УЫНГ  –  НАФИЙЫ  НОМЫЛ

Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдис æмæ Къостайы номыл Национ наукон-культурон центры радон æмбырды ныхас цыд зындгонд фыссæг  æмæ ахуыргонд Джусойты Нафийы ном сæнусон кæныныл. Кæд ын Хуссар Ирыстоны стыр рæсугъд мемориал арæзт æрцыд, уæд ахæм æнтыст ам къухы нæма бафтыд. Йæ бавæрæн ирон культурæмæ æгæрон кæй у, уый нымайгæйæ, Фысджыты цæдисы уæнгтæ æмхуызонæй схъæлæс кодтой Нафийы ном Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуæн раттыны тыххæй.

«Республикæйы Сæргълæууæджы администрацийы разамынд ахæм фæндоныл тынг зæрдиагæй сæмбæлдысты. Хæстæгдæр рæстæджы уыцы куыст райдайдзыстæм», – загъта амынд куыстуаты консультант  Бигъуылаты Людмилæ.

                        НАРКОТИКТЫ  НЫХМÆ – ÆРМÆДЖЫТÆ

Дыууæ азы размæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы амындæй арæзт æрцыд наркотикты ныхмæ тохы æрмæджытæн аргъ кæныны экспертон къамис. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, наркоманийы ныхмæ тохы информаци хъуамæ уа ахадгæдæр.  

Къамисы уæнгтæ сты РЦИ-Аланийы наркотикты ныхмæ куыстуаты уæнгтæ, æххæстгæнæг æмæ закъонæвæрæг хицаудзинады органты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Æрæджы сæ радон æмбырды фæбæрæг кодтой, Мыхуыры фæрæзты комитет наркотикты ныхмæ тохы тыххæй кæй скæнын кодта, уыцы видеороликтæн сæ ахадындзинад, сæ мидис сбæрæг кæнын. Уымæй размæ социалон хызæгы фæсивæдмæ цы æрфарст арвыстой наркотикты ныхмæ тохы æрмæджыты хæрзхъæддзинады тыххæй, уыцы хатдзæгтыл æрдзырдтой æмбырды архайджытæ. Уыдон сты алыхуызон, фæлæ фæсивæды 66 проценты наркоманийы нымайынц æвзæр фæзындыл.

Республикæйы Наркоманийы ныхмæ комитеты аппараты разамонæг Луиза Лебедева куыд бафиппайдта,афтæмæй наркотикты ныхмæ кинонывтæ æмæ уыцы темæйыл алыхуызон æрмæджытæ сты тынг ахсджиаг.  «Къамисы уæнгтæй алчидæр хæсджын у æрмæг амал кæнын æмæ сæ киноисджыты ифтонг кæнын. Уыимæ наркоманийы æппæт æууæлтæ дæр нымад хъуамæ цæуой. Нырыккон фæсивæдæн æхæм æрмæджытæ хъуамæ уой цымыдисон, уыцы иу рæстæг та – зондамонæн æмæ фæдзæхсæн. Спайда кæнæн ма ис документалон æрмæджытæй дæр», – загъта Лебедева.

Ныхас ма цыд наркотикты ныхмæ тохы ног видеоæрмæг бацæттæ кæныныл. Мыхуыры комитеты сæрдар Фидараты Юри куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы куысты ахсджиаг сты профессионалон  –  техникон æууæлтæ, стæй – сфæлдыстадон бавнæлд.

«Видеороликты тыххæй ахæм ахсджиаг ныхас кæй рауад, уый се  нтыстдзинадыл дзуры. Йæ ахадындзинад бæрзонд у. Сæйрагдæр нын уыд экспертты зондахаст базонын, сюжет бæстон равзарын. Ацы фæмбæлд нын æнтыстджын рауад, ахæм роликтæ æмæ æндæр æрмæг дарддæр цæттæ кæнынæн фæпайда уыдзæн,» – загъта Юри.

Кæронбæттæны æмбырды архайджытæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ: наркотикты ныхмæ тохы видеороликтæ, стæй æмткæй алыхуызон æрмæджытæ цæттæ кæнгæйæ пайда кæнын хъæуы хуымæтæг æвзагæй, кæстæр кары фæсивæд сæ æнцонæй сæ куыд æмбарой, афтæ.

                                                                               Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.