Ирон адæмы хуызæн хæстæг, хион, æрвад ничи нымайы. Æрвадæлтæ иу туг, иу стæг сты. Цæмæй мыггæгтæ хæларæй цæрой, æмгуыст кæной, иумæйаг советтæ аразой æмæ сæ лыггæнинаг фарстытæ, сæ фидæны плантæ иумæ скъуыддзаг кæной, ууыл бирæ кусы «Иры Стыр Ныхас» дæр. Уым, Ныхасы равзæрдæй абоны онг кусынц хистæрты, фæсивæды, мыггæгты, сылгоймæгты, координацион, æддагон бастдзинæдты æмæ дины хъуыддæгты фæдыл ныхастæ æмæ советтæ. Уыимæ сæ хайæдтæ сты алы районты дæр.

Куыд кусынц мыггæгты Ныхастæ æмæ цавæр хæстæ ис сæ разы, уый сбæрæг кæныны нысанæн цыппæрæмы, 28 апрелы, Хъæууонхæдзарадон институты залы, «Иры Стыр Ныхасы» хъæппæрисæй арæзт æрцыд уæрæхгонд æмбырд ахæм номимæ: «Фамильные Ныхасы. Цели и задачи».

Æмбырдмæ æрбацыдысты Национ хъуыддæгты фæдыл министр Хадыхъаты Сослан æмæ министрады иннæ бæрнон кусджытæ, горæты, районты æмæ хъæуты мыггæгты Ныхасты, стæй иннæ советты сæрдартæ æмæ уæнгтæ, Хуссар Иры делегаци, «Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссары хайады сæрдар Гаглойты Роберт сæ сæргъы, афтæмæй. Æмбырд байгом кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Хуытиты Таймураз æмæ ныхасы бар радта Паддзахадон Думæйы депутат Цæгат Ирыстонæй Мæхъиты Зурабæн. Уый цыбыртæй загъта йæхи мыггаджы тыххæй, стæй арфæ ракодта, йæ мыггаг чи нымайы æмæ йæ фарнæн чи архайы, уыдонæн æмæ Кады грамотæтæ радта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Басаты Барисæн, йæ хæдивæг Хуытиты Таймуразæн æмæ хистæрты советы сæрдар Челдыты Алыксандрæн.

Уый фæстæ Хуытийы фырт йæ доклады радзырдта, Ирыстоны мыггагæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй æмæ ранымадта, ирон мыггæгтæй Ныхастæ, советтæ, комитеттæ чи сарæзта æмæ чи куыд кусы, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй хуыздæр чи архайы, уыдон сты Джиоты, Гусаты, Басаты, Мырзаганты, Махъоты, Дзгойты, Бæдтиаты æмæ æндæр мыггæгтæ. Уыдонæн ис советтæ, фондтæ, фондмæ йæ къух кæй куыд амоны, афтæ бахæссы æхцайы фæрæзтæ, уыдон хардз æрцæуынц иумæйаг хъуыддæгтыл: рынчынтыл, æвæгæсæг зæрæдтыл, кусынц фæсивæдимæ, цæмæй се ’хсæн иудзинад уа, хызт уой наркомани æмæ нозтæй, фæхуыздæр кæной демографион уавæр, хъахъхъæной сæ Фыдыбæстæ, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Æппæт уыдон къухы бафтдзысты, мыггаджы сæргъы куырыхон, аргъ кæмæн кæнынц, ахæм хистæр куы уа, уæд.

Ирыстоны стырдæр мыггаг — Джиоты тыххæй радзырдта Цæгат — Ныгуылæн зылды Ныхасы сæрдар Джиоты Яша, уый у мыггаджы раздзог дæр. Уый бацамыдта йе ’рвадæлты: Джиотæ, Кокойтæ, Битетæ æмæ Хуыбылтæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй мыггаг ирон адæймаджы хуызæн ничи нымайы, уымæн æмæ уый нæ туджы ис. Ирон лæгæн йæ мыггагæй раппæл æмæ йын уымæй æхсызгондæр ницы уыдзæн. Куыд загъта, афтæмæй мыггагæн ис совет (Ныхас), фонд, сарæзтой бæрæгуат телефонтæ адристимæ, арæх сын вæййы ахсджиаг фембæлдтытæ, аскъуыддзаг кæнынц бирæ фарстытæ. Джиойы фырт ранымадта сæ мыггаджы æмæ се ’рвадæлты зынгæ архайджыты. Уыдон сты: Джиоты Мурат — конфликтон быцæутæ æрбæстон кæныны фæдыл Хуссар Иры Президенты Æххæстбарджын минæвар, Джиоты Алан — Президенты администрацийы сæргълæууæг, Джиоты Пора — йæ рæстæджы зындгонд рухстауæг, Джиоты Георги — Горæтгæрон районы сæргълæууæг, Джиоты Алан (Парпат) — Ирыстоны национ хъæбатыр, Джиоты Ингæ, Иринæ æмæ Вероникæ — зындгонд оперон зарæггæнджытæ, Хуыбылты Валери — Ирыстоны национ хъæбатыр, Битеты Степан — 60-æм азты Цæгат Ирыстоны культурæйы министр, Битеты Ева — Социалон фæллойы хъæбатыр æмæ бирæ æндæртæ.

Гуылæрты мыггаджы номæй Гуылæрты Барис æрлæууыд сæ мыггаджы равзæрды историйыл, кæд æмæ кæцæй рацыдысты, чи сты сæ зындгонд лæгтæ, цы аразынц, цы плантæ сæм ис æмæ афтæ дарддæр. Куыд загъта, афтæмæй сæм зынгонд спортсментæ нæй, фæлæ сæ фæсивæды нæй наркомантæ æмæ фыдгæнджытæ дæр. Барис сæхи мыггагæй дарддæр æрлæууыд нæ историйыл: «Акæсут-ма нæ сыхæгтæм, нæ историмæ нын куыд бырсынц, æдзæсгомæй нын нæ удварны хæзнатæ сæхи куыд кæнынц. Уыдонæн ныхкъуырд куынæ раттæм, уæд фыддæр кæнынц». Барис ма фæндон бахаста, цæмæй нæ кувæндæттæ паддзахадон исбонад суой æмæ сæ алы æдзæсгæмттæ сæхи пайдайæн приватизаци ма кæной. Уый фæстæ Гуылæры фырт арфæ ракодта Ирыстоны æппæт мыггæгтæн дæр, нæ дзуæрттæ æмæ сын дунейы фарн æххуысгæнæг куыд уой.

Сæ мыггæгты советты куысты тыххæй ма радзырдтой Тедеты, Агънаты, Дзампаты, Хъуылаты, Хъоцыты æмæ иннæ мыггæгты минæвæрттæ.

Кæронбæттæны «Иры Стыр Ныхас» æмбырды архайджытæн бакаст сидт, мыггæгты советты куыстмæ цы ногдзинæдтæ бахæссын хъæуы, уый тыххæй. Бацæттæ ма кодтой Ныхасы куысты уагæвæрд дæр.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.