Уæззау зиан æрцыд Ирыстоныл. Йæ царды 93-æм азы уæззау æмæ дæргъвæтин рынчыны фæстæ йæ цардæй ахицæн Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт æмæ драматург, публицист æмæ тæлмацгæнæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг, ССРЦ æмæ ГССР-йы Сæйраг советты депутат, ГССР æмæ РХИ-йы бирæ паддзахадон хорзæхты кавалер, академик Джусойты Нафи Григорийы фырт. Йæ зæрдæ банцад гуманизмы бæрзонд принциптыл хæст, йе ‘ппæт цард дæр йæ раттæг адæмæн, йе ‘взаджы, литературæйы, культурæйы рæзтæн чи  снывонд кодта, уыцы адæймаг.

Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы бирæсывæллонджын зæхкусæг бинонты æхсæн Дзауы районы Хæрдысæры хъæуы. Кировы хъæуы астæуккаг скъола сыгъзæрин майданимæ каст фæуыны фæстæ, хæсты райдианæй дыууæ боны фæстæдæр уый 17-аздзыд лæппуйæ бархийæ ацыд хæстмæ. Хæсты фæндæгтыл кæронмæ фæцыд æмæ 1945 азы фæззæджы æрыздæхт фæстæмæ йæ Райгуырæн бæстæмæ.

Нафи Григорийы фырт йæ фæллойадон фæндаг дæр райдыдта уыцы 1945 азы партийы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторæй, фæсаууонмæ та ахуыр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты историон фа-культеты. 1949 азы йæ ахуыр адард-дæр кодта Ленинграды уырыссаг литеатурæйы институты аспирантурæйы, цыран æнтысгæйæ бахъахъхъæдта диссертаци 1953-æм азы. Уый фæстæ йæ фæллойадон архайд адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты литературæ æмæ фольклоры кафедрæйы сæргълæууæгæй æмæ йын æнæаивгæйæ разамынад кодта йæ царды фæстаг бонмæ. 1968 азы Нафи Григорийы фырт æнтысгæйæ бахъахъхъæдта диссертаци филологон зо-нæдты доктроы къæпхæн райсыны сæраппонд.

Йæ адæммæ æмæ сæ культурæмæ йе ‘гæрон уарзондзинад, йе ‘нæрынцой зонд, йæ диссаджы куыстхъомдзинад æмæ йæ дæсныйадыл æну-выддзинад, уымæ ма бафтау йе ‘рдзон курдиат, уыдон ын радтой ирзонынады бæрзонд æмвæзадмæ схизыны фадат. Номдзыд ахуыргонд цымыдис цæмæ кодта, уыдон æххæссы-дысты ирон æвзаджы этимологийæ нырыккон ирон дзырдаивады проблемæты онг. Нафийы сисы бынæй рацыдысты 400-йæ фылдæр зонадон куысты, уыцы нымæцы фондз æмæ ссæдзы бæрц егъау монографийы. Уымæн йæ зонадон куыстытæ æмæ аивадон уацмыстæн сæ фылдæр ивд æрцыдысты дунейы бирæ æндæр æвзæгтæм. Нафийы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц публицистикæ, ахуыргæнæн чингуытæ æмæ дзырдуæттæ, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты уацмысты тæл-мæцтæ. Чидæриддæр æй зыдта, кæмæндæриддæр æрхауд нæ академикимæ ныхасы амонд, уыдоны дисы æфтыдта йæ энциклопедион зонындзинæдтæй, йæ куыстхъомдзинадæй. Уыимæ иумæ уый уыд хуымæтæг æмæ æргомзæрдæ ныхасы мидæг, йæ кæстæр коллегæтæн та – кадджын æмæ хæлар зондамонæг.

Нафи Григорийы фырты æцæг патриотизм, йæ раттæг адæмæн лæггад кæнын йе ‘ппæт царды мидис кæмæн уыд, иттæг хорз фидыдта йæ æнæсайд интернационализмимæ. Адæмты æхсæн сабырад æмæ разыдзинады тыххæй тох уымæн дзаг уыди бæлвырд мидисæй фæсрацарæзтон дуджы. Гуманизмы идеяты фæндагыл цæугæйæ, уый æнаивгæйæ сидт сабырад бахъахъхъæнынмæ иууыл бæрзонддæр трибунæтæй, ССРЦ æмæ ГССР-йы Сæйраг советты депутат, афтæ ма бирæ азты дæргъы ССРЦ-йы Фысджыты цæдисы уæнг уæвгæйæ.

Адæм Нафи Григорийы фыртмæ кастытсты æууæнчы цæстæй. Уый цалдæр хатты æвзæрст æрцыд раздæры Хуссар Ирыстоны автономон областы Адæмон депутатты горæты æмæ областы советты депутатæй, афтæ ма РХИ-йы дыккаг æмæ æртыккаг æрсид-ты Парламенты депутатæй.

Райгуырæн бæстæ стыр аргъ скодта Нафи Григорийы фырты зонадон æмæ æхсæнадон архайдæн. 1984-æм азы уый ссис ССРЦ-йы «Кады нысаны» ордены аккаг. Кады æмæ Уацамонгæйы уæлдæр хорзæхты аккаг та уый ссис йæ Райгуырæн Ирыстоны. Ирзонынады йе стыр æнтыстыты тыххæй та уымæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæджы» кадджын ном. Хуссарирыстойнаг зонады йæ лæггæдтæ нымад кæй æрцыдысты, уый ма фæбæрæг, дыууæ хатты йын Хетæгкаты Къостайы преми, афтæ преми «Нарты фæткъуы» лæвæрд кæй æрцыд, уымæй. Хуссар Ирыстоны ахуыргæндтæй æрмæстдæр Нафи æвзæрст æрцыд ГССР Зонæдты Академийы уæнг-корреспондентæй. Æрæджы хæрзаудæн фонд «Амонд» литературæйы архайджытæн снысан кодта Джусойты Нафийы æрвылазон преми. Нæ ахуыргондæн йæ юбилейон 2015 аз Хуссар Ирыстоны расидтæуыд Нафийы  азæй. Раст уыцы аз уый райста арфæйы гæххæтт Уæрæсейы Федерацийы Президентæй.

Нæ номдзыд æмзæххонæн хæрз-бон зæгъгæйæ, мах хъынцъым кæ-нæм не ‘ппæтæн дæр ацы уæззау зианыл. Хъыг кæны æппæт Ирыстон, хъыг кæнынц, номдзыд Нафийы фарсмæ цæрын, кусын æмæ йемæ ныхас кæныны амонд кæмæ æрхауд, æппæт уыдон. Джусойты Нафи Григорийы фырты рухс фæлгондз æмæ йæ хъуыддæгтæ цæрдзысты æнустæм.

Рухсаг у, Нафи!

Бибылты Анатоли, Пухаты Эрик, Гасситы Петр    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.