Мыхуыр æмæ информацийы комитетмæ фæхуыдтой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константины.

Уый журналистты лæмбынæг базонгæ кодта, 2023-æм азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ гæсгæ цы куыстытæ бакодтой, уыдонимæ. «Уыцы мадзæлттæн УФ-йы бюджетæй рахицæн æрцыд 107 милуан сомы. Объектты иу хай рахызт фаронæй. Уыдоны нымæцы сты Зæронд хид, Цъон-Синагуры фæндаджы арæзтады æртыккаг этап. Знауыры районы æртæуæладзыгон æстдæсфатерон хæдзар, Дзауы районы Мзиугомы сывæллæттæн лагеры арæзтад æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынджы сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтадтæ.

«Иууыл риссагдæр фарста у Леуахийы доны сæрты хиды арæзтады фарст. Хъыгагæн та фæзынд форс-мажорон ситуаци. Хиды цæгтæй сæ иу дзуапп нæ дæтты арæзтадон-техникон нормæтæн, уымæн æмæ цемент разынд æгъæд. Уый размæ та бакъуылымпы стæм бургæнæн машинæйы аххосæй. Уæрæсейы тыхамæлттæй ссардтам ацы сæрмагонд техникæ, йæ æрласыныл бахъуыдыстæм дыууæ мæйы бæрц. Æмбæлон гæххæттытæ развæлгъау бацæттæ кæнын, афоныл бадзырдтæ саразын арæныл хизгæйæ æмæ æндæр процедурæтæ рæстæгыл баконд куы æрцыдаиккой, уæд нын фылдæр бакусын бантыстаид.

Арæзтадон æрмæджытæ ласыны рæстæджы дæр фембæлдыстæм зындзинæдтыл. Уæлдайдæр та, Зæрæмæджы контролон пунктыл хизгæйæ авд процентон уагæвæрд куы æрæвæрдтой, уæд. Ацы объект кæд фæфæстæдæр ис, уæддæр арæзт æрцæудзæн гъæдджынæй. Йе ‘ддаг цъар арæзт уыдзæн бынæттон дурæй. Аркæтæ саразыны хæстæ лæвæрд æрцыдысты зынгæ скульптор Джанайты Славикмæ. Хиды арæзтадæн цы финансон фæрæзтæ рахицæн кодтой ацы азæн, уыдон лæвæрд æрцыдысты æндæр объекттæн. Зæгъæм, финансты иу хай алæвæрдтам Знауыры районы Хъорнисы хъæуыл хиды арæзтадмæ. Хъæумæ цы хид цыд, уый æрдзы фыдаудæнмæ гæсгæ бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрхауд. Хъæуы цæрджытæн рæстæгмæ фæсвæд ран сарæзтам хид. Зæронд хидыбынты та сараздзыстæм ног, капиталон. Финансты иннæ хай та алæвæрдтам Цъунары хъæумæ  нуазыны дон уадзыны арæзтадмæ».

Пресс-конференцийы рæстæджы министры фарстой, зæгъгæ, Инвестпрограммæмæ цы объекттæ хаст æрцæуы, уыдон цы критеритæм гæсгæ равзарут?

Елдзарты Константин загъта, зæгъгæ, мадзæлтты номхыгъд саразынц министрадтæ æмæ комитеттæ. Бавдисынц дзы, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Уый фæстæ сæм æркæсæм æхсæнхицауадон къамисы рабадты. Уым алы мадзалæн дæр лæвæрд æрцæуы хицæнæй характеристикæ. Кæд æмæ къамис объекты арæзтад ахсджиагыл банымайа, уæд цадæггай реализаци æрцæудзæн. Фæлæ вæййы афтæ дæр æмæ аразгæ-аразын искæцы проект фæивы. Зæгъæм, 2024 азы хъуамæ фæуа Ерцъо-Синагуры фæндаджы арæзтад. Иууыл фыццаг проекты нысан цыд, цæмæй фæндагыл асфальт æвæрд æрцæуа Цъоны хъæуы онг. Иннæ хай та – Синагуры хъæумæ хъуамæ сырæзтаид цыппæрæм категорийы фæндаг. Фæлæ РХИ-йы Президент фæндон бахаста, цæмæй суанг Синагурмæ асфальт фæндаг сырæза. Уымæн æмæ ацы фæндаг цæуы хъæды астæуты, у субтропикон бынаты. Фæндаджы бын сæвæрын хъæуы мит æмæ цъыфласæн еъау хæтæлтæ, цæмæй дон фæндаджы уæлцъар ма хæра æмæ йыл афæдзы алы афон та уа æдæрсгæ цæуæн. Куыддæр уалдзæджы боныгъæдтæ фæхуыздæр уой, афтæ мах дæр æрæвналдзыстæм уыцы куыстытæм.

Цæрæнуатты арæзтадыл дзургæйæ министр  загъта, зæгъгæ, ноджы ма иу бирæуæладзыгон хæдзар сырæздзæн Ирæтты уынджы кæрон. 2024 азы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн Знауыры районы æстдæсфатерон хæдзар дæр.

«Фидæн азы адарддæр уыдзысты, «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон» цы электронон нымайæнтæ сæвæрынмæ хъавы, уыцы куыстытæ дæр. Ацы аз уыцы куыстытæ бакодтой Шанхайы районы. Электронон нымайæнтæ хъуамæ æвæрд æрцæуой æгас горæты, уыцы нымæцы административон уагдæттæ æмæ коммерцион агъуыстытыл дæр. Инвестпрограммæйы фæлгæтты хъуамæ афæдзы кæронмæ таможнæйы комитет техникон-материалон æрмæджытæй ифтонг æрцæуа. Цæмæй нырыккон цифрæйон аппаратурæйы фæрцы сæ куыст рæвдздæр цæуа», – загъта Елдзарты Константин.

Сæрмагондæй радзырдта министр, Исахъы уынгыл цы зæронд, аварион хæдзæрттæ ис, уыдоны тыххæй. Сæ бынаты хъуамæ сырæза ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Арæзтæдтæм хъуамæ бавнæлдтаиккой ацы аз æмæ уый тыххæй та цæрджыты хъуыдис æндæр бынатмæ акæнын. Фæлæ цæрджыты ‘хсæн рауадис хъаугъа, сæ иутæ нæ разы кодтой (æмæ нæ кæнынц) сæ цæрæнуæттæ ивыныл. Уымæ гæсгæ ацы фарст хаст æрцыд иннæ азмæ. Хъæуы иу резервон бирæуæладзыгон корпус саразын, кæцы æмткæй хъуамæ уа Хицауады дæлбар, науæд дарддæр дæр æмбæлдзыстæм ахæм уавæртимæ.

Елдзарты Константин дзырдта, 2024 азы кæй бавналдзысты æмæ лæмбынæг кæй сараздзысты донгуырæнты ифтонгæдтæ. Доны хæххытæ ныртæккæ аварион уавæры сты. Уымæ гæсгæ кърантæй фæцæуы чъизи дон. Уалдзæджы бавналдзысты сæ реконструкцимæ. Уый нын фадат ратдзæн доны хъомысад зынгæ фæфылдæр кæнынæн. Афтæ ма уалдзыгон къæвдаты рæстæджы доны хахмæ нæ иу кæндзысты чъизи дæттæ æмæ сыгъдæгæй цæудзæн. Стæй ма куыд Цхинвал, афтæ Дзауы районы цæрджытæ ифтонг уыдзысты донæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.