Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт,  боны фæткы уыд 18 фарсты, уыцы нымæцы 2022 азæн республикæйы паддзахадон бюджеты проект дæр.

Рабадты райдианы паддзахады сæргълæууæг Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ ветерантæн раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ хæссынц стыр бæрндзинад. «Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ, фæлæ ис ахæм фарстытæ дæр, кæцытæ скъуыддзаг нæма сты æмæ уыдоныл хъæуы кусын. Мидхъуыддæгты министрад хъуамæ сараза æппæт дæр, цæмæй цæрджыты æууæнкдзинад фæфылдæр уа. Республикæйы цæрджытæ хъуамæ цæрой сабырæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ министрты кабинет æркаст боны фæткы фарстытæм, кæцыты нымæцы уыд 2021 азы паддзахадон бюджетмæ, республикæйы Пенсион фонды бюджеты тыххæй закъонмæ, Социалон фонды тыххæй бюджеты проектмæ ивындзинæдтæ бахæссын, афтæ ма паддзахадон службæйы тыххæй закъоны фæлгæтты министрадты æмæ ведомствоты хицæн кусджытæн къласон чинтæ радтыны тыххæй фарст.

Рабадты боны фæткы ма уыд Экономикон рæзты план æмæ прогноз, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы, рæзты паддзахадон программæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæ.

2022 азы Хуссар Ирыстоны  паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ уыдзысты  8 миллиард æмæ 795 милуан сомы. Уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс 7, 2 миллиард сомы.

2022 азы 1-æм январæй Хуссар Ирыстоны пенситæ индексаци æрцæудзысты 7,7 проценты, фæлæ пенсиисджытæ бафыстытæ райсдзысты ныридæгæн декабры мæйы. Ахæм уынаффæ райстой æмхъæлæсæй.

Ацы фарсты фæдыл доклад скодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан. Уый æрбавдыста хицауады уæнгтæн 2021 азæн пенсион фонды (Социалон фонд) бюджеты тыххæй, пособиты æппæт хуызтæй сифтонг кæныны фæдыл социалон фæдзæхсты хайы, уыцы нымæцы иу аз æмæ æрдæгмæ сывæллонмæ зилыны фæдыл астæуккаг куыстмыздæй 40 проценты бæрц пособи, РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг министрæн бахæс кодта иннæ азæн дæр пенситы бæрц фæфылдæр кæныны фарстыл бакусын. «Æз æвæрын хæс, цæмæй пенситæ индексаци æрцæуой 7,7 проценты. Уый хъуамæ суа æрвылазон. Ацы мадзæлттæ здæхт сты æмбæстæгты царды социалон уавæр фæхуыздæр кæнынмæ», –  банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Хуссар Ирыстоны 2021 азы 1-æм январæй пенситæ индексаци кæй æрцыдысты 6,6 проценты. Уый тыххæй Президент фехъусын кодта йæ ныстуаны адæммæ æмæ парламентмæ.

Хицауады рабадты фидар æрцыд  2021 азы 3-аг кварталæн иу адæймаджы фæцæрыны минимум социалон-демографион бындурты фæдыл. 3-æм кварталы фæцæрыны минимум уыд 12 238 сомы, куыстхъом цæрджытæн – 13 069 сомы, пенсиисджытæн – 9 964 сомы, сывæллæттæн – 12 996 сомы.

Фæцæрыны минимум фидар кæны Хицауад æрвылквартал дæр æргъты динамикæйы анализы бындурыл. Фæцæрыны минимумы бæрцыл æндавы социалон-экономикон аххосæгты иу къорд, уыцы нымæцы  хæлцадон продукттыл сезонон фæфылдæр кæнæ фæныллæгдæр кæнын.

Традицион æгъдауæй, 3-аг кварталы цæрыны минимум цасдæрбæрцæй ныллæгдæр у 2-аг кварталимæ абаргæйæ.

2-аг кварталимæ абаргæйæ фиппайдæуы фæцæрыны минимумы бæрц 1,39 проценты, куыстхъом цæрджытæн – 1,3 проценты, пенсиисджытæн – 1,01 проценты, сывæллæттæн – 2 проценты кæй фæныллæгдæр, уый.

Фæцæрыны минимумы бæрцæй пайда цæуы æмбæстæгты хъуагдзинады æмвæзад сбæрæг кæныны тыххæй.

РХИ-йы министрты кабинет хорзыл банымадта 2022 азæн паддзахадон бюджеты проект. Æввахс рæстæджы уый æрвыст æрцæудзæн Парламентмæ. Докладимæ раныхас кодта Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.