Венгриаг горæт Капошвары уагъд æрцыд 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн европæйы чемпионат грекъг-ромаг хъæбысхæстæй. Ерысты 52 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Мæргъиты Маратæн. Уый финалы фæуæлахиз Азербайджаны минæвар Агхакаримовыл.

Ерысты 57 кг уæзы категорийы та дыккаг ссис Козырты Марк.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ U-15 Европæйы чемпионаты фæлгæтты, раздæр ам кæй ерыс кодтой уæгъдибар хъæбысхæстæй архайг спортсментæ. Ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы минæвæрттæ 10 сыгъзæрин майданæй рамбылдтой фараст. (Уыдон хсæн уыд РЦИ-Аланийы хъæбысхæсты минæвар Тунджай Вердиев дæр). Фæлæ уыдон AIN (индивидуалон нейтралон спортсмен) аббревиатурæйы бын кæй архайдтой, уымæ гæсгæ командон хыгъды фыццаг бынат лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны командæйæн, кæцы иу сыгъзæрин майдан дæр нæ рамбылдта. Дыккаг та ссис Сомихстоны командæ, кæцыйы минæвæрттæй сæ иу ссис сыгъзæрин майданы хицау. Ацы хъуыддаджы тыххæй «УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федераци»-йы президент Михаил Мамиашвили йæ интервьюйы куыд банысан кодта, афтæмæй хъæбысхæсты дуне юморимæ кæсы ацы хабармæ.

САМБО

Хуссарирыстойнаг самбист Быценты Игорь ссис Ш.И.Шахруевы номарæн турниры уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Сочийы. Игорь хæцыд иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+98 кг). Турниры 88 кг уæзы категорийы та бронзæ майдан рамбылдта Хъуылымбегты Феликс.

Ацы æнтысты фæрцы Быценты Игорь райста æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар, кæцы уагъд цæудзæн декабры. Уырдæм бахауыныл Хъуылымбегты Феликс та тох кæндзæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Спортсменты тренертæ сты Хъотайты Дмитри, Касаты Ацæмæз æмæ Зассеты Æхсар.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.