Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим  фембæлд университеты студенттимæ Студенты боны (Татьянæйы бон) цытæн. Фембæлды хайад райстой университеты æппæт факультетты хуыздæр ахуыргæнинæгтæ æмæ студентон советы уæнгтæ.

Студентты бæрæгбонмæ æрбацыд нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр. Паддзахады сæргълæууæг сын раарфæ кодта Студенты боны цытæн æмæ ахуыры се ‘нтыстыты тыххæй: «Зæрдиагæй уын арфæ кæнын æвзонгдзинад, оптимизм æмæ стыр хъуыддæгтæм æнхъæлмæ кæсыны бæрæгбон – Студенты боны цытæн! Татьянæйы бон у студентон царды æнæфæхицæнгæнгæ хай – алы адæймаджы царды дæр иууыл зæрдылдарæн рæстæг. Растдæр уыцы æвзонг, активон азты фидар цæуынц фидæны бындуртæ, царды активон позици, ист цæуы царды иууыл ахсджиагдæр капитал – зонындзинæдтæ. Зонындзинæдтæ сты царды бындур, уыдонмæ хъæуы тырнын æмæ сæ хъæуы амонын, дæ цуры чи ис, уыдонæн. Ныртæккæ æнæ хорз ахуырад дарддæр цæуæн нæй. Мæнмæ гæсгæ, абоны бон сымах бахъуыды кæндзыстут æмæ уын фæахъаз уыдзæн ног зонындзинæдтæ райсынæн, афтæ ма иннæтæн та суыдзæн бафæзминаг цæвиттон», – загъта Президент.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг æмæ ректормæ лæвæрд æрцыдис æндæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæ. Студенттæ цымыдис кодтой сæ ахуыры процесс æмæ уавæртæм, Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æмгуыстады сæм цавæр хорз хъуыддæгтæ æнхъæлмæ кæсы, уыцы æмæ бирæ æндæр фарстытæ.  Студентты, куыд фидæны специалистты, афтæ цымыдис кодта куыстæй ифтонг кæныны фарст, афтæ ма социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон къабæзтæм хауæг фарстытæ. Æмæ уыдон истой æргом дзуаппытæ æппæт фарстытæн дæр.

«Абоны бон нæ студентон аудиториты ахуыр кæнынц сæдæгай курдиатджын, нысанмæ тырнындзинад кæмæ ис, ахæм æвзонг адæймæгтæ, кæцытæ сом суыдзысты квалификациджын специалисттæ, сæ зонындзинæдтæ лæвар кæндзысты æндæртæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсæнады æмæ нæ паддзахады рæзтмæ хæсдзысты сæ уæзгæ хайбавæрд, – бафиппайдта университеты ректор. Фæсивæды цы дæсныйæдтыл ахуыр кæнынц, уыдон фæстаг азты нæ республикæйы фылдæрæй-фылдæр хъæуынц, æмæ ахуыргæнджытæн сæ куыст кæны ноджы бæрнондæр».

Республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли стыр аргъ скодта ХИПУ-йы студенттæн æмæ ахуыргæнджытæн: ” Фæнды мæ зæгъын, цæмæй уæхи  амондджыныл   нымайат. Уымæн æмæ уын хъысмæт ахæм фадат радта, æмæ уæ æрвылбоны куыстæй архайынц фæсивæдæй æцæг адæймæгтæ, сæ бæстæйы патриоттæ хъомыл кæныныл. Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын. Бирæ азты ма дзæбæхæй, зæрдæрухсæй куыд кусат, ахæм арфæ уын Хуыцау ракæнæд. Бирæ уын бантысæд”.

Мадзалы кæрон ма Тедеты Вадим сæрмагондæй раарфæ кодта журналистикæйы факультеты студенткæ Джиоты Любæйæн, йæ гуырæнбоны фæдыл. Уыимæ ма Бибылты Анатоли Джиоты Любæ æмæ Хъодалаты Марияйæн баххуыс кодта æхцайы фæрæзтæй сæ фыццаг музыкалон альбом рауадзынæн.

«Мæ цæст уарзы Хуссар Ирыстоны æппæт студенттæн ахуыры, зонады, сфæлдыстады æнтыстытæ! Уадз, æмæ хуыздæр уæвынмæ уæ тырнындзинад, хъæддыхдзинад æмæ фæндфидардзинад, кæцытæ фидаргонд сты зонындзинæдтæй, æххуыс кæной уæ æвзыгъддзинæдтæ среализаци кæнынæн», – загъта Тедеты Вадим.

Фембæлд рауадис цымыдисон æмæ студентты зæрдæты ныууагъта хорз тæлмæнтæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.