Президент Гаглойты Алан знон фембæлд УФ-йы Федерацийы Советы делегацийы уæнгтимæ Хъырымы Республикæйæ сенатор Сергей Цековы сæргълæудæй. Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Парламенты бæрнон кусджытæ.

Бæстæйы разамонæг радзырдта, Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæй кæны, Уæрæсейы Федерациимæ сын цы хæларадон æмæ æууæнкджын ахастытæ ис, уыдонæн. Кæдфæнды дæр цæттæ у конструктивон куыст æмæ бадзырдтытæм. Бузныг у, Федерацийы Совет хуссарирыстойнаг депутатон корпусæн кæй кæны консультативон, экспертон æмæ методикон æххуыс, уымæй.

Хуссар Ирыстон, зæгъгæ, хорз хъуыды кæны, уæззау рæстæджыты æмæ сабыр царды дæр кæй æнкъары йæ стратегион партнер Стыр Уæрæсейы æгæрон æххуыс. Уымæ гæсгæ нæ бæстæйы æргом здæхт у Уæрæсейы ‘рдæм. Уый ноджыдæр бæлвырд кæны, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ сæ уæрæсейаг хæлæрттæ æмæ æфсымæртимæ Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæлгæтты УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад цы фарстытæ æрæвæрдта, уым кæй æххæст кæнынц сæ æвæджиаг хæс.

«Æппындæр нæ дызæрдыг кæнын ууыл, æмæ уæлахиз нæ къухты кæй бафтдзæн», — дзырдта Президент.

Банысан кодта, дыууæ бæстæйы æхсæн цы æмахастытæ ис, уыдон кæй рæздзысты æмæ фидарæй фидардæр кæй кæндзысты. Гаглойты Алан ма рæгъмæ рахаста Дæллаг Зæрæмæджы уадзæн пункты зындзинæдты фарст. Æмбæлон хъусдард фарстамæ здæхт æрцыд Федерацийы Советы ’рдыгæй æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы разамонæг.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, уый бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойы номыл.

Æмархайды фæлгæтты йæ нысаниуæгджын хайбавæрд чи хæссы, УФ-йы минæварады уыцы кусджыты номæй та бузныджы ныхæстæ загъдæуыд Марат Кулахметовы номыл.

«Депутатон корпус æмæ нæ бæстæты æххæсткæнынадон органты руаджы арæзт æрцæудзæн конкретон къахдзæфтæ æмæ сын уыдзæн хорз фæстиуджытæ», — банысан кодта Гаглойты Алан.

Сергей Цеков арфæ ракодта Гаглойты Аланæн, Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй. Банысан кодта, кæй уыд хъусдарæджы хуызы президентон æвзæрстыты, фæлæ йын инаугурацийы хайад райсыны фадат нæ фæцис.

«Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы проблемæтæ сты иумæйаг. Кæд дыууæ паддзахадты цæрæм, уæддæр иу стæм, уымæ гæсгæ нын ис иумæйаг нысæнттæ æмæ нæ разы лæууынц иумæйаг хæстæ», — дзырдта уый.

Сенаторы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федераци 2008 азы балæууыд алыварсонæй Хуссар Ирыстоны фарсмæ — æфсæддон æмæ уый фæстæ та куыста интеграцион процесстыл.

Украинæйы территорийыл сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы цы уæззау зиæнттæ æййафы Хуссар Ирыстон, уыдоны бинонтæн тæфæрфæсы ныхæстæ загъта сенатор. Мах, зæгъгæ, нæ зæрдыл дардзыстæм алкæй ном дæр, уымæн æмæ уыдон тох кæнынц раст хъуыддаджы тыххæй.

«Дызæрдыггаг нæу, Уæрæсе дуне кæй ивы хуыздæрырдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхсын нæ кæнынц къуыхцыдзинæдтæ, цы зиæнттæ æййафæм, уый нын зынфæразæн у.

Уæрæсейы Федераци, зæгъгæ, араздзæн æппæт дæр, цæмæй дарддæр стыр æххуыс цæуа Хуссар Ирыстонæн. Фæлæ уыцы иурæстæг, йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæ дæр хъуамæ пайда кæна йæ потенциал æмæ ресурстæй. Хорз уаид, зæгъгæ, æмæ нæ бæстæйæн йæхи ног кондадон уагдæттæ куы райтынг уаиккой.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, Сергей Цеков Хъырыммæ фæхуыдта фестиваль «Великое русское слово»-мæ хуссарирыстойнаг разамынады. Уырдæм ма, зæгъгæ, хуынд цæуынц уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ алы бæстæтæй, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæй дæр.

Сенаторы цæст бауарзта Хуссар Ирыстонæн сабырад, хорз фидæн æмæ размæцыды æнтыстытæ. Фæндон бахаста, цæмæй хъырымаг студенттæ хуынд цæуой Хуссар Ирыстоны университетмæ уæлдæр ахуырад райсыны нысанæн.

Гаглойты Алан ныфс бавæрдта, кæронмæ кæй хъахъхъæндзыстæм нæ бæстæты хъæздыг истори, нæ æргъадтæ æмæ нæ ирд фидæн.

Фембæлды рæстæджы Президент Гаглойты Алан æмæ Сергей Цеков кæрæдзийæн зæрдылдарынæн бакодтой лæвæрттæ.

Къæбулты Марина