Казаны райдыдтой  Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады  бæстæты фыццаг хъæзтытæ. Ерысты хайад исынц 10 бæс-тæйы – Азербайджан, Сомихстон, Белоруси, Казахстан, Хъыргъызтан, Молдави, Уæрæсе, Таджикистан, Туркменистан æмæ Узбекистаны спортсментæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ уым хайад райсдзысты, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалтæ. Ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер у хуссарирыстойнаг специалист Мæргъиты Анатоли. Уый раздæр фехъусын кодта командæйы сконд. Уырдæм Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæ-нинæгтæй бахаудтой 2021 азы «Гран-при Иван Ярыгин»-ы уæлахиздзау  Хæдæрцаты Алик (65 кг), 23 азы онг спорстменты ‘хсæн Европæйы  æмæ 2020 азы Уæрæсейы чемпион Уалыты Чермен (74 кг), Хуыгаты Хох (97 кг) æмæ Хуыбылты Ален (125 кг).

«Ацы ерыстæм командæйы сконд сарæзтам, ацы аз уагъдцæуæг ерысты фæстиуджытæ хынцгæйæ. Октябры райдианы Наро-Фоминскы уагъд æрцæудзæн ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат. Уымæ гæсгæ сын Казаны уагъдцæуæг ерысты хайад райсыны фадат дæтты бæстæйы чемпионатмæ сæхи бацæттæ кæнынæн. Уæрæсейы чемпионат U-23 фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæ, кæцы ноябры райдианы Белграды хайад райсдзæн дунейы чемпионат U-23»-ы, – фехъусын кодта Мæргъиты Анатоли.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.