Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад бахъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæйы.

Уынаффæ цыд, коронавирусы пандемийы тыххæй цы уавæр сæвзæрд, цахæм къахдзæфтæ арæзт æрцыд æмæ цы хъæуы саразын, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны ифтонг цæуа бæрзонд æдасдзинад, афтæ ма æх-хуысы фадыджы уæрæсейаг коллегæтимæ цы сразыдзинæдтæ ис, уыдоныл, кæцытæ хауынц пандеми аиуварс кæнынмæ.

Коцты Маринæ паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта, комитет кæй уадзы Хуссар Ирыстоны территоримæ коронавирусон инфекци ма æрбауадзыны фæдыл мадзæлттæ комплексон планы фæлгæтты, кæцы бакуыстгонд æмæ фидаргонд æрцыд республикæйы Хицауады.

«Абоны бон Республикæ Хуссар Ирыстоны уавæр у сабыр. Ис ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæ медицинон хъусдарды бын сты хæдзарон уавæрты, уыдон сты 29 адæймаджы, уыдонæй сæ иу хай сты студенттæ, кæцытæ æрцыдысты Уæрæсейæ. Ис ма дзы ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæ æрцыдысты фæсарæйнаг бæстæтæй. Рынчындоны стационарон уавæрты ис 10 адæймаджы. Уыдон рынчын не сты, фæлæ изоляцигонд сты, уымæн æмæ æрцыдысты ахæм бæстæтæй, цыран уавæр у карздæр.

Куыстгонд цæуынц арæнгонд мадзæлттæ, карантины æхгæд сты иумæйагахуырадон уагдæттæ, республикæмæ нæ уадзынц фæсарæйнаг æмбæстæгты, басгæрст цæуы медицион уагдæтты цæттæдзинад», – загъта уый.

Сæйраг санитарон дохтыр ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы фæлхасгæнджыты цæстдардимæ сразыдзинæдты фæлгæтты Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзæн Ставраполы емынæйы ныхмæ тох кæныны институты кусæг.

«Махæн лæвæрд æрцыдысты тест-системæтæ коронавирусон инфекци сбæрæг кæнынæн, æмæ цалдæр боны дæргъы, мах иумæйагæй уаддзыстæм организацион мадзæлттæ. Афтæ ма дарддæр уагъд цæуынц арæнгонд мадзæлттæ, æмбæстæгтимæ уагъд цæуы æдзухон куыст. Махмæ ис фæдзурæн. Ацы здæхты уæрæх дæр кæндзыстæм нæ куыст», – загъта Коцты Маринæ.

Президент æрсидт æмбæстæгтæм цæмæй æнкъарой социалон бæрндзинад.

«Æз афтæ нымайын æмæ хъæуы æнгомдæрæй кусын ахæм адæмимæ, кæцытæ æрбацæ-уынц ахæм бæстæтæй, цыран бæрæг æрцыд COVID-19 низфæзынды уавæртæ, æмæ сæ карантинмæ æрвитын. Уыдоны æнæразыдзинад республикæйы цæрджытæн тæссагдзинады ма хъуамæ æвзæрын кæна», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.