Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли базонгæ ис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадон куыстыты цыдимæ.

Президент æрныхас кодта кусджытимæ, кæцытæ асфальт æвæрынц арæзтады фæстаг хайы. Паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодтой, абоны бон ма асфальт кæнинаг кæй ис 1,5 километры онг. Куыстытæ уагъд цæуынц тагъд темпытæй æмæ æввахс рæстæджы фæуыдзысты. Уыимæ ма æвæрд цæуынц бырутæ.

Бибылты Анатоли ма бабæрæг кодта Кировы хъæумæ æввахс хиды арæзтад дæр. Ам арæзт цæуынц арæзтады быцæугæнæнтæ.

Ног фæндаг фæхæццæ кæны кæронмæ

Дыууæ объекты дæр, фæндаг дæр æмæ хид дæр хаст сты 2020 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ æмæ хъуамæ лæвæрд æрцæуой ацы азы кæрон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.