Скæсæйнаг къæлиндармæ гæсгæ æрбалæугæ аз у сау Тæрхъусы аз. Уæдæ нæм цы æнхъæлмæ кæсы Тæрхъусы, 2023 азы та? Цы ныфс нын æвæры скæсæйнаг гороскоп ацы аз та? Куыд зонæм, афтæмæй Тæрхъус йæхæдæг сабыр, æнæхъыгдаргæ цæрæгойыл нымад у. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ аз йæхæдæг дæр уыдзæнис иттæг хорз.

Æнцойдзинад æмæ стабилондзинад, иугъæдон æмæ хиуылхæцындзинад — аз нæ уыдзæн тыхсаг, уæззау цардæвзарæнтæ баззайдзысты ивгъуыды.

Хиуæттæ æмæ бинонты ‘хсæн фæхуыздæр уыдзæн æмуддзинад.

Æмбарындзинад æмæ сабырад — ницавæр быцæудзинад æмæ загъд, æрмæстдæр компромисс æмæ хатыркæнын. Тæрхъус агуры фæндæгтæ конфликтæ æрсабыр кæнынæн.

Скæсæйнаг къæлиндары цы 12 цæрæгойы ис, уыдоны æхсæн Тæрхъус ахсы 4-æм бынат æмæ нымад цæуы иууыл амондджындæрыл.


ЦАХÆМ УЫДЗÆН 2023 АЗЫ ГОРОСКОП ЗОДИАКЫ НЫСÆНТТÆМ ГÆСГÆ?

Фыс (Овен) — 21.03-20.04

Ацы нысаны минæвæрттæн Тæрхъусы аз уыдзæн æнтыстджын, уымæ гæсгæ сæ бон у æмæ æрывналой се стыр фæндтæ æххæст кæнынмæ. Фæндвидардзинад куы равдисой æмæ рæстæгæй куы спайда кæной, уæд сын сæххæст уыдзысты. Фыс йæ фæндагыл цæуы комкоммæ размæ, иуран нæ баддзæн æмæ йæ царды ивындзинæдтæ цæудзысты хуыздæрæрдæм.

Гал (Телец) — 21.04-20.05

Галæн Тæрхъусы аз æнцой нæ хæсдзæн, уый хыгъд ын уыдзæн æнтысгæ æмæ стабилон. Уымæ æнхъæлмæ кæсы бирæ æвæрццаг цаутæ. Йæ хъуыддæгтæ алы къабазы дæр цæудзысты рæвдз. Æрдзон хивæнддзинад æмæ куыстуарзондзинад ын æххуыс кæндзысты цы йæ фæнды, уый къухты бафтын кæнынæн. Гал йæ улæфт хъуамæ арвита хиуæттæ æмæ хæлæрттимæ, цæмæй йæ сæ зæрдыл хуыздæр бадарой.

Фаззæттæ (Близнецы) — 21.05-20.06

Тæрхъусы аз Фаззæтты уæнгты бацæудзæнис егъау тых. Уыдон цæттæ сты, æгæрыстæмæй, хæхтæ рафæлдахынмæ дæр. Фаззæттæн сæ фылдæр ацы аз ссардзысты сæ амæндтæ. Зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ, æнцонæй ссардзысты ног куыст. Фæзындзæн сын фадат карьерæ аразынæн. Æнхъæлмæ сæм кæсы æнæнхъæлæджы цаутæ дæр, фæлæ хи æрлæмæгъ кæнын нæ хъæуы.

Мыдзбыр (Рак) — 21.06 — 22.07

Гороскопмæ гæсгæ Мыдзбыртæн ацы аз сæ царды цæхгæр ивындзинæдтæ сæхицæй аразгæ уыдзысты. Уымæ гæсгæ хуыздæр ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсæн нæй. Пайда кæнын хъæуы уавæрæй æмæ рæстæгыл фердæхдзинад равдисын. Иннæ хъуыддæгты фортуна Мыдзбырты æвварс у. Романтикон ахастыты хъуамæ разæнгарддæр уой. Мыдзбыртæм æнхъæлмæ кæсы бирæ хъуыддæгтæ, уый тыххæй сæ бахъæудзæн æнæнцойæ кусын.

Домбай (Лев) — 23.07-22.08

Домбайтæн Тæрхъусы аз йедзаг уыдзæнис цымыдисон цаутæй. Сæ бон суыдзæн хи равдисын æмæ публикæйы хъусдард сæхимæ раздахын. Домбайтæн сæ хъуыддæгтæ скъуыддзаг цæудзысты æнгтысгæйæ, кæд æнæвдæлон уыдзысты, уæддæр. Рæстæг дæр ма сын уыдзæн хи цардмæ æркæсынæн. Тæрхъусæн хорз ахаст уыдзæн Домбаймæ.

Чызг (Дева) — 23.08-23.09

Ацы нысаны минæвæрттæ цух нæ уыдзысты алыгъуызон цаутæй. Афон у, цæмæй сæ фæндтæн бындур сæвæрой. Ацы аз сын иууыл ахсджиагдæр у æхцайы фæрæзтæ фæфылдæр кæнын, ног адæймæгтимæ зонгæ кæнын æмæ бизнес-контракттæ аразын. Афтæ ма хиирхæфсæн балцытæй дæр нæ зæгъын нæ хъæуы. Æнæнхъæлæджы цаутæй дæр тас нæу. Сæ материалон уавæр афæдзы дæргъы уыдзæн стабилон.

Тæрæзтæ (Весы) — 24.09-23.10

Зындгонд астрологты хъуыдымæ гæсгæ, 2023 аз Тæрæзтæн иууыл хуыздæр аз уыдзæн се сфæлдыстадон пълæнттæ сæххæст кæнынæн, фæлæ сæм æнхъæлмæ кæсы бæрæг къуыхцытæ дæр. Уыдонæн ацы рæстæг суыдзæн фидардзинады фæлварæн. Тæрæзтæ æндæр цæстæй акæсдзысты се ‘ввахс адæммæ æмæ цардæн дæр аргъ кæндзысты æндæргъуызон. Азы бардуаг уыдон фидардзинадæн сараздзæн фæлварæн. Фæлæ уæддæрп, ацы аз Тæрæзтæн уæддæр уыдзæн æнцой аз.

Къæдздым (Скорпион) — 24.10-21.11

Къæдздымæн Тæрхъусы аз суыдзæн æцæг лæвары хуызæн. Тæрхъус сын ныфс æвæры удæнцойадæй. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы бирæ цымыдисон цаутæ. Сæ цард ивдзæнис, фæлæ дзы тæрсын нæ хъæуы. Сæ фæстиуæг уыдзæнис амондджын. Æхцайæ хъуаг нæ æййафдзысты.

Фатæхсæг (Стрелец) — 22.11-21.12

2023 азы Фатæхсæгæн фадат уыдзæн йæ рæдыдтытæ сраст кæнынæн æмæ алцыдæр ногæй райдайын. Цæмæдæриддæр зæрдиагæй бавнала, уыдон ын æрхæсдзысты æнтыстытæ. Куыстуарзон æмæ фæндвидардзинад Фатæхсæгæн æххуыс кæндзысты йæ цард æнцондæр кæнынæн.

Сæгъысыкъаджын (Козерог) — 22.12-19.01

Ацы аз Сæгъысыкъаджынтæ æнкъард нæ кæндзысты. Бинонтæ æмæ куыст уыдонæй домдзысты фылдæр хъусдард. Бирæ рæстæг хардз кæндзысты æндæрты проблемæтæ скъуыддзаг кæныныл. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у йæхи сæрмагонд хъуыдытæ размæ кæнын. Хорз уаид балцы ацæуын æмæ хæдзары цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын дæр.

Донкалæг (Водолей) — 20.01-18.02

Донкалæгæн тæрхъусы аз хæрзвадат уыдзæн æппæт къабæзты дæр. Фаг тых æмæ сæм фæндвидардзинад кæй ис, уый сын ахъаз уыдзæн сæ фæндтæ æххæст кæнынæн. Иттæг ахсджиаг сын у хорз ахастытæ дарын æввахс адæмимæ. Гæнæн ис, æййафой финанстæй хъуагдзинад.

Кæсаг, Кæф (Рыбы) — 19.02-20.03

2023 аз Кæсæгтæн уыдзæн æнцой аз. Цæхгæр ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. Иумæйагæй сисгæйæ, Кæсæгтæн сæ хъуыддæгтæ цæудзысты сæхи фæндиаг. Дунемæ хъæудзæн цæстæнгас фæивын æмæ ногдзинæдтæ агурын. Ацы аз Кæсæгтæн уыдзæн бирæ аудинæгтæ, фæлæ сæ хъуыддæгтæ цæудзысты хорз. Фидæны пълæнттæ аразын хъæудзæн ныфсджынæй. Кæсæгтæм æнхъæлмæ кæсы карьерон уасинтыл хæрдмæ хизын.