Егъау æхсæнадæмон фæсивæдон мадзал æрбангом кæндзæн уæрæсейаг æмæ æндæр бæстæты æвзонг лидерты, профессионалты – амалиуæггæнджыты, дипломатты, культурæйы, спорты, зонады, ахуырады, волонтерты æмæ царды æндæр æхсæнадон фадгуыты минæвæртты.

Дунеон фестивалы Хуссар Ирыстонæй хайад райсдзысты 131 адæймаджы. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ фестивалы нæ делегацийы сæргълæууæг уыдзæн Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг   Тыбылты Алан. Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры брифинджы рæстæджы уый куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн уый у егъау нысаниуæгджын цау. Хуссар Ирыстонæй цы 131 хайадисæг ис, уыдонæй 124 адæймаджы сты фестивалы делегаттæ, иннæ авд та сты мадзалы хайадисджытæ.

Фестивалы фæзуатыл бæстæты æхсæн ныхæстæ уыдзæн алы темæтыл, уым Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ банысан кæндзысты нæ паддзахады æмæ нæ фæсивæды позици. Кæд фæсивæдон форум у, уæддæр æмбæрстгонд у, цасдæрбæрцæй политикон цау дæр кæй у.

Тыбылты Аланы ныхæстæм гæсгæ чысыл Хуссар Ирыстонмæ нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федераци лæмбынæг хъусдард здахы, уымæ гæсгæ фестивалы хайад райсынæн хицæн æрцыд егъау квотæ. Хуссар Ирыстон уый стыр кад æмæ æууæнкыл нымайы, уымæн æмæ милуангай цæрджытæ цы бæстæты ис, уыдоны делегациты нымæц къаддæр уыдзæн.

«Фæсивæды минæвæрттæ æвзæрст цыдысты æхсæрдæс здæхты. Уыдонæй алчидæр у йæ фадыджы дæсны æмæ æвзонг активист.

Форумы ма хайад райсдзысты авд æвзонг дипломаты, уыдон нымæцы ис ахæмтæ, кæцытæ ахуыр фесты кæнæ нырма ахуыр кæнынц Дунеон ахастыты фæдыл мæскуыйаг паддзахадон институты», – банысан кодта уый.

Уымæй дарддæр форумы нæ республикæ равдисдзæн егъау культурон программæ – ансамбль Симды «Хонгæ кафт», хуссарирыстойнаг нывгæнджыты куыстытæ, националон стилыл фæлыст куклæтæ æмæ бирæ æндæртæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ форумы фæлгæтты уагъд æрцæудзæн фембæлд Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин æмæ æндæр бæрнон политиктимæ. Мах дæр, зæгъгæ, бацархайдзыстæм, цæмæй нæ фæсивæды минæвæрттæ хайад райсой уыцы мадзалы.

Тыбылты Аланы ныхæстæм гæсгæ форуммæ делегацийы балцæн стыр æххуыс бакодта бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фæсивæды дунеон фестиваль у егъау мадзал æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдыл стыр бæрндзинад ис, цæмæй аккагæй равдисой сæхи. Ныфс бавæрдта Тыбылы фырт, продуктивон кæй уыдзæн сæ хайадист, уымæн æмæ, зæгъгæ, нæ делегаттæ сты сæрыстыры аккаг лæппутæ æмæ чызджытæ æмæ сæм нæ зæрдæ  не ‘хсайы.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.