30 август æгас дунейы нымад цæуы Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты боныл. Ацы бон Хуссар Ирыстонæн дæр нысаниуæгджын у, уымæн æмæ дæргъвæтин хæстон азты дæргъы æбæрæг сæфт фесты сæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмбæстаджы. Уыдоны хъысмæт рабæрæг кæныныл егъау куыст цæуы – Женевæйы дунеон дискусситы æмæ æндæр фæзуæтты.

Зын æмæ уæззау у, æбæрæгæй кæй хиуæттæ фесæфтысты, уыцы бинонты уавæр, уымæн æмæ дæргъвæтин азты æнхъæлмæ кæсынц, кæд исты бæрæг базониккой, кæд разынид сæрæгасæй, науæд… кæмæн – йæ хъæбул, кæмæн – йæ бинонты хицау, кæмæн – йæ мадызæнæг… Уыцы бинонты хъизæмайраг цардæн абарæн ницæимæ ис.

Ацы æмбæстæгты номыл нæ горæты Мады Майрæмы аргъуаны раз чысыл скверы ивгъуыд азы цы цырт байгом, уый раз уагъд æрцыд мысæн мадзал Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон боны цытæн. Мадзал сорганизаци кодтой Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл æхсæнадон организаци Цхинвалы архайæг Сырх Дзуары дунеон комитеты хъæппæрисæй.

Мадзалы хайад райстой паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл республикæйы Президенты æх-хæстбарджын минæвар Джиоты Мурат, Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал, æбæрæгæй сæфт æмбæс-тæгты хиуæттæ æмæ нæ горæты цæрджытæ.

Акцийы хайадисджытæ ссыгътой цырæгътæ се ‘ввахс хиуæтты номыл. Мадзал уагъд æрцыд æнæ раныхæстæ æмæ официалон ха-йæ. Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли информацион фæрæзтæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл куыст дарддæр кæндзæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы здæхты стыр куыст кæнынц Женевæйы дискусситы æмæ Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты хайадисджытæ.

«Æрвылхатт дæр хуссарирыстойнаг фарс рæгъмæ хæссы, нæ бæстæйæ æбæрæгæй чи фе-сæфт, уыдоны хъысмæт рабæрæг кæныны фæдыл фарст. Æмæ ныфс æвæрынц, Гуырдзыстон кæй раздахдзæн уыдонæй иуæй-иуты. Ис видеокадртæ, цыран хынцыд цæуынц, гуырдзиаг полициæгтæ 2008 азы куыд нæмынц Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы ахсджиаг фарст æрбæстон кæныны тых-хæй хъуамæ дунеон æмæхсæнад дæр баиу уа, æмæ ацы проблемон фарст Гуырдзыстоны къухдариуæгады раз æвæра суанг санк-цитæ бакæныны онг. Уымæй риссагдæр ницы ис, зæгъгæ, де ‘ввахс адæймагæй дæргъвæтин азты бæрæг куы ницы зонай.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Сырх Дзуары дунеон комитет нейтралон гуманитарон æхсæнылæджы хуызы активонæй архайы, 1990 азтæй 2008 азмæ гарзджын хъаугъаты рæстæджы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон кæм сты, уый рабæрæг кæныныл.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты фæдыл æхсæнадон организаци «Память и Надежда»-йы сæргълæууæг Куыдзеты Лидия банысан кодта, æрвылаз дæр Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бон нæ бæстæйы нысан цæуынц мысæн мадзæлттæ. Ацы организаци архайы æмæ æмбырд кæны адæймаджы баззайæццæгтæ æмæ биологон хуызæгтæ æмбырд кæныныл, цæмæй бæрæг æрцæуа æбæрæгæй сæфт æмбæстаджы хъысмæт. Ацы хъуыддаджы дæр иуварс нæ лæууы Сырх Дзуары дунеон комитет, уый æппынæдзух æххуыс кæны ацы бинонтæн, сæ тыхтæ сты иу нысанмæ – æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны бинонтæн исты дзуапп радтынмæ.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.