Уастырджимæ кувæн къуыри

Ирыстонмæ, ирон адæммæ та æрбацæуы нæ кадджындæр, фæрнджындæр æмæ бæркадджындæр бæрæгбæттæй иу — Уастырджимæ кувæн къуыри — Джеороргуыба. Уастырджи æдзухдæр Стыр Хуыцауы фарсмæ ис. Йæ аудынад ын æрхæссы Ирыстонмæ, ирон адæммæ. Нæ ирон фынджы сæр хистæр йæ фыццаг ракуывды Хуыцауы фæстæ, уый ном уымæн ссары, дыккаг сидты дæр нæхи ууыл бафæдзæхсæм. Йæ алы бæрæгбон дæр нын уæлдай цинаг æмæ æнхъæлцау уымæн у. Царды цыд адæмты хъысмæтмæ æгъатыр у, лæмæгътæй хъулæй-хъазæгау кæны. Йæ цардхалæн фæзилæнты ирон адæм дæр алырдæм ныг-гæлиртæ сты. Комгай, хъæугай, диалекттыл, ныхасздæхтытыл кæрæдзи æвзарæм, алы динтыл ныххæцыдыстæм. Æмæ нæ алчидæр йæхи къæсы фæрсагæй кæсгæйæ, йæхимæ растдæр æмæ хуыздæр кæсы.

Уыцы зæрдæйыуаг нæ нæ иудзинады фарстамæ æркæсын никуы бауадздзæн. Уый нæ, фæлæ нæ кæны кæрæдзийæн æцæгæлон, æмæ нын афтæмæй размæ цæуæн нæй, сафы нын нæ фидардзинад, нæ тых. Лæмæгътæ та, куыд зонæм, афтæмæй тыхджынты раз сдзырдхъом дæр не сты, дæлдзиныг сæ кæнынц.

Кæрæдзиуыл ма нæ бæттынц не ’взаг, нæ рæсугъд æгъдæуттæ æмæ нæ фыдæлты фарн. Фыдæлты фарнимæ нæм æнусты сæрты æрхæццæ рæстаг адæмы сæрхъызой, Хуыцау æмæ ирон адæмы æхсæн дыууæрдæм минæвар, зæлдагзачъе уæларвон Уастырджимæ кувыны фæтк.

Уастырджи у нæ иугæнæг фарны тых. Кувæм æм, нæхи йыл фæдзæхсæм иууылдæр: Цæгатæй — Хуссармæ, Хурыскæсæнæй — Хурныгуылæнмæ, чи нæ цы комæй, хъæуæй рацæугæ у, цы диныл хæст у, уый нæ хынцгæйæ. Уастырджи — ирон адæмы уарзондæр æмæ цытджындæр зæд. Йæ номæн дæр ын нымд кæнæм, сылгоймаг æй дзургæ дæр нæ кæны, Урс Лæгты Дзуар æй хоны. Нæлгоймагыл æмæ фæсивæдыл ауды, уыдоны йыл фæдзæхсæм йæ кувæн бонты. Лæгхъуаг макуы уæд Ирыстон, кæстæр арæхæй цæрæд!

Уастырджи Хуыцауы разæй рараст вæййы ирон адæммæ, Хуыцауы хæрзтæ рахæссы йемæ, ирон адæмыл сæ байтауы, æмæ дзы алчидæр хайджын уæд, нæ æнгомдзинадæн, нæ фæрнджын æмæ арфæйаг фидæнæн ахъаз куыд уой, афтæ. Уастырджи Зæхмæ куы æртæхы, уæд Ирыстоны кæм æрбады, уыцы рæстæг адæмæн сæ тыхст тæссаг уавæры сæ фарсмæ кæм æрбалæууы, уыцы бынæттæ ирон адæмæн систы кувæндæттæ. Куывды сæм цæуынц афæдзы дæргъы алы рæстæджыты. Уыдоны Уастырджийыл фæдзæхсынц сæ кæстæрты, сæхи, сæ рæстаг хъуыддæгтæ. Ахæм кувæндоныл зæд йæ уаз æмæ хъомыс бафтауы. Æмæ йæм цас фылдæр адæм куывддоны цæуой, уый бæрц уыдоны фарнæй йæ фарн фылдæр кæны.

Ныр дæр та Джеоргуыбайы — Уастырджимæ кувæн къуырийы ирон адæм куывды цæудзысты, йæ кувæндæттæй кæмæ кæцы æввахсдæр у, уымæ. Сæхи, сæ кæстæрты, сæ рынчынты, сæ бæлццæтты, сæ хорз хъуыддæгтæ йыл фæдзæхсдзысты.

Уастырджимæ кувæн къуыри нæм ралæууы, фæззыгон куыстытæ куы фæвæййынц, уæд. Ноябры æртыккаг хуыцаубоны райдайы æмæ къуыри ахæссы. Хуыцаубоны йæ райдайынц, галтæ чи фергæвды, уыдон. Уыцы бон хонгæ дæр кæнынц Галæргæвдæн хуыцаубон. Къуырисæры изæрæй та вæййы Уастырджимæ кувæн æхсæв, дыккаг хуыцаубоны — Уастырджийыл хи фæдзæхсæн бон æмæ уый хæдфæстæ къуырисæры изæрæй — бæрæгбоны æрвитæн æхсæв. Къуырийы дæргъы ирон адæм фæбадынц бæрæгбоны фынгтыл, сæ кадджын уазджытæ вæййынц, семæ иннæ адæмтæй хæларæй чи цæры, уыдон. Фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Сыгъзæрин Уастырджимæ.

Æрцæуы та, ирон адæм афæдзы дæргъы цы кадджындæр бæрæгбонмæ — Уастырджимæ кувæн къуыри — Джеоргуыбамæ фенхъæлмæ кæсынц, уый. Къуырийы дæргъы, растдæр зæгъгæйæ, фараст боны дæргъы, ирон адæм дзаг фынгтыл ардзысты Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцау æмæ Сыгъзæрин Уастырджийы ном: табу сын кæндзысты, кувдзысты сæм, сæхи сыл фæдзæхсдзысты. Уынджы уа, агъуысты фембæлгæйæ, кæрæдзийæн арфæ кæндзысты, Уастырджийы хорзæх дæ уæд, зæгъгæ. Æнæуый дæр, ирон адæм афæдзы кæцыфæнды афон æрвылбон дæр кæрæдзи фæдзæхсынц Уастырджийыл, фæлæ йæм йæ кувæн къуырийы уæлдай зæрдиагдæр, зæрдæмæхъаргæдæр вæййы сæ арфæ, сæ куывд. Уымæн æмæ, дам, Уастырджи къуырийы дæргъы вæййы Ирыстоны зæххыл, æмæ йæм ирон адæмы кувын тынгдæр хъуысы, йе ’ргом иууылдæр уыдонмæ здæхт вæййы. Уымæй ма, дам, уæларвæй Хуыцауы разæй Ирыстонмæ йæ базырджын бæхыл куы рараст вæййы, уæд ирон адæмæн йæ хæрзтæй ракуры æмæ сыл сæ уаргæ фæкæны.

Æрхæццæ та кæны нæ адæмы уарзондæр, царды зынты нæ ныфс чи у, нæхи, нæ кæстæрты, нæ бæлццæтты, нæ рынчынты, нæ хорз хъуыддæгтæ, нæ размæ цыд кæуыл фæдзæхсæм, уыцы æргом зæд — Уастырджимæ уæлдай зæрдиагдæрæй куы фæкувæм, уыцы кадджын бæрæгбон. Бæрæгбонæн йæ ном йæ уæлæ ис. Адæймаджы рæмон зæрдæ кæны. Иннæ бонтæй бæрæгдæрæй æвдисы йæхи, хъæлдзæг, цæрæццаг æй кæны. Фæлæ дзы хидарыны уаг дæр домы! Ацы бонты хъуамæ алы иронæн дæр йе ’гъдау, йæ ныхасы уаг, йæ дзаумайы конд уой уæлдай хуыздæр, кувæндоны бын куыд вæййы, афтæ. Уастырджийы куывды æгъуызæй, ома, чъизи уæлæдарæсы кæнæ фыдкæндтытæй, æнæдастæй хъуамæ мачи бада. Хъæлæба æмæ æнæуаг дзыхæй дзурын та нæ фæтчы. Уыцы уагæй йæхи чи февдисы, уый иуæй нымд нæ кæны бæрæгбонæй, иннæмæй та ницæмæ дары, кæй хæдзары бады, стæй кæимæ бады, уыдоны. Афтæмæй сафы бæрæгбоны куывды фарн æмæ нæ ирон рæсугъд æгъдауы нысан.

Ирон фынг бахæрд æмæ банозты тыххæй нæу. У æгъдауы тыххæй. Хистæртæ йæ ирон царды скъола хуыдтой. Æмæ бæрæгбонмæ акæсын хъæуы уыцы цæстæй дæр. Алцы зонын дæр хорз у, фæлæ, фыццаджыдæр, адæймаг хъуамæ йæхи зона. Гъе, уымæ гæсгæ Уастырджимæ кувæн къуырийы бæрæгбоны хъуыддæгты хъуамæ архайæг уой фæсивæд æмæ сæ мадæлтæ дæр. Бæрæгбонæн, хистæртæн лæггад кæной. Уадз æмæ зоной, кæстæртæ ахуыр кæной, ирон адæм цæмæй улæфынц, цард куыд арф æмбарынц, иннæ адæмтимæ сæ хæларæй цæрын кæй фæнды, сæ тырыса рæстдзинад кæй у, тыхы сæр сæ куы бахъæуы, уæд сын тыхгæнæг тых кæй нæ ары, уый.

Хъуамæ афтæ ма уа, хистæртæ бæрæгбоны фынг æрцæттæ кодтой æмæ йыл сæхæдæг æрбадтысты. Ахæм уагæй иу фæлтæр иннæуыл ницæуыл ахуыр кæны, æмæ царды цыд хæлгæ кæны, ирон фарн та — сæфгæ. Æмæ ма уæд мах цæй ирæттæ стæм! Цард арвæрдынау йæ бирæ хуызтæй рæсугъд у, æмæ дзы хъуамæ мах хуыз дæр тæмæнтæ кала.

Сыгъзæрин Уастырджи ирон адæммæ къуырисæры рараст уыдзæн. Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы разæй, йæ хæрзтæ йын йемæ рахæсдзæн æмæ сæ йæ фарнимæ, хъомысимæ байтаудзæн Ирыстоныл. Æмæ нæ фыццаджыдæр фыдбылызæй бахизæд. Къуырийы дæр-гъы йæм ирон адæм, Ирыстоны зæххыл хæлар æмæ уарзонæй цы адæмтимæ цæрынц, уыдонимæ кувдзысты дзаджджын фынгтыл, æмæ сын сæ куывд куыд айса, уыцы амонд сæ уæд.

Кувын нымд хъуыддаг у, рæстзæрдæ æмæ æвронг зондæй куы цæуа, уæд табуйагдæр у, адæмыл æмæ зæдыл дæр тынгдæр ахады. Æмæ ацы кувæн бонты иу дæр хъуамæ йæхи æгъуызæй ма равдиса. Уастырджийæ аргъуц, нымд кæнгæйæ, нæ кадджын бæрæгбон арвитæм рæсугъдæй, зæрдæйæн, зондæн, нæ алкæмæн дæр æхсызгондзинад куыд æрхæсса, хæларæй, æнгомæй цæрынмæ нæ ноджы тынгдæр куыд сразæнгард кæна, афтæ.

Ирон адæм, уæ кувинæгтæ Уастырджийæн барст уæнт, ут йе уазæг!

ЦГЪОЙТЫ Хазби