Кæд арæх нæ, уæддæр нæ царды сæмбæлæм цармы инфекцион низтыл. Уыдонæй иу у микроспори (уыдырны). Цы низ у, уый æмæ дзы хи бахъахъхъæнæн куыд ис, уый фæдыл нын радзырдта республикон медицинон бирæпрофилон центры царм-венерологион хайады сæргълæууæг Лалыты Аль-минæ.

Низты егъау къорд, ома, дерматозтæ фæзынынц цармы æддаг хайы уæлæнгай растыхсгæ тæппыты хуызы. Уыдонæн сæ иумиаг ном хуыйны уыдырны. Зæгъæм, псориаз у цармы уæззау хроникон низ, кæцы хауы уыдырныты къордмæ æмæ у,  «чешуйчатый» кæй хонынц, ахæм уыдырны. Афтæ ма ис уардигъуыз æмæ сырх тъæпæн уыдырны. Микроспорийæ арæхдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ. Ацы низ парахат у æппæт дунейы дæр æмæ дыккаг бынат ахсы æппæт зокъонизты ‘хсæн процентмæ гæсгæ. Ацы низ тагъд парахат кæны сывæллæтты ‘хсæн, хистæр кары адæймæгтæ дзы рынчын кæнынц къаддæр.

Лалыты Альминæйы ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы ацы низæй рынчынты нымæц процентмæ гæсгæ бирæ нæу. Микроспори у зокъониз, кæцы адæймагыл, сæйраджыдæр, бахæцы куыйтæ æмæ гæдытæй, фæлæ, гæнæн ис, æмæ бахæца иу адæймагæй иннæуыл дæр æмæ дзы уымæ гæсгæ арæхдæр рынчын кæнынц, спортивон секцитæм чи цæуы, уыцы сывæллæттæ. Кæд  дзы низы сытынг  нæ вæййы, уæддæр у инфекцион, уымæн æмæ у тынг хæцгæ низ æмæ домы, цæмæй йæм здæхт цæуа уæлдай стырдæр хъусдард.

Лалыты Альминæ куыд радзырдта, афтæмæй низ бахъыгдары куыд цармы лæгъз бынæтты, афтæ сæрыхъуынты ‘хсæн хæйтты дæр. Низы инкубацион рæстæг у тынг цыбыр, 4-7 боны, фæлæ сæрыхъуынты кæцыдæр  хæйттæ куы бахъыгдард вæййынц, уæд аххæссы фылдæр рæстæг. Рынчын нырма фæхаты йæ буар æй цыдæр бынаты хæрын кæй райдайы, æмæ уый фæстæ та уыцы бынаты фæзыны уардигъуыз стъæлф, кæцы куыдфæстагмæ фестырдæр вæййы æмæ дзы фæзыны, стъыхсгæ чи фæкæны, ахæм тæнæг цъар. Уардигъуыз стъæлфы алыварс фæзыны дудгæ бынат. Низæн афоныл æмæ раст хос куынæ æрцæуа, уæд дæргъвæтин рæстæджы хи ныхыны æмæ сæрдыны фæстиуæгæн, гæнæн ис, фæзына инфильтрат, судзгæ процесс. «Мæ пациенттæн низы ахæм фæтынг нæ вæййы, уымæн æмæ ныййарджытæ дæр æмæ сывæллæттæ дæр низмæ лæмбынæг хъусдард аздахынц. Микроспорийæ зæрдæ куы фехсайы, уæд спорти-вон секциты тренертæ уайтагъд сæ хъомылгæнинæгты æрбарвитынц махмæ», – банысан кодта дохтыр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм рæстæджы хъæуы æмбæлон хъусдард аздахын æмæ профилактикон мадзæлттæ уадзын. «Цахæм фæнды инфекцион низы рæстæджы дæр регистрацийы боны мах рынчыны тыххæй экстренон æгъдауæй фехъусын кæнæм «Санэпиднадзор»-мæ рынчыны адрес бацамонгæйæ, цæмæй рæстæгыл ист æрцæуой æмбæлон мадзæлттæ: сывæллон кæм цæры æмæ спортивон секцитæм кæнæ та кружоктæм кæдæм цæуы, уыцы бынæтты дезинфекци скæнын», – банысан кодта Лалыты Альминæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, низы рæстæджы сывæллæттæ сæрибар æрцæуынц скъолайы ахуыртæй, спортивон секцитæм цæуынæй, цалынмæ æххæстæй не сдзæбæх уой, уæдмæ. Æххæстæй кæй сынæниз, уый тыххæй йын бæрæг-гæнæн дохтыр куынæ радта, уæд уагъд нæ цæуы ахуырмæ æмæ тренировкæтæм. Ацы уагæвæрдтæ æххæст куы цæуой, уæд низ нæ парахат кæндзæн. Низæн хос кæныны курс у цыппар къуырийæ æхсæз къуырийы онг. Лалыты Альминæ куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ микроспори у сезонон низ, фылдæр хатт фæтыхджындæр вæййы уалдзæг æмæ фæззæ-джы, зымæджы та низ фæкъаддæр вæййы. Кæд низæн афоныл æмæ  растæй хос æрцæуа, уæд тæссаг нæу. Фæлæ хъæуы бахынцын уый дæр, æмæ низ сæрыхъуынты ‘хсæн бынæтты куы бахъыгдара, уæд ын схос кæнын вæййы зындæр. Куыдфæнды ма уа, уæддæр рынчын хъуамæ хъахъхъæна хисæрмагонд гигиенæ. Хуыссæнгæрзты цъæрт-ты æмæ мидæггаг дзаумæтты æрвылбонон дезинфекци – хъæуы сæ æхсын æмæ мидæггаг фарсырдыгæй иту кæнын æмæ афтæ дарддæр. «Нæй гæнæн, цæмæй адæймаг йæхицæн хос кæна. Æрмæстдæр дохтыр сывæрдзæн раст диагноз æмæ сбæрæг кæндзæн зокъонизы характер. Иууыл сæйрагдæр у раст диагностикæ сæвæрын», – бамбарын кодта дохтыр.

Профилактикæ

Специалист банысан кодта, зæгъгæ, профилактикæйы сæйраг мадзал у санитарон-гигиенон уагæвæрдтæ хъахъ-хъæнын: пайдагæнæн нæй искæйы сæрвасæнæй, худæй, дзаумæттæ æмæ хуыссæнгæрзты цъæрттæй. Микроспорийæ  рынчын сывæллонæн бауадзæн нæй сывæллæтты коллективмæ, бар ын нæй бассейнмæ, спортивон секцитæм бацæ-уынæн. Цæрæгойтимæ контакты фæстæ æнæмæнгхъæуæг у къухтæ ныхсын. Цæрæгоймæ зокъонизæй зæрдæ куы фехсайа, уæд æнæмæнгæй хъæуы ветеринарон хосгæнæндонмæ бацæуын йæ басгарыны тыххæй. Микроспорийæ рынчын цæрæгойты хъæуы ахицæн кæнын, нæ сæ хъæуы уадзын хуыссæнуатмæ, хæдзарон дзаумæттæм. Хъæуы йын æвæстиатæй хос кæнын.

Амбулаторон хос кæныны рæстæджы, афтæ ма стационарæй рафыссыны фæстæ дæр рынчын æдзухдæр хъуамæ уа дохтыры хъусдарды бын. Афоныл аразын хъæуы контролон иртасæнтæ зокъонизы тыххæй. Æнæмæнгхъæуæг у дезинфекцион мадзæлттæ уадзын.

Иммуниет фидар кæнын у уыдырныйы æппæт хуызты эффективон профилактикæ. Хи фæлтæрын, сбалансгонд рацион, раст хæлц, витаминты æмæ минералон комплекстæ афоныл нуазын баххуыс кæндзысты организмы хъахъхъæ-нæн тыхтæ фæактивондæр кæнынæн. Кæд æмæ бинонты уæнгтæй искæмæн æвæрд æрцæуа микроспорийы диагноз, уæд иннæты дæр хъæуы æнæмæнг басгæрст рацæуын æмæ рæстæгыл мадзæлттæ райсын.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.