Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста 58-æм армийы командæгæнæг инæлар-майор Михаил Зуськойы.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд УФ-йы 4-æм æфсæддон базæйы командир Роман Вязовский.

«Цæгат Кавказы сымах рагæй службæ кæнут, алцы дæр зонут лæмбынæг. Ныфс мæ ис, Республикæ Хуссар Ирыстоны  æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадимæ иумæ уæ разы цы фарстытæ лæууынц, уыдон æнтыстджынæй æххæст кæй цæудзысты. Махæй алчидæр хорз зоны, Уæрæсейы Федерацийы 4-æм æфсæддон базæ кæй у республикæйы æдасдзинады гарант. Нæ хъахъхъæнынадон ведомствоты ‘хсæн цы æмархайд æмæ бадзырдты æххæсткæнынад ис, уыдон  уæрæхдæр кæндзысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад дарддæр ифтонг цæудзæн. Æппæт уыцы иумæйаг архайдтытæ æмæ ахуыртæ, кæцытæ уагъд цæуынц, дæттынц нын уыцы ныфс. Сымахæн бирæ хæстæ ис, уый у уавæр сахуыр кæнын æмæ Хъахъхъæнынады министрадимæ иумæйаг куыст бакæнын. Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ», – загъта уый.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хæххон Карабахы цауты тыххæй уæлдай хъусдард домы Фæскавказы уавæр, цыран абон, куыд Хуссар Ирыстоны, сабырады гарант у Уæрæсейы Федераци.

Бибылты Анатоли ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæн СOVID-19-ы ныхмæ тох кæныны фæдыл æххуысы тыххæй.

 «Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын Уæрæсейы Федерацийы

Хъахъхъæнынады министрадæн Хуссар Ирыстоны территорийыл æфсæддон госпиталь оперативонæй райтынг кæныны фæдыл. Бирæ адæм дзы сдзæбæх ис, бирæтæн дзы нырма дæр хос кæнынц, госпиталы профессионализм, хъусдард æмæ хорз ахаст нысан кæнгæйæ», – загъта Президент.

Йæ рады, Михаил Зусько банысан кодта, зæгъгæ, кусæгон фембæлд ауагъта хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынады ведомствойы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгимæ.

 «Абон мах Ибрагим Алымбеджы фыртимæ аугътам кусæгон фембæлд, æруынаффæ кодтам 2021 азы иумæйаг архайдтытыл. Уыдон здæхт уыдзысты хъахъхъæнынад сифтонг кæнынмæ. Æрмæст нæ гразджын тыхтæ цæттæ кæнынмæ нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты цæттæ кæнынмæ дæр. Мах дызæрдыг дæр нæ кодтам не ‘фсымæртæн баххуыс кæныны хъуыддаджы», – загъта 58-æм армийы командагæнæг.

Уый ма Президенты базонгæ кодта Хуссар Ирыстоны дислакацигонд Уæрæсейы Федерацийы 4-æм æфсæддон базæйы ног командир Роман Вязовскиимæ.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Роман Вязовскийæн ахæм бынатмæ йæ кæй снысан кодтой æмæ загъта ахæм ныфс, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддонты æмархайд бæрзонд æмвæзадыл кæй уыдзæнис.

Президент зæрдыл æрлæууын кодта, 4-æм æфсæддон базæйы кæй службæ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны бирæ æмбæстæгтæ, кæцытæ сты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.