард æмæ æппæт тыхтæ дæр здæхт сты эпидемиологон уавæр æрбæстон кæнынмæ. Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæ æрæджы информацион фæрæзтимæ брифингы рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, кæд низ цадæггай фæстæ алæууыд, фæлæмæгъдæр, уæддæр нæ нырма хъæуы цырддзаст уæвын.

Иу боны дæргъы ацы низ рабæрæг кæныны нысанæн цы иртасæн куыстытæ арæзт æрцæуы, уыдон иумиаг нымæцмæ гæсгæ бæрæг у, ацы хæцгæ низæй рынчынты нымæц куыд къаддæр кæны. Уымæн æвдисæн у бæстæйы æнæниздзинады уагдæтты рынчынты нымæц. Ууыл дзурæг ма у ноджы иу хъуыддаг, ацы низы фæстиуæгæн цы æмбæстæгтæ фæхъуыд не хсæнæй, уыдон нымæц дæр фæкъаддæр.

Æмæ цæмæй ацы æвæрццаг динамикæ хъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй низ апарахат кæныны фæдыл бæстæйы оперативон штабы уынаффæмæ гæсгæ 15 декабрмæ фæкъуын-дæггонд мадзæлттæ адарддæр кодтой.  Сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, уыцы мадзæлтты цæмæй фæхуымæтæгдæр кæной, уый тыххæй инфекци парахат кæныны коэффициент ма хъуамæ уа 1,0 фылдæр æмæ хосгæ-нæн уагдæтты сæрибар сынтæджыты фонд дæр хъуамæ уа 58 проценты къаддæр.

Югосетпотребнадзоры сæргълæууæг сиды, ацы вирусæй чи фæрынчын, уыцы æмбæстæгтæм, цæмæй сæхæдæг ма хос кæной сæхицæн хæдзарон уавæрты, уымæн æмæ ацы инфекци у тынг тæссаг инфекци, уæлдайдæр алыгъуызон хроникон низтæй чи тыхсы, ахæмтæн. Мах, зæгъгæ, ныртæккæ тох кæнæм тæссаг вирусы ныхмæ. Æмæ махæй алкæуыл дæр баст у, куыд ыл фæуæлахиз уыдзыстæм, уыцы ахсджиаг хъуыддаг.

Хуссар Ирыстоны    лабораторийы куысты тыххæй

Брифингы рæстæджы бæстæйы Сæйраг санитарон дохтыр куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны ПЦР лабораторийы кусджытæ ацы аз марты мæйæ фæстæмæ, нæ æмбæстæгтæн коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны нысанæн сарæзтой дæс мины бæрц иртасæн куыстытæ. Уыцы иртасæнты иумиаг нымæцæй 34 процентæн уыд æвæрццаг фæстиуæг. Нæ лабораторийы кусджытæ, Уæрæсейы æнгæс организациты куыстмæ абаргæйæ, кусынц тынг бирæ, сæ уæхсчытыл æрæнцад егъау уæз.

«Уыдон дæр фæллайынц, рынчын дæр кæнынц, сæ хъарутæй фылдæр кусынц, цæмæй аххæссой алы рынчыныл дæр. Лабораторийы дыууæ дохтырæй ныртæккæ иу рынчын у, æмæ иннæ уыцы егъау куыст райста йæхимæ.

Уымæй размæ дæр куыннæ рынчын кодтой лабораторийы иннæ кусджытæ дæр, фæлæ мах бахатыдыстæм Роспотребнадзормæ нæ коллегæтæм æмæ нын бакодтой методикон æмæ практикон æххуыс», – дзырдта ныхасгæнæг.

Дарддæр уый æрдзырдта ПЦР диагностикæ аразыны цалдæр этапыл, зæгъгæ, уый у тынг уæззау æмæ зын куыст, домы бирæ хъусдард æмæ тыхтæ. Кусджытæ фæллайынц, фæлæ кæнынц намысджын æмæ цæсгомджын куыст.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, ацы лаборатори арæзт кæй æрцыд Югосетпотребнадзоры базæйыл 2017 азы. Ифтонггæрзтæ та йын амал æрцыд 2011 азы æмæ дæргъвæтин куыст, тыхтæ æмæ хъаруты руаджы скуыста 2017 азы. Уыцы хъуыддаджы сæ фарсмæ балæууыд æмæ сын баххуыс кодта бæстæйы сæргълæууæг Бибыл-ты Анатоли. Ныртæккæ лаборатори ифтонг у тест-системæтæй. Уымæй та сын стыр æххуыс бакодта Уæрæсейы Роспотребнадзор йæ къухдариуæггæнæг Аннæ Поповайы сæргъ-лæудæй. Ныртæккæ дæр æнхъæлмæ кæсынц лабораторион æрмæджытæм, уыдон амал кæнын бонæй – бонмæ зын кæны, уымæн æмæ Уæрæсей территорийыл дæр кадавар кæнынц.

Æххуыс фæрсæрдыгæй

Бæстæйы сæйраг Санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ коронавирусы фæзындмæ сæхи цæттæ кодтой суанг ацы азы райдианы февралы мæйæ. Лабораторийы кусджытæ Роспотребнадзоры бындурыл райстой æмбæлон ахуырад. Уыцы хъуыддаджы сын æвæрццаг аргъ скодтой Ставраполы емынæйы ныхмæ институты кусджытæ дæр, кæцытæ æрæджы уыдысты Хуссар Ирыстоны ацы низы ныхмæ тох кæныны практикон æмæ методикон æххуыс бакæныны нысанæн.

Октябры мæйы кæронмæ лабораторион æгъдауæй цы анализтæ арæзт цыд, уыдон иумиаг нымæцæй 45-65 процентæн уыд æвæрццаг фæстиуджытæ. Уæрæсейы Федерациимæ фæндаг байгомæй фæстæмæ – 15 сентябрæй 15 ноябрмæ та арæзт æрцыд фондз мины бæрц иртасæн куысты.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ ацы низ рапарахатæй фæстæмæ нæ бæстæйы нæлгоймаг цæрджытæ фæрынчын 44 проценты, сылгоймæгтæ та 56 проценты.

Районтæм абаргæйæ горæты рынчынты нымæц у бæрзонд, районты иууыл фылдæр рынчынтæ хынцыд цæуы Дзауы, уым цæрджыты 47 проценты фæрынчын сты ацы вирусæй, æмæ иууыл къаддæр та Ленингоры районы – 11 проценты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.