Хъыгагæн, фарон, æндæраз нæм цы карз низ фæзынд, уый дыууæ азмæ нæ чысылнымæц интеллигенцийæ ахаста иу фынддæс адæймаджы цард. Уыдонæй иу зындгонд рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг, Колыты Аксойы номыл æмæ Уæрæсейы Президенты номыл премиты лауреат, республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг, Уæрæсейы Федерацийы ахуырады отличник, конкурс «Азы директор»-ы уæлахиздзау, 13-æм скъолайы директор Сæлбиты-Колыты Иринæ.

Иринæ йæ царды бонты, нырма Ногдзауты галуаны кусгæйæ, стæй та ссæдз азы 13-æм скъолайы директор уæвгæйæ, уыййас бирæ сарæзта ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтæн æмæ нымад никуы фæуыдзысты. Ирон æвзаджы рæзты фæдыл ын йæ хъуыдытæ газетты фæрстыл зæрдиагæй кастысты адæм. Йæ хатдзæгтæм ын хъуыстой телеравдыстыты. Æрмæст дзургæ нæ кодта æмæ иннæтæн зонд нæ амыдта, фæлæ сæ хъуыддагæй æххæст кодта йæхæдæг. Мысынц æй абон дæр йе скъоладзаутæ æмæ йæ ацыдæй абоны онг сæ цæссыг нæма басур, йæ ном ын рæсугъдæй мысынц.

Афæдз рацыд, Иринæ не ʻхсæнæй куы фæхъуыд, ууыл. Уый фæдыл ын æрæджы, кæм куыста, уым, 13-æм скъолайы сарæзтой номарæн изæр. Бацæттæ йæ кодтой Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы специалист Къораты Жаннæ æмæ газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг Гасанты Валери.

«Махæн уыд амондджын, рæсугъд сабидуг, Иринæйы хуызæн рæстуд æмæ ирд адæймæгты руаджы. Уый йæ зæрдæйы хъармæй рæвдыдта кæстæрты», — банысан кодта Гасанты Валери мадзал гом кæныны рæстæджы.

Йæ фарн ныууагъта кæстæртæн
Изæрмæ æрбацыдысты горæты хицауад æмæ администрацийы минæвæрттæ

Изæрмæ æрбацыдысты горæты хицауад æмæ администрацийы минæвæрттæ, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы разамынд, йæ хъæубæстæ Хуымæллæгæй, стæй Рахизфарсы районы минæвæрттæ, Уæлдæр ахуыргæнæндæтты кусджытæ æмæ студенттæ, скъолайы ахуырдзаутæ сæ ныййарджытимæ…

Ирæйы бирæвæрсыг куыст æмæ æхсæнадон архайды тыххæй сæ хъуыдытæ загътой 13-æм скъолайы директоры хæдивæг Бесолты Ритæ, РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр Джерапты Иринæ, Рахизфарсы районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Бургалаты Заремæ, республикæйы хицауады администрацийы консультант Бигъуылаты Людмилæ, Стыр Ныхасы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбег, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Сæлбиты Зитæ, поэт Хабæты Риммæ, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ…

Раныхасгæнджытæн сæ ныхас арæзт уыд иу нысанмæ: Колыты-чызг бирæ сарæзта ахуырады, культурæйы, литературæйы къабазы. Бафиппайын хъæуы уый æмæ 13-æм скъола республикæйы иунæг ирон скъола кæй у (æрæджы ма нæм фæзынд Алайнаг гимназ). Ирæ æппæтдæр арæзта, цæмæй ацы уагдоны ирондзинад ма банымæг уа. Уымæн æвдисæн, æнæхъæн Ирыстоны зындгонд чи у, скъолайы уыцы къорд «Талатæ». Уым ахуыр кæнынц, цыдæриддæр фыдæлты цард æмæ æгъдæуттимæ баст ис, уыдон. Йæ разамонæг у Танделаты Розæ. Уымæй дарддæр, Ирæ йæ рæстæджы бындур сæвæрдта зонадон конференцитæн, Къостайы бакастытæн. Йæ архайдæй скъолайы ахуырады æмæ хъомылады æмвæзад бæрзондмæ кæй схызт, уый тыххæй сси Уæрæсейы Президенты премийы лауреат.

Ирæйы мадырвадæлты номæй ма раныхас кодта Гуккаты Ирбег. Уый йын радзырдта йæ сидзæр сабибонты тыххæй. Йæ фыд хæсты фесæфт æмæ йæ Гуккатæ схъомыл кодтой. Ирæ, æцæг ирон сылгоймаг, уыцы хæрзтæ уæлдайджынтæй бафыста. Зæрдиаг лæггад кодта йæ мыггаг Колытæн æмæ йæ бинонтæ Сæлбитæн.

Скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Ирæйы уарзон ахуыргæнинаг, ацы скъолайы рауагъдон Джимиты Артур та акодта Ирæйы уарзон зарæг.

Изæры архайджытæ экраныл федтой Колыты-чызджы цардæй скъуыддзæгтæ, къамтæ, йæ интервьютæ…

Ахæм адæм нæ ацæуынц махæй. Уыдон сæ уды рухс, сæ фарн ныууадзынц сæ кæстæртæн, сæ фидæнæн.

Джусойты Нинæ