5-æм марты нæ горæты паддзахадон драмон театры популярон ирон зарæггæнджытæ Цæрыкъаты дыууæ хо – Фатимæ æмæ Альбинæйæн уыдзæн солон концерт. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой нæ республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæйы.
«Ацы концерт уыдзæн Сылгоймæгты дунеон боны хæдразмæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæ хорз зæрдæйы равгимæ æмæ хъæлдзæгæй сæмбæлой уалдзæджы æрбалæудыл, бæрæгбоныл. Билеттæ ныридæгæн уæй кæнынц театры кассæйы. Табуафси, уæхицæн ма бахæлæг кæнут цымыдисон концерт», – банысан кодтой пресс-службæйы.
Цæрыкъаты рæсугъд чызджытæ уарзон зарæггæнджытæ сты куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы адæмтæн дæр. Арæх солон концерттæ радтынц Уæрæсейы Федерацийы бирæ регионты. Уыдонæн сæ репертуары ис куыд ирон, дыгурон, афтæ уырыссаг зарджытæ дæр. Альбинæ æмæ Фатимæйы фыццаг солон концерт Хуссар Ирыстоны уыдис 2017 азы æмæ сыл адæм сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй.
Нæ уацх.