25-æм январы куыд æппæт Уæрæсейы афтæ ма Хуссар Ирыстоны студенттæ дæр традицион æгъдауæй банысан кæнынц сæ хъæлдзæг æмæ рæсугъд бæрæгбон – Татьянæйы бон. Ацы бæрæгбоны цытæн студенттæн уагъд æрцæуынц кадджын мадзæлттæ æмæ бæрæгбонон изæртæ.

Ацы бон нæ паддзахадон университеты студентон фæсивæд фембæлдысты ректор Тедеты Вадим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланимæ. Бæрæгбонон фембæлд ацыд хъарм æмæ кæрæдзи хорз æмбарыны уавæры.

Фыццаджыдæр студенттæн раарфæ кодта ХИПУ-йы ректор. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ студенттæн сæ сæйрагдæр хæс кæй у ахуыр кæнын. «Зынаргъ студенттæ, кæддæриддæр тырнут ахуырмæ, зонындзинæдтæ исынмæ, цæмæй сомбон университеты къæсæрæй куы ахи-зат, уæд уæ фæндæгтæ уой уæрæх æмæ лæгъз, ма фæтыхсат уæ царды æмæ уæхи дарынхъом уат. Абон сымахæн университеты арæзт æрцыдис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй райсат хорз ахуырад æмæ уæ рæстæгæй пайда кæнут», – загъта ректор. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта æмæ стыр бузныг загъта Президент Гаглойты Аланæн лæмбынæг хъусдард сæм кæй дары æмæ сæ фарсмæ кæй ис, уый тыххæй. «Кæддæриддæр рæстæг ссарут æмæ нæ фарсмæ æрбалæуут. Мах уын уæ ацы хъуыддаджы тыххæй стыр аргъ кæнæм, æмæ уын сæрмагондæй арфæ кæнæм», – банысан кодта Тедеты Вадим.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан дæр арфæ ракодта студентон фæсивæдæн сæ бæрæгбоны тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта стыр æнтыстытæ сæ ахуыры хъуыддаджы. «Мæ хæлæрттæ, хъыгагæн, рæстæг тынг тагъд цæуы æмæ йын аргъ кæнут. Ахуыр кæнут, цалынмæ уын ис фаг рæстæг æмæ фадæттæ. Курæг уæ дæн, уæхиуыл кусут, цæмæй уæ фидæн уа уæхи æмæ уæ бинонты фæндиаг амондджын æмæ æнтыстджын», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг. Уый ма сæрмагондæй æрдзырдта мадæлон æвзаджы райрæзты фарстыл дæр. Куыд банысан кодта, афтæмæй нæ республикæйы фæсивæды ‘хсæн литературон æвзагæй пайда кæныны æмвæзад рæзы. «Махæн нæ мадæлон æвзаг у нæ хæзна. Æнæ уымæй нацийæн уæвæн нæй. Мах, ирон адæм, хæсджын стæм, цæмæй не ‘взаджы рæзтыл кусæм æмæ йыл дзурæм. Æппæт дæр хъуамæ аразæм йæ бахъахъхъæныны тыххæй», – загъта Президент Гаглойты Алан.

Президентон стипендитæ

Университеты хуыздæр студенттæн президент йæхи къухтæй радта президентон стипендитæ. Уыдоныл тынг фæцин кодтой 14 студенты æндæр æмæ æндæр факультеттæй, кæцытæ ахуыры æмæ университеты æхсæнадон царды сæхи равдыстой иттæг хорз.

Студенттæн ма фадат уыдис ахуырад æмæ студентон цардимæ баст темæтыл бæстæйы сæргълæууæгмæ фарстатæ радтын дæр. Студентон активы минæвæрттæ та бахатыдысты бæстæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй сын баххуыс кæна Санкт-Петербургмæ абалц кæныны тых-хæй организацион хъуыддаджы. Гаглойты Алан сын баныфсæвæрдта, сæ домæн сын кæй сæххæст кæндзæнис, уымæй. Студенттæ сæ бæрæгбон хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ адарддæр кодтой сæ бацæттæгонд концертон программæйæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.