“Иры стыр ныхас”-ы координацион совет ацы аз фыццаг хатт сарæзта йæ фыццаг æмæ ахсджиаг æмбырд. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ фæстаг азты уыйас адæм никуыуал æрцыд æмбырдмæ. Архайдтой дзы Хицауад æмæ Парламенты разамонджытæ, национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан, Хуссар Ирыстоны Ныхасы сæрдар Гаглойты Роберт, районты, хъæуты, сыхты, мыггæгты Ныхасты сæрдартæ, Ныхасты 16 комитеты сæрдартæ æмæ уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ… Боны фæткы сæйраг фарста уыд, “Иры стыр ныхас”-ы Сæрдар Басаты Барис æмæ Ныхасы хистæрты комитеты сæрдар Челдыты Алыксандр сæ куыстæй кæй ацыдысты, уый.

Басаты Барис Ныхасы сæрдарæй фæкуыста 10 азы бæрц, фæлæ ныр йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ ныффыста куырдиат куыстæй йæ суæгъд кæныны тыххæй. Уый арфæ ракодта, кæимæ фæкуыста, чи йын æххуыс кодта, уыдо-нæн се ‘ппæтæн дæр: “65 азы бонтæ не сты. Уыййас фæкуыстон æнæрцухæй. Ныр мæ азтæ 80 фæуæлæмæ сты, ме ‘нæниздзинад дæр мæ нал амоны æмæ цæуын мæ куыстæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уал азы кусгæйæ алцы саразын мæ къухты нæ бафтыд, уымæн æмæ нæ авналæнтæ къуындæг уыдысты. Мæ зæрдæ зæгъы ног разамонæгæн, Ирыстоны сæраппонд стыр æнтыстытæ куыд бафта йæ къухы, ахæм арфæ йæ уæд”.

Барисæн йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты тыххæй арфæ ракодтой президиумы уæнгтæ Æлборты Иван, Цыбырты Людвиг, Сихъоты Сослан, Дойаты Хъазыбег, Бигъуылаты Людмилæ æмæ иннæтæ. Цыбырты Людвиг ранымадта Басаты Барисы бирæ хорз хъуыддæгтæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй Барис Ныхасы кусгæйæ æнгом бастдзинæдтæ сарæзта фæсарæнты æмæ Уæрæсейы горæтты цæрæг ирон диаспорæтимæ. Йæ наукон бынтæн та нымæц дæр нæй. Уыдон стыр ахъаз уыдзысты нæ фидæны фæлтæртæн.

Йæ азтæ  кæй ахызтысты æмæ йын кусын кæй фæзын, уый схуыдта йæ ацыды аххосаг Челдыты Алыксандр дæр. Уымæн дæр бузныг æмæ фæндарасты ныхæстæ загътой президиумы уæнгтæ. Æрмæст Басаты Барис дæр æмæ Челдыты Алыксандр дæр раздæрау архайдзысты æхсæнадон хъуыддæгты, баззайдзысты Ныхасы уæнгтæй.

Басаты Барисы бынатмæ кæд цалдæр кандидаты бавдыстой, уæддæр хъуыддаг хъæлæс кæныны онг не ‘рцыд, фæлæ æмбырды архайджыты иумæйаг фæндонæй “Иры стыр ныхас”-ы Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæ-нæгæй æвзæрст æрцыд сæрдары хæди-вæг Хутиты Таймураз.

Æмбырды ма ныхас цыд ацы аз сентябры ирон адæмы съезд ауадзыны тыххæй. Национ хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан куыд загъта, афтæмæй радон съезд саразыны рæстæг у 2019 азы, фæлæ бирæ лыггæнинаг фарстатæ кæй æрæмбырд, Ныхасы куысты системæ бындуронæй аивын, ног сæрдар равзарын кæй хъæуы, уыдæтты фæдыл нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фæндон бахаста, цæмæй съезд ацы аз сентябры арæзт æрцæуа. Уымæй дæр фыццаг хатт ирон театры, иронау.

Хуссар Ирыстоны Ныхасы Сæрдар Гаглойты Роберт дæр фехъусын кодта Президент Тыбылты Леониды фæндон: ирон адæмы радон съезд ауадзынмæ цæттæ у Хуссар Ирыстон. Уый тыххæй ис æппæт фадæттæ дæр…

Раныхасгæнджытæн се ‘ппæтæн дæр сæ хъуыдытæ арæзт уыдысты иу нысанмæ: съезд кæмфæнды арæзт ма æрцæуа, уæддæр сæйраг уыдзæн бæлвырд плантыл бакусын, Ныхасы куысты фæтк сæвæрын, аккаг сæрдар ын равзарын. Уымæн æмæ нырмæ куыд куыста, кусджытæ цалдæргай мæйты мызд куыд нæ истой, дарддæр ын афтæ кусæн нал ис.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.