Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста РХИ-йы хъалонтæ æмæ æмбырдты фæдыл комитеты сæрдар Кадзты Владимиры. Уый паддзахады сæргълæууæгæн бавдыста комитеты бакæнгæ куысты фæдыл хыгъд. Уый ведомствойы архайды фæдыл æрхаста 2019 азы фыццаг æмбисы статистикæ 2018 азмæ абаргæйæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, зыны хъалонон æрбацыдтыты фæбæрзонддæр кæныны тенденци.

«Ацы азы планмæ гæсгæ махæн хъалонты фæдыл райсгæ фæрæзтæ хъуамæ уой 1 миллиард æмæ 12 милуан  сомы, кæцытæй абоны бон бюджетмæ бацыд 753 милуан сомы. Аивгъуыйгæ азы ахæм рæстæгмæ гæсгæ хъалонон бацыдтытæ уыдысты 711 милуан сомы», – загъта уый.

Комитеты сæрдар банысан кодта, хъалонты сæйраг хуыз, кæцы аразы бюджет, у бафтаугæ аргъæн хъалон, афтæмæй хыгъдон рæстæджы хъалонты ацы хуызæй æрбацыдтытæ уыдысты 196 милуан сомы.

«Не ‘фтиæгты дыккаг статья у куыстуæтты æмæ организациты æфтиагыл хъалон. Иумæйагæй, хъалонты ацы хуызæй бюджетмæ бацыд 254 милуан сомы, афтæмæй аивгъуыйгæ азы аналогон рæстæджы æрбацыдтытæ уыдысты 223 милуан сомы, ам дæр фиддонтæ бæрзонддæр кæнынц», – банысан кодта Кадзты Владимир.

Ацы хъалоны сæйраг фидджытæ сты бынæттон компанитæ, ахæмтæ, куыд хуыйæн фабрикæ «БТК-4», æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком» æмæ кæцыдæр подрядон организацитæ, кæцытæ ацы аз райдыдтой фидын хъалоны ацы хуыз.

«Аивгъуыйгæ азимæ абаргæйæ тенденци у æвæрццаг, уымæн æмæ фылдæр æмæ фылдæр организацитæ райдытой фидын хъалоны ацы хуыз», – загъта уый.

Хъалоны æртыккаг хуыз, кæцы арбавдыста Кадзты Владимир, у физикон цæсгæмттæй æфтиæгты æфтиаг, афтæмæй уыцы æфтиæгтæ ист цæуынц куыд бюджетон организацитæ, афтæ хæдзарадон субъекттæй, кæцытæ кусынц РХИ-йы территорийыл.

«Физикон цæсгæмттæй хъалонты æфтиаджы иумæйаг гуырахст уыд 283 милуан сомы (аивгъуыйгæ азы аналогон рæстæгмæ та уыд 259 милуан сомы). Ацы хъалоны фæдыл мæ фæнды банысан кæнын, мах ацы аз кæй райдыдтам уæлдай хъусдард здахын фæсарæйнаг æмбæстæгты æфтиæгтæм, кæцытæ РХИ-йы территорийыл æххæст кæнынц фæллойадон архайд. Уыдонæй хъалонты иумæйаг гуырахст уыд 3, 5 милуан сомы, уый у 4-5 мæймæ. 2018 азы æрæмбырд кодтам, æдæппæтæй 300 000 сомы», – загъта уый.

Кадзты Владимир банысан кодта, зæгъгæ, Миграцион службæ, Паддзахадон æдасдзинады комитетимæ иумæйаг куыст æмæ администрацикæнынад фæхуыздæр кæныны фæрцы, махæн нæ бон ссис хъалонон æмбырдты ацы хуызы æфтиæг-тæ фæфылдæр кæнын.

Паддзазхады сæргълæууæг банысан кодта хъалонон æфтиæгтæ фæбæрзонддæр кæныны ахсджиагдзинад. Уыимæ уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадæн ис, æмбæстæгты кæцыдæр категоритæм ахасты хæслæвæрдтæ, сæйраджыдæр, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады пенсиисджытæм ахасты.

«Æз æй зонын, сымах уæхимæ кæй райстат уæлæмхас хæстæ, махæн цы проблемон фарстытæ ис, уыдоны тыххæй. Æз бузныг дæн дæуæй, куыд къухдариуæггæнæгæй æмæ комитеты æппæт кусджытæй, уæ куыстмæ ахæм принципиалон ахасты тыххæй».

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, иннæ аз комитетæн кæй бантысдзæн къухыбафтгæ æфтиæгты рæзт фæбæрзонддæр кæнын. Уыимæ паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хъалонон æмбырдтæ фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаг негативонæй ма хъаумæ разына бинонты бюджетыл.

«Уый у принципиалон. Хъуамæ фылдæр хъусдард здæхт цæуа уыцы ног организацитæм, кæцытæ кусынц махмæ æмæ ахæмтæм, кæцытæ Хуссар Ирыстоны кусынц инвестицион программæйы фæдыл. Ахсджиаг у дарддæр дæр фæтк æвæрын, хъалонон æмбырдтæ бæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Фæлæ ма йæ иу хатт зæгъын, бинонты бюджетыл æнæфæзынгæйæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.