Медиа центр «Спутник Южная Осетия» фæхуыдта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константины.

Уый журналисттæн радзырдта 2023 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ цы 27 мадзалы хаст æрцыд, уыдонæй азы кæронмæ эксплуатацимæ лæвæрд кæцытæ æрцæудзысты. «УФ-йы бюджетæй сын рахицæн кодтой иу миллиард æмæ 107 милуан сомы. Программæйы иу хай рахызт фаронæй, Уыцы нымæцы республикон нысаниуæг кæмæн ис уыцы Ерцъо-Карзманы фæндаджы æртыккаг этапы арæзтад. Знауыры районы æстдæс фатерон хæдзарыл куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, рæзынц Ирæтты уынгыл бирæфатерон корпус æмæ Дзауы районы Мзиугомы сывæллæтты улæфæн лагерь. Ацы аз ма кæронмæ бахæццæ уыдзысты июны мæйы цы фараст уынджы арæзтадмæ бавнæлдтам, уыдон дæр. Ацы объекттæ ацы аз иууылдæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты, фæлæ дзы иннæ азмæ дæр ахиздзæн, зæгъæм, 2-æм скъолайы аварион корпусы арæзтад. Ацы аз хъуамæ бавнæлдтаиккам Леуахийы доны сæрты хиды арæзтадмæ, фæлæ, хъыгагæн, фæзынд форс-мажорон ситуаци. Бормашинæйы хайгай æрласын бахъуыд УФ-йæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ. Мах та æрмæстдæр йе ‘рласыныл бахъуыдыстæм дыууæ мæйы. Уый æз нымайын мæ дæлбар министрады æнæкомпетентондзинадыл. Æмбæлон гæххæттытæ бацæттæ кæнын, таможнæйы сæртыл ахизынæн афоныл бадзырдтæ саразын, æмæ æндæр процедурæтæ рæстæгыл конд  кæй не ‘рцыдысты, уый аххосæй бирæ рæстæг фесæфтам. Æмæ хиды арæзтадæн цы финансон фæрæзтæ рахицæнгонд уыдис, уыдон лæвæрд æрцыдысты æндæр объектæн. Зæгъæм, финансты иу хай лæвæрдтам Знауыры районы Хъорнисы хъæуыл хиды арæзтадмæ. Хид уыд бынтон аварион уавæры. Хъæуы цæрджытæн фæсвæд ран сарæзтам рæстæгмæ хид. Зæронд хиды бынаты та сырæздзæн ног капиталон хид. Финансты иннæ хай ацæудзæнис Зонкъары донæмбырдгæнæны цалцæг кæнынмæ. Ныртæккæ донæмбырдгæнæнæй дон цадæггай уадзæм  æмæ куы равдæлон уа, уæд бавналдзыстæм цалцæггæнæн куыстытæм. Ацы аз ма «Энергоресурс»-ы кусджытæ бавналдзысты нымæцон-электрон нымайæнтæ сæвæрыны куыстытæм дæр. Ивгъуыд аз  уыцы куыстытæ бакодтой Шанхайы районы. Ныр та нымайæнтæ æвæрдзысты административон уагдæтты æмæ коммерцион  агъуыстытыл.

Пресс-конференцийы ма министр дзырдта, Инвестпрограммæйы фæлгæтты Таможнæйы комитет кæй сифтонг кæндзысты техникон-материалон æрмæджытæй. Цæмæй, дам, нырыккон  цифрæйон аппаратурæйы фæрцы сæ куыст рæвдздæр цæуа. Уый тыххæй, дам, арæзт æрцыд проектон-сметæйон документаци.

Министр сæрмагондæй радзырдта цæрæнуат райсынмæ рады чи лæууы, уыдоны хæрзиуæгæн цы арæзт цæуы, уый тыххæй дæр. «Республикæйы паддзахадон цæрæнуатон политикæйы сæйраг хæс у цæрæнуатон хыгъды цы æмбæстæгтæ лæууынц, уыдонæн сæ рады æмгъуыд фæкъаддæр кæнын. Уый тыххæй архайынц цæрæнуатон арæзтады гуырахст рауæрæх кæныныл. Ныртæккæ цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ рæзы, уыдонмæ ноджыдæр бафтдзæнис цалдæр. Зæгъæм, бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæздзæнис Исахъы уынджы аварион хæдзæртты бынæтты. Ацы аз сæ арæзтадмæ бавнæлдтам, уымæн æмæ цæрджыты рæстæгмæ хъуыдис æндæр бынатмæ акæнын. Хъæуы нæ саразын иу ахæм резервон бирæуæладзыгон корпус, цæмæй та фидæны ноджы фылдæр цæрæнуæттæ аразын нæ бон суа.

Пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ фарстатæй иу уыд Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы арæзтадон организаци цы къуыхцытæ æруагъта, уыдон кæд иуварсгонд уыдзысты, зæгъгæ: «Арæзтадон фирмæйы хъуыддаг балæвæрдтам прокуратурæмæ. Рабæрæг ис егъау æхцайы фæрæзтæ бахæрд. Ныртæккæ аххосджын архайы максималон æгъдауæй уыцы æхца баздахыныл. Йæ рæдыд сраст кæныны хæс йæхимæ райста æмæ уал парчы донбылтæ сфидар кæныныл кусы»

Министр ма лæмбынæг дзырдта Едыс-Цхинвалы донуадзæны  донгуырæнты ифтонгадтæ æмæ доны хаххы аварион фадгуытæ сæндидзын кæныныл «Донуадзæны реконструкци фадат ратдзæн доны хъомысад зынгæ фæфылдæр кæнынæн. Афтæ ма уалдзыгон къæвдаты рæстæджы доны хаххмæ нæ иу кæндзысты чъизи дæттæ æмæ дон сыгъдæгæй цæудзæн. Куыд Цхинвалы, афтæ Дзауы районы цæрджытæ ифтонг уыдзысты донæй. Уыимæ ма Цхинвалы резервуартæй дон уагъд æрцæудзæн  Иры хъæу, Тъбет æмæ Къостайыхъæумæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.