Ацыд йæ цардæй Ирыстоны  кад æмæ намыс, канд йæ мыггаг нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстон дæр сæрыстыр кæмæй уыд, ирон адæмæн  æгæрон литературон æмæ зонадон бынтæ чи ныууагъта, уыцы патриарх Джусойты Нафи. Уый стыр фыдохы хабар у мах хуызæн чысыл адæмæн. Нацийæн национ цæсгом Нафийы хуызæн стыр адæмтæ кæнынц.

Уый куыста йæ царды фæстаг бонтæм. Архайдта ма радон уацмыс бакæрон кæныныл. Йæ сынтæджы раз амадæй баззадысты дунейы чингуытæ, газеттæ, журналтæ. Фæдисæй ма сæм æвнæлдта, касти сæ, ахуыр куыд уыд, афтæмæй ма дзы цыдæртæ рæстытæ кодта, цыдæртæ-иу сæ фæны-сæнттæ кодта, фæлæ… Тæхуды, ахæмтæ-иу сæдæ азы уæддæр куы цæриккой, куыстуарзаг адæймагæн ма уал азмæ дæр  цас бантыстаид.

Нафи фæстаг рæстæг рынчынæй кæм цард, уырдæм, Къостайы проспекты 273 хæдзары размæ 27 июны 11 сахатмæ, фæстаг фæндараст ын зæгъынмæ æрбацыдысты Республи-кæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем, Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Ходы Камал, зонад, культурæ, аивад æмæ сфæлдыстадон интеллигенци, Джусойты стыр мыггаг, Нафийы сфæлдыстадæн табугæнджытæ…

Фыдохы митинг байгом кодта ЦИПУ-йы ирон филологийы декан Хозиты Барис. Уый цыбырæй радзырдта литературæйы патриархы цард æмæ алывæрсыг курдиаты тыххæй. “Джусойты Нафийы ацыд цардæй у, баххæст кæнæн кæмæн нæй, ахæм трагеди. Уый цас бынтæ ныууагъта, уыдон хуымæтæг ныхæстæй ранымайæн нæй. Уый никуы хицæн кодта дыууæ Иры, йæ уд байтыгъта йæ ирон адæмæн исты хæрзты бацæуыныл æмæ уый йæ къухты бафтыди. Йæ бирæ литературон уацмыстæ, публицистикæ, тæлмацтæ, зонадон куыстытæ стыр ахъаз сты скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырадон процессæн. Уыдонæй пайда кæнынц ахуыр-гæндтæ сæхæдæг дæр. Нæ литературæиртасджытæй фыццагдæр Нафийæн бантыст ирон литературæйы истори раиртасын æмæ ныффысын. Литературæ æмæ зонады йæ бирæ фæллæйттæ систы зынаргъ хæзнатæ. Æрмæст йæ наукон бынтæ сты 400 фылдæр. Монографитæ ныффыста Секъайыл, Бестауты Гиуæргийыл, Нигерыл, Брытъиаты Елбыздыхъойыл, Мамсыраты Темырболатыл æмæ иннæтыл. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта гуырдзиаг, уырыссаг, абхазаг, украинаг æмæ æндæр классикты уацмыстæ.Цалынмæ ирон æвзаг цæра, уæдмæ  Джусойты Нафийы рухс ном цæрдзæн нæ зæрдæты”, – дзырдта Хозиты Барис.

Фыдохы митингы, Нафи фæстаг рæстæг кæм цард, уыцы сыхæгты номæй радзырдта зындгонд журналист Баскаты Уырызмæг. Уый куыд загъта, афтæмæй-иу сæ сыхмæ Нафийы æрцыд уыд бæрæгбоны хуызæн. Алчидæр-иу тырныдта йемæ аныхас кæнынмæ æмæ-иу уымæй райста стыр æхцондзинад. Уырызмæг ма арфæ ракодта Нафийы хотæн, уæлдайдæр Клавдяйæн, сæ мадызæнæгæн æнувыд лæггад кæй фæкодтой æмæ йын цасдæр-бæрцæй йæ цард кæй фæдæргъвæтин кодтой.

Митингы ма раныхас кодтой физикон-математикон наукæты доктор Къусраты Анатоли, æрцæуæг адæм æмæ сыхбæстæн мыггаджы номæй арфæ ракодта Джусойты Георги.

Æнæзæгъгæ нæй республикæйы разамынды æнувыд ахаст Нафимæ. Рынчын уæвгæйæ, уый бабæрæг кодта Битарты Вячеслав. Ныр дæр ын йæ мæрдон фæндаг срухс кодтой, скодтой, ам цы хъуыд, уыдон, баххуыс кодтой зианджынтæн. Битарты Вячеслав йæ тæфæрфæсы телы фыссы:

“Стыр хъыгимæ сæмбæлдтæн Нафийы мæлæтыл.  Нал ис æцæг адæмон фыссæг, ахуыргонд, публицист, литературæиртасæг, драматург, тæлмацгæнæг. Ацыд цардæй æнувыд иузæрдион йæ хъуыддæгтыл æмæ номыл адæймаг. Уый стыр маст равзæрын кодта, Нафийæн æгæрон стыр аргъ чи кодта, уыдоны зæрдæты. Джусойты Нафийы ном ба-цæудзæн Ирыстоны историмæ, йæ бирæ хорз хъуыддæгтæ та рох никуы уыдзысты”.

Дзæуджыхъæуы аллеяйы йын кæд бынат уыд, уæддæр ын йæ фæдзæхст хъуыды кæнгæйæ, йе ‘нусон бынат рахицæн кодтой йæ уарзон Чъребайы. Нафи Цæгат Ирыстоны бирæ никуы фæстиат кодта, фæлæ йыл низтæ куы стых сты, фæкæсинаг куы уыд, уæд ма цы йæ бон уыд.  Цалынмæ йæ сæрæн уыд, уæдмæ-иу  йæ хъуыддæгтæ куыддæр бакодта, афтæ-иу цæуынмæ фæцис. Исчи йын-иу куы загъта, ноджы ма æрлæуу, зæгъгæ, уæд-иу йæ ныхас уыд: “Нæ, уым мæм æнхъæлмæ кæсынц”. Никуы ныууагъта хæсты фыдазты дæр йæ фыдызæхх. Ныр ыл йæ фæллад уд баулæфдзæн. Ныр сын нæ иннæ дзæнæтыбадинаг, знæгты къухæй сæфт, ирон адæмы фидæныл мастæй зæрдæрыстæй чи ацыд, уыцы Джыккайты Шамилимæ уыдзæн Ирыстоны хъысмæтыл сагъæс кæныны рæстæг. Рухс дзæнæты фæбадой сæ дыууæ дæр, ирон адæмæн чи уыдысты æмæ чи нал сты…

Боны фыццаг сахатыл Цæгат Ирыстоны дзыллæ цæссыгкалгæ фæстаг фæндараст загъта Нафийæн. Хуыцау зæгъæд æмæ ирон адæмыл йæ арфæ куыд æрцæуа:

 Тул, авдæн, Иры зæххыл, тул!

  Мæ уд нывонд дæ фарн, дæ уазæн!

  Мæ хисты ‘ргæвст галæн йæ хъул

  Дæ хаст лæппутæн фестæд хъазæн!

Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.