Ацы объект ифтонг уыдзæн хицæн ахуыргæнæн бынæттæй, цæмæй æфсæддон службæгæнджытæ ахуыр кæной æхсыны фæткойтæ, хæцæнгæрзтæй ифтонгады материалон хай, инструктаж кæнын æмæ æхстыты æвзарын, БМП-тæй ахуыргæнæн-иммитацион гранаттæ æхсын, хæцæнгæрзтимæ тренировкæтæ кæнын æмæ нормативтæ æххæст кæнын.

Объект хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдаид ивгъуыд азы фæззæджы, фæлæ нырма дæр ам хъæуы бæрæг куыстытæ сæххæст кæнын.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ ис проблемæтæ, фæлæ сын аскъуыддзаггæнæн ис.

«Куыстытæ цæуынц полигоны фæткмæ æркæ-ныны фæдыл.  Æз нымайын афтæ æмæ æввахсдæр æмгъуыдты ацы æфсæддон объект æрцæудзæн æмбæлон уавæрмæ», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма базонгæ æрыгон æрсиддонты ахуыры уавæримæ. Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим Президентæн фенын кодта казармæты, быдырон хæринагаразæн. Бибылты Анатоли загъта хицæн фиппаинæгтæ фынæйгæнæн бынæтты уа-вæры фæдыл æмæ, æгæрыстæмæй, фенын кодта куыд хъæуы салдаты сынтæджы æфснайын.

«Æрыгон æрсиддонты цардуаг хъуамæ уа хорз. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис проблемæтæ, уыдоныл мах æруынаффæ кодтам Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæгимæ – уыдон хауынц ахуыр кæнынмæ æмæ, куыд æрыгон хæстонты, афтæ æдзухон бындурыл чи службæ кæнынц, уыцы службæгæнджыты службæйы уавæртæм.

Æрыгон хæстоны курсы программæйы фæдыл райдиан æфсæддон цæттæдзинад ныртæккæ исынц 50 æрсиддоны, сæ ахуыры рæстæг куы фæуа, уæд уыдон æрвыст æрцæудзысты РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады хицæн ахуыр-гæнæн ротæмæ службæ дарддæр æххæст кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.